КЪОЗОНТЫ Махарбег

ИВГЪУЫДЫ ÆНÆРОХ БОНТÆ

Мысинæгтæ

 

Бирæ азты ацы æрмæг æфснайд кæд уыд, уæддæр цыдæр æгъдауæй йæ фыццаг сыф фесæфт. Фæлæ йæ уæддæр афтæмæй дæр джиппы рауадзыны аккагыл банымадтам…

 

Фæцис мангойлæгты ныббырст. Алантæй æгæрон бирæ фæцагътой, сæхицæй дæр тынг бирæ кæй нал баззад, уый абоны онг дæр бæрæг у.

Хæхты, къæдзæхты астæу фæзты æмæ къулаив бынæтты фæзындысты алайнаг-ирон хъæутæ. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæугæ цард куыд амоны, афтæмæй ацы хъæуты æрцардысты хъæбатырдæр ирæттæ. Уыдон та ам дæр нæ фæтарстысты хæхты зынвадат уавæртæй. Раст æй куы зæгъæм, уæд хæсты хъæбатыр царды дæр хъæбатырдæр у. Тæппуд нæу, нæ тæрсы зынвадатæй дæр, мæлынæй тæрсын та йæ хъуыдыйы дæр нæ вæййы. Алы ран дæр æнтыстытæ ахæм адæмæн сæ къухы æфты.

Зæнджиаты фæсивæд манголтимæ хæсты æппæты кæронмæ уыдысты æмæ, хæхтæм куы баирвæзтысты, уæд цыдысты Æрыдоны донвæдыл. Афтæмæй бахæццæ сты дæллаг Мызуры хъæумæ. Уым цæрджытæй йе ‘мыдзаг уыдис. Иуцалдæр хæдзары дзы уыдис се ‘рвадæлтæй дæр.

Ам æрлæууыдысты æмæ хъуыды кæнынц, цы фæуæм, зæгъгæ. Доны былты æрцæрæн кæм ис, уыдон байдзаг сты цæрджытæй, иннæ рæтты куы ‘рцæрæм, уæд нæ дон кæнæ митзæйтæ фæласдзысты. Сæ катайаг уавæрмæ сын се ‘рвадæлтæ куы бакастысты, уæд сæ куыннæ фефсæрмы сты, ома сæ нæ бон суазæг кæнын куыд нæ у, зæгъгæ, фæлæ куыд? Кæм? Кæм ис бынат,фезмæлæн?

Уæд сын Мызураг Зæнджиаты хистæр Садже, зæгъгæ, йæ ном, загъта:

– Æрæджыты бæрзонд хæхты цыдтæн цуаны. Дзæбидыр айнæджы тигъмæ фехстон фатæй, фæлæ нæ рахауд. Цæуын мæ бахъуыд йæ тугвæдыл уыцы къæдзæхты. Цы бон мæ уыд. Хауынæй тарстæн, фæлæ куыд ныууагътаин мæ амæттаг сырды дæр. Уый худинаг у. Æфсатийæ мæнæн лæвæрд у æмæ мæн хъуамæ уа. Тугвæдыл цæугæйæ, бахаудтæн иу æдзæгвæз атагъама. Бынтон фæз нæу, къулаив у, фæлæ дзы хæдзæрттæ аразæн ис. Ис дзы хуымгæнæн дæр иуцасдæр. Акæстытæ йæм кодтон æмæ загътон: «Ам куы ничи æрцæрид, уæд дзы хъæбæрхоры хуымтæ скæниккам нæхицæн. Еу дзы тауиккам, хос кæрдынæн замманай бынат”. Дарддæр цæуын тугвæдыл уæлæмæ, схаудтæн хæхты сæрмæ. Æмæ диссæгтæ федтон: кæмдæриддæр цæрæн бынат скæнæн ис, уым аразынц хъæутæ. Хъæутæ та цæй хъæутæ, аразынц дзы халагъудтæ, рæстæгмæ цæрæнуæттæ. Къухбакæнæн никуы ис. Хуыцау дæсны, кæм æрцардæуа, кæдæм уæ фервитæм.

Ахызтæн фæсхохмæ, уым дæр афтæ. Иу ран мæ амæттаджы баййæфтон йæ уд исгæ. Йæ хурх ын фæцагайдтон, цæмæй тагъддæр амæла, йæ туг æнæуи дæр фæцыд йæ цæфтæй. Мæ фат ын йæ тæнæй стыдтон. Фатдоны йæ нывæрдтон æмæ дзæбидыры мард ме ‘ккоймæ баппæрстон. Куыд цæуын, афтæ куыд нæ фæллайын æмæ та мæ улæфт суадзын æрхауд уыцы бынатмæ. Ам, ацы хъæуы бынаты, нæ хуымзæхх ис, нæ уыгæрдæн зæхх, фосхизæнтæ дæр рæстмæ нæй, уæхæдæг æй уынут. Къæвда рæстæджы дон ивылды нæ фосæн хъæуæй ахизæн нæй. Ацы тæккæ къулы сын тулынæй тас вæййы, доны атагъайы та сын донласынæй тæрсæм. Мæ зæрды æрæфтыд азилын, фенын.

Æрæвæрдтон мæ хæссинаг æмæ хæрзсындæггай зилын, фæлгæсын. Йæ зæхх хорз кæй у, дур дзы стæм кæй у, ууыл гуырысхо кæнæн нæй. Ссардтон дзы суадон дæр. Банызтон дзы, тынг хæрзад хæххон суадон, раст аргъæутты æгасгæнæн доны хуызæн. Ме уæнгтæ дзы срæуæг сты, фесæфта мын мæ фæллад. Суг амалгæнæн дæр дзы ис артагæн. Æввахс у хæдзæрттæ аразынæн хъæд дæр. Æцæг зынвадат у, фæлæ… Нæй дзы куырой саразынæн фаг дон. Æппæты тыхстдæр та у фæндагæй. Фæцагуырдтон, зæгъын, чердыгæй йæм ис, фæлæ ницы ссардтон, никуыцæй йæм ис фæндаг дæр æмæ бацæуæн дæр. Æрмæст хохы сæрты баст у Фæсхохимæ æмæ уым азмæлæнтæ хуыздæр сты.

Ис æм æрмæстдæр цуанонты фæндаг, сырдвæдтæ. Фæндаг скæнын æм кæд уæ бон бауыдзæн, бæх, кæнæ хæрæгвæндаг, уæд дзы цæрæн ис. Куыройæн дæр хос уыдзæн. Галвæндагыл дзырд дæр нæй. Уырдæм дзоныгъвæндаг ничи скæндзæн.

 

Зæнджиаты Сослæнбег, йæ цардæмбал Закиан Вера,
сæ цот Лидæ, Герман; бадынц сæ кæстæр зæнæг, хæсты фæстæ ма сын
чи рантыст, уыдон: Саня, Катя æмæ Маня.

 

Садже дзырд фæцис. Зæнджиаты сагсур фæсивæд кæрæдзимæ бакастысты æмæ загътой:

– Фенæм уыцы цæрæн бынат. Стæй йæ, Садже, кæд дæхицæн æрцахсынвæнд скодтай, уæд мах дæ сæрты куыд ахизæм, ды хистæр дæ æмæ дын дæ фæндты ныхмæ куыд рацæуæм? Афтæ рæсугъд куынæ рауайа адæмы астæу. Куы ныл фæхуда дæ зæрдæ дæр æмæ стæй нæ алыварс цæрæг мыггæгты зæрдæ дæр.

– Садже уæ рынтæ бахæра, æмæ æз кæй хистæр дæн? Сымах мæ кæстæртæ не стут? Уый иуыл мæхи хуым куы уаид, уæддæр æй æз сымахæн снывонд кæнин. Саджемæ зæххытæ уа æмæ йæ мыггаджы кæстæртæ та зæххагур рахау-бахау кæной, уый та куыд?! – Садже йæ цуаны цæуæн дарæс æрбакодта. Йе ‘рдын йе ‘фцæджы бафтыдта, фатдон æд фаттæ æрбабаста йæ астæуыл æмæ бардзырд дæттæгау загъта:

– Цæугæ мæ фæстæ, фенæм уыцы зæхх.

Æмæ фæраст ис цуанонты фæндаджы ‘рдæм. Йæ фæстæ араст сты æрвадæлты дзырддзæугæдæртæ фарастæй.

Цасдæр рæстæджы фæстæ схызтысты уыцы уæлвæзгондмæ, æмæ йæ райдыдтой уырзгай рауын-бауын кæнын. Чи дзы уæрм къахы, ома бынæй сыджыт у æви дурджын, чи зоны, æмæ къæдзæх дæр у.

Хорз разынд. Хохаг саумæр у. Дуртæ дзы ис, фæлæ арæх нæ. Йæ иумæйаг æвæрд дæр сæ зæрдæмæ фæцыд. Æмæ райдыдтой агурын хъæуы бынат суадонмæ æввахс. Кæм уыдзæн хуымгæнд, уыгæрдæн зæххытæ, хизæнуæттæ фосæн. Кæм сын уыд хуыздæр ран, æмæ сæ зæрдæмæ фæцыд се ‘ппæтæн дæр.

Гъе, фæлæ-иу фæндаджы кой исчи куы скодта, уæд-иу сæ зæрдæтæ сæхи къултыл бахостой, ацы къæдзæхты астæу фæндаг чи сараздзæн, зæгъгæ.

Бахастой уымæ дæр сæ ныфс. Хорз æмбæрстой, лæджы бон алцы аразын дæр кæй у, уый. Зын у фæндаг скæнын, фæлæ йæ хъуамæ скæнæм, зæгъгæ, загътой æмæ рараст сты фæстæмæ Мызурмæ.

– Æгæр чысыл стæм, фæндаг аразынæн бирæ тых хъæуы, æмæ ма сема æрбамбал кодтой Хохты.

Сæ сомбоны хъæуы ном схуыдтой Уæллаг Мызур. Райдыдтой фæндаг аразын, сарæзтой дзы бæхвæндаг, стæй та æрæвнæлдтой цæрæнбынæттæ аразынмæ. Арæзтой, чи халагъуд, чи хæдзар, чи скъæт, чи куыд арæхстис, афтæ. Æмæ цæмæй арæхстаиккой хæстон гæвзыкк адæм? Цы ма сæм баззад?

Тыхст æмæ уырыдæй, чи цæмæй арæхст, уымæй йæ цард кодта æмæ арæзта йахицæн цæрæн бынæттæ, уæдæ куыд.

Гуырысхойаг нæу се ‘ппæт лæгдыхæй æмхуызон арæзт кæй нæ уыдысты. Сæ сæйрагдæр аразæн æрмæг уыдис къæдзæхтæй рахаугæ, кæнæ та къæдзæхæй æфтаугæ дур сыджытимæ. Дур æфтауыны куыст кодтой, йæ тæккæ тыхыл чи уыди, ахæм нæлгоймæгтæ. Уымæй зынгуыстдæр ма цы уа, къæдзæхæй цурк æмæ мæцъисæй дуртæ æфтау!

Цы хæдзары бынæттæ скъахтой, уырдæм сæ къахвæндæгтыл æккойæ кæнæ лæггуыффæты хæсс. Тылдтой сæ мæцъистæй. Хæсты фæстæ нæлгоймаджы тых уыйбæрц нал вæййы, сбирæ вæййынц идæдз сылгоймæгтæ æмæ сидзæр сывæллæтты нымæц. Хæстхъом адæм райгуырæн бæстæйы сæрыл хæстмæ афæдис вæййынц æмæ дзы бирæтæ, сæ туджы мæцгæйæ, хæсты быдыры баззайынц. Иннæтæй ма чидæртæ æнæкъах, æнæ къухæй, кæнæ йæ цæфтæй хъæрзгæйæ, йæ хæдзар ссары, фæлæ уыдон дæр хæххон тых куыстыты нал сбæззынц, сæ хъару сæ нал фæхæссы.

Цыбыр дзырдæй, цæрæнбонты, еудодойаг фæвæййынц. Фæфæнды сæ кусын, змæлын, цард аразын, фæлæ сæ къухы нал фефты. Се ‘нæниздзинад сын сæ базыртæ акъуыры. Сæ авналæнтæ нал вæййынц сæ бар.

Афтæ баззадис адæмы æхсæн: «Хæст зæрæдты æвзонггæнæг у». Æмæ уый раст у. Цардаразæг caгсуг фæсивæд хæсты быдыры сæ адæмы сæрыл тохы сæ цард куы ауæлдай кæнынц, мæлæтæй нæ тæрсгæйæ, се знæгты ныхмæ удуæлдайæ куы тох кæнынц, уæд зæрæдтæ та афтæ фæзæгъынц: «Нæ хæстон кæстæрты æрыздæхынмæ нæ цард ам фæцудын ма бауадзæм, фидар фæлæууæм».

Цард сæ йæхæдæг йæхимæ балвасы, басадзы сыл базыртæ. Æрдомы сæ хуыздæр æмæ рæвдздæр сæрфатдзинад. Райдайынц, сæ бон цы у æмæ цы нæу, ахæм куыстытæ кæнын дæр. Нал февзарынц æхсæв, бон. Фæлæ дзы бирæ уый куы фехъусы, йæ уарзон хъæбул хæсты быдыры хъæбатырæй фæмард, нал сыздæхдзæн, нал фендзæн йæ бинонты, йæ уарзон хъæубæстæ æмæ йæ райгуырæн хæхтæ, нал фендзæн йæ зæронд мад æмæ фыды, сæ фæстаг тыхтыл æнауæрдгæйæ цард цудын кæй нæ бауагътой, уыдæттæ, зæгъгæ, уæд зæрдæскъуыд фæвæййынц.

О, куыд зын у уый. Адææмаджы зæрдæйæн уымæй егъаудæр цæф нæ вæййы. Фæлæ цард йæхиуæттæ кæны. Бырсы размæ. Раст цыма нæ уыны, чи тох кæны, чи мæлы, чи фыдæбон кæны, уыдонæн се ‘ппæты дæр, афта.

Хæсты рæстæджы сывæллæттыл дæр базыртæ базайы. Æвæццæгæн, куыстытæгæнæг нал вæййы, æмæ сæм афтæмæй куы фæкæсынц фæцумахъом сывæллæттæ, уæд сæм, тыхст сылгоймæгтæ æмæ зæрæдты фæзмгæйæ, æнæ февналгæ нæ фæвæййынц æмæ чысылгай фæцалх вæййынц цавæрфæнды куыстыл дæр. Куыст сæ йæхиуыл ахуыр кæны, æмæ сæ лæгтæ рауайы. Æвæццæгæн, æмбисондæн дæр уымæн баззад, хæст лæппуйы лæггæнæг у, зæгъгæ. Хæст иуты цъæхæй арæгъæд кæны, рæгъæды та бæласæй хауын на уадзы.

Мангойлаг æрбабырст Зæнджиаты мыггаджы ратæдзæнтыл дæр тынг куыд нæ фæзындаид. Уæллаг Мызуры æрцæрынæн бындуртæ чи æвæрдта, уыцы цыппæрдæс хæдзармæ ма баззад фондз хæствæллад нæлгоймаджы. Зын зæгъæн у, уыдон дæр хæсты быдырæй æнæсахъатæй раирвæзтысты, уый. Æххæст хæстхъом чи нæма уыд, ахæм фæсивæд сæм баззад. Уый та сæ амонд уыд.

Куыст царды бындур у. Куыст нæй – цард дæр нæй. Куыст адæймагæн цы стыр лæвæрттæ кæны, уыдонæй иу у, адæмы кæрæдзиуыл кæй бæтты, уый, кæй сæ сæмуд кæны, иу хъуыдымæ сæ кæй кæны.

Зæнджиаты мыггаджы дæр сæ хъысмæт иннæтау афтæ сæнувыд кодта кæрæдзиуыл. Зæрондæй æвзонгмæ, сылгоймагæй-нæлгоймагæй дысфæлдæхтæй æрæвнæлдтой кусынмæ, кæй бон цы уыд, уый кæнгæйæ нæ ауæрстой сæхиуыл. Не ‘взæрстой æхсæв æмæ бон, афтæмæй Уаллаг Мызурæн хæххон æвадат хъæуы хуыз радтой хæрз цыбыр рæстæгмæ. Фæзындис дзы дæлдæр-уæлдæр дурæй амад сыджытсæр хæдзæрттæ. Раст ма зæрватыччытæ дæр ахæм ахстæттæ скæнынц доны был æлыг сыджыты.

Хъæу фазынд, цæрæнуæттæ ис. Цард сæ нæрсы, къобор кæны.

Адæймагæн йе стыр миниуджытæй иу уый у, æмæ алцæмæ дæр йæ бон сарæхсын у, алцæуыл дæр ацахуыр вæййы. Занджиаты дæр хæхты зын уавæртæ сæхиуыл ацахуыр кодтой: дон хорз, рог сыгъдæг хæххон уæлдæф. Хæрд, нозт дæр сæ куысты фæрцы куыд нæ фæзынд, æмæ бонæй-бон хуыздæр кодта сæ цард.

Азтæ цыдысты, рæстæг ивта, рæстæг та стыр хосгæнæг у. Цыфæнды низ дæр æмæ мæт дæр рæстæджы фæлмы атайы, рæстæг хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг у. Ферох сты Зæнджиатæй дæр сæ фыдæлты хæстытæ æмæ цард саразыныл тохы фыдæбæттæ. Цард хуыздæрæй-хуыздæргæнгæ цыд, мыггаг фылдæрæй фылдæр кодтой. Мæнæ кæй фæзæгъынц, цард сæ йæхæдæг фæсте сырдта, зæгъгæ, уый уыдоныл дæр æрцыдис. Сæхи бабастой, Уæллаг Иры хъæуты цы мыггæгтæ цард, уыдонимæ. Кæм сын мады æфсымæртæ уыд, кæм хæрæфырттæ, кæм каистæ, кæм та хæстæджы хæстæджытæ. Сæ цардхъомдзинад æнæхъæн комбæстыл дæр айхъуыст. Æмæ Уæллаг Иры ком та чысыл нæу.

Фæлæ куыдфæнды хæлар цæрой бинонтæ, цасфæнды кæрæдзи уарзой, уæддæр, фылдæрæй-фылдæргæнгæйæ, æнæ байуаргæ нæй. Незамантæй фæстæмæ хæхты куысты уавæртæ æмæ авналæнтæ, хæхты цард адæмæн кæрæдзи бирæ уарзын кодтой. Кæрæдзиуыл-иу афтæ сахуыр сты æмæ, зæгъгæ, хъæуæй хъæумæ исчи цардивæн кæны, иннæ хъæумæ лидзы, кæнæ бинонтæ сæ зынджы хай хицæн кæнынц, иу хæдзары нал цæуынц, уарынц æмæ-иу уæд кæрæдзиуыл куыдтой, раст-иу цыма сæ хуыздæртæй исчи амард, уыйау. 3æнджиатæ дæр, кæд хæларæй цардысты, уæддæр сæм уæрст уæрсты фæдыл цыдис. Уый царды домæн у. Чи райгуыра, уымæн уæлдай зæхх, уæлдай змæлæнтæ хъæуы, æмæ кæм ис? Айнæг къæдзæхты астæу цы нæууы уаццагыл æрцардысты, уый чердæм аиваздзынæ? Тъангыскъуыд куы фæуай, уæддæр ничердæм! Бахъуыдис сæ ногæй та зæххытæ агурын. Хæхты зæхх ссарын та хъаймæты фыдæбон уыдис. Мæнгæй нæ дзурынц «Гал кæм æрхуыссыдаид, уый галы аргъ уыдис». Гал та сызгъæрин сомы аргъ уыд. Сызгъæрин сом та хæхбæсты уыцы заманы æнцонтæй ма бакусай! Уæдæ цы кæнæм, зæгъгæ, кæм цæрæм? Цæмæй цæрæм, куыд уæм æнæ зæххæй? – Сагъæс кодтой канд Зæнджиатæ нæ, фæлæ ма бирæ æвадат, æнæзæхх хæххон хъæуты цæрджытæ дæр.

Æндæр гæнæн сын куы нал уыд, зæхх ссарыныл тох кæнынæй куы бафæлладысты, уæд сæ тыхтæ сарæзтой быдырмæ рахизæн хохрæбынтæ æмæ комы дымджытæ ‘рцахсынмæ. Фæлæ куыд?

Хæхты бирæ мыггæгтæ ныттуджджынтæ сты зæххы гæппæлты сæрыл, ауæдз фехалыныл. Бирæтæ фæфыстой стыр туджы фиддонтæ. Нал уыд быхсæн ацы хъуыддæгтæн. Адæм змæлын байдыдтой хæххон хъæуты. Æнæ æддæмæ авналгæ нæ уыд. Хъуыдыйы бацыдысты, куыд æгъдауæй бафтдзæнис нæ къухы быдыры зæххытæй, зæгъгæ. Тыххæй исæм! Уæд Кæсæджы уæздæттимæ схæцын хъæуы. Æнæ туг калгæ сын уыдон зæхх нæ ратдзысты, фæлæ уал бафæлварой сема фембæлын, кæд сын аслам аргъыл рауæй кæниккой се ‘нæкæрон быдыртæй. Науæд сæ тугæй æлхæнын бахъæудзæн цæрæн бынæттæ. Кæд нæ, уæддæр, æгадæй мæлыны бæсты, сæ тугæй зæхх ныхсдзысты. Æмæ ма сæ чи аирвæза, уыдон сыл цæрдзысты.

Тыххæй зæхх кæй байсдзысты, уый та зыдтой. Хæххон уариты хуызæн ирон фæсивæд арæзт уыдысты хæцæнгарзæй. Ирон топп, ливop, æхсаргард, хъама алы барæгмæ дæр уыдис. Сæ бæхтæ та – уаддзу, хæххон дугъæттæ. Тынг æууæндыдысты ирон адæмы фыдæлтæ, тохы састы бынаты кæй никуыуал баззайдзысты, ууыл.

Загътой, тыхæй уал нæ, нырма уал зонд æмæ уæзданæй бафæлварæм. Фервитæм æвзаргæ лæгтæ ацы зæххыты хицæуттæм. Рауæй дзы кæнæнт æмбæлгæ аргъыл. Науæд – хæст! Лæвар сæ фесафдзысты…

Уæллаг Мызуры фæсивæд хицæн кодтой сæ рæсугъд бакастæй. Раст Нарты фæсивæдæй ницы ныууагътой фæсте. Хæрзаив уæнгты кондæй, цæсгомæй, харззонд æмæ æд хъару. Гъе, ахæм уыдысты Зæнджиаты фæсивæд дæр.

Арвыстой быдырмæ æртæ равзаргæ барæджы, сæ бакастмæ дæр бахæлæггæнæн кæмæн уыд, ахæмтæ. Фæзылдысты къуырийæ фылдæр. Ахызтысты æрджынарæгæй. Æрфысым кодтой Кæсæджы тæккæ хъæздыгдæр уæздæттæй иумæ. Бамбарын ын кодтой сæ хабар, сæ фæндтæ. Уый зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты, æмæ сæ æнæхъæн къуыри нал уагъта хъæмæ здæхын. Амæй-ай хуыздæр хæринаг, нуазинагæй фынгтæ нæ цух кодтой. Ракæн-бакæн сæ кодта йе ‘нæкæрон зæххытыл. Бар сын лæвæрдта, кæм сæ фæнды, уым равзарынæн зæххытæ. Фæндыдис æй, цæмæй йæм æввахсдæр æрцардаиккой ахæм хæххон цæргæстæ. Фæлвæрдта сын сæ зонд, сæ хъару, сæ арæхст. Æмæ арæхсгæ та цæмæ нæ кодтой: бæхыл хъазынмæ, топпæй æхсынмæ, ливорæй мысан акъуырынмæ, хъаматыл кафынмæ, зарынмæ. Æмæ ацы хъуыддæгты хæххон лæгæн йæ бындурон дæсныдзинæдтæ уыдысты. Æнæ уыдон хæхты цæрæн нæ уыдис. Цыфæнды-иу йæ дзыхæй схауд Умат-Гирейæн, ома уый аразын хъæуы, зæгъгæ, уайтагъд-иу æй æппæты тагъддæр æмæ хуыздæр акодтой Зæнджиаты сæрæнгуырдтæ. Уыдонмæ йæ кæлмæрзæны бынты сусæгæй кæсгæйæ, цы ‘взонг кæсгон чызг нæ хордта йæ былыцъæрттæ, ахæм дзы нæ уыд. Кæм нæ тарстысты, уым-иу сæм æргомæй кæсгæйæ дæр баззадасты. Фæлæ…

 

* * *

Хохæгтæн сæ хистæр уыдис Тотырбег. Фæндзай фондз азы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм. Фæтæнуæхск, ныллæггомау фидæрттæ арæзт нæлгоймаг. Йæ урсхæццæ рихитæ æмæ боцъотæ йын йæ цæсгомæн лæвæрдтой рæсугъд, тыхджын æмæ фидар хæххон нæлгоймаджы хуыз. Йе ‘уæнгтæ – ирон нæлгоймаджы дарæсы, йæ урс цухъхъа æмæ сырх сгæллад куырæты. Йæ бакаст дæр адæймагæн цыдæр ныфс лæвæрдта. Раст цыма Уастырджи уыдис, уыйау-иу æм йæ алыварс адæм сæ цæстытæ ныццавтой, цыма сын ныртæккæ стыр диссæгтæ хоры нæмгуытау разгъалдзæн лæвæрттæн, уыйау. Йæ нуарджын уадултæ цыма фæйнæрдæм рухс тыдтой. Уæлдай рæсугъддзинад ын лæвæрдтой йæ сызгъæриндонытылд хъама æмæ æхсаргард. Йæ сауарæзт роныл чи кæм æмбæлы, уым йæ бынат ахсгæйæ. Дардмæ æрттывтой йæ пылыстæг бæрцытæ. Йæ риуыл зæу-зæу кодтой хæрдгæбыд боцкъотæ, сау арттывдгæнгæйæ. Дардмæ тæмæнтæ калдта йæ цъæх халас уæлдзарм бухархуд.

Тотырбег-иу йæ урс бæхыл куы бабадт, уæд æм фау никæцы лæг ницæмæй æрхастаид, стæй йæм æрхæссæн дæр нæ уыд. Бæхыл бадын æмæ хъазынмæ та афтæ дæсны уыд, æмæ раст цыма саргъыл райгуырд æмæ схъомыл, уый хуызæн. Æвæццæгæн æмæ, барæй æппаргæйæ дæр бæхæй хауын нæ ракуымдтаид. Умат-Гирей дæр æй ирон уæздæттæй уымæн схуыдта. Йæ дзыхыдзырд дæр адæммæ цыдæр хорз кастис. Куы-иу дзырдта, уæд-иу бæстæ цыма ныссабыр, уый хуызæн каст адæймагмæ. Умат-Гирейы астæуккаг ус Халимæт, куыддæр сæм Тотырбег бацыд, афтæ йæ разы йæ зонгуытæ йæ быны уымæн ацавта, фыр уарзтæй йыл бæстæ аталынг, ницыуал ауыдта, фæсургонд. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ, йæ цæстытæ Тотырбеджы ныссадзгæйæ, йæ фæсдзæуинты æнцæйтты сыстад æмæ сын акæнын дæр нал куымдта уыцы хатæнæй. Каст æмæ каст уазæгмæ. Чи зоны, цы хъуыдытæ кæрæдзи æфсæрстой йæ сæрымагъзы. Нал зыдта, кæм ис æмæ цы ми кодта, уый дæр. Бахаудта æнæнхъæлæджы йæ зæрдæйы фæндиæгты уацары. Уый бафиппайгæйæ, Тотырбегæн дæр йæ цæстытæ андæгъдысты рæсугъдты-рæсугъддæр Халимæтыл æмæ уайтагъд фæсырддзаст. Афтæ йæм фæкаст, цыма йæ туг иууылдæр йæ цæсгоммæ слыгъд. Йæ къухтæ йæ хъамайы сæрыл æрæнцадысты, йæ рахиз къах размæ равæрдта æмæ афтæмæй, цыма дурдзавд фæцис, уыйау лæугæйæ баззад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыддаг фысымæй дæр нæ аирвæзт. Ахæм хъуыддагæн бамбæхсæн нæй. Бардзырд радта, æмæ Халимæты тыххæйгæнæгау акодтой.

Умат-Гирей уæзбын Тотырбегмæ раздæхтис æмæ йын афтæ зæгъы:

– Мæ зынаргъ уазæг, уæздан Зæнджиайы-фырт, тагъд макуы кæн, рæсугъдæй алæмæтдæр сылгоймæгтæ дзæвгар ис. Æнæ хай сæ нæ баззайдзынæ! Уæлдайдæр дæ хуызæн хæрзконд лæг. Ссардзыстæм ма дзы ноджыдæр. Дæуæн, ома…

Уазæгмæ афтæ фæкаст, цыма уазæгуаты стыр зылынæй баззад. Ноджы тынгдæр фæсырх йæ цæсгом. Нал зыдта, цы акодтаид, уый. Йæ цæстытæй хатæны къуымты агуырдта Халимæты, фæлæ нал. Йæ размæ æрбауад фысымты кæстæртæй иу, æмраст алæууыд æмæ загъта:

– Уæ бæрзонддзинад, курæм уæ æмæ нæм сбадут… мæнæ ацы фæлмæн къæлæтджыны.

Ацы ныхæстæ Тотырбеджы фервæзын кодтой, раст цыма тарф фынæйæ фехъал, уыйау, æмæ та йæ алфамбылай аракæс-бакæс кодта, фæлæ усыл йæ цæст нал æрхæцыд.

Умат-Гирей йæ усы уыцы изæр арвыста Налцыкмæ. Тотырбег æмæ Халимæты зæрдæтæ хъæдгæмттæй баззадысты. Ахæм хъæдгомæн та ницы хосæй сдзæбæхгæнæн ис, кæрæдзиуыл сымбæлынæй дарддæр. Сæмбæлдысты ма ацы дыууæ уды сæ кæрæдзиуыл æви нæ, уый зын зæгъæн у. Æвæццæгæн, сæмбæлдысты!

Фысым йæхи къæлæтджыны æруагъта, йæ лæггадгæнджытæ йын йæ пæлæз йе уæхсчытæй айстой æмæ йæ фæстæ бардзырдмæ æнхъæлмæ кæсæджы лæуд скодтой. Иннæ къæлæтджыныл арбадт Тотырбег дæр. Йæ дæллаг фарс та – йæ астæуккаг æмбал Дзантемыр. Сæ фæстæ, йæ роны хъамайы фæстæ йæ хистæр æнгуылдз фæцæвгæйæ, раст лæууы Саукуыдз, уазджыты кæстæр.

Дзантемырыл кæд даууиссæдз азмæ хæстæг цыдис, уæддæр йæ цæсгомæй хæрз æвзонг зыны. Йæ фыдджын тъæпæнгонд цæсгомæй тæмæнтæ калынц йæ сау, æппæтуынаг цæстытæ. Рæсугъд ыл бадынц йе схъæл сау рихитæ. Йæ мызыхъхъарæзт уæнгтæ йын цыма барæй æлхъивынц, афтæ рæсугъд сыл фидауы сау цухъхъа æмæ сау куырæт, сауарæзт рон, хъама, æхсаргард æмæ ливор. Цæст йæхимæ здæхта хæстон сауарæзт егъеу хъама æмæ раст къæхты бынмæ цирхъхуыз æхсаргард. Бæрæг уыд, ацы лæг уæигдыхæй йемыдзаг кæй, уый. Æгæрыстæмæй куы æрбадт, уæд фысымты къæлæтджын йæ быны бакъæс-къæс кодта, кæд лæг бынтон бæзæрхыгтæ нæ уыд, уæддæр.

Уый уыдис фæйнæгфарс, мырзхъæд гуырд кæй хуыдтой нæ фыдæлтæ, уыдонæй. Бирæ дзурын нæ уарзта, æмæ йын æмбæлгæ дæр нæ кодта. Йæ уæле хистæртæ, йæ дале – кæстæртæ. Астæуккæгтыл кæддæриддæр хъуыддаг аразын æмбæлы, царды астæуккаг цæджындзтæ уыдон сты. Цард афтæ у: хистæртæ – сæрфат, кæстæртæ – лæггад æмæ астæуккæгтæ та – аразгæ. Ацы царды домæнтæ Дзантемыр хорз зыдта æмæ сæ пайда кодта, куыд æмбæлы, афтæ.

Саукуыдз йæ рæсугъддзинадæй алкæй дæр уацары кодта. Бæpзонд, рæхснæг, фæтæнуæхск, нарæгастæу цыппар æмæ ссæдз аздзыд уарийы хуызæн хæххон лæппу. Йæ тымбыл цæсгомæй хуртæ æмæ мæйтæ худтысты, раст дзы адæймаг айдæнау йæхи фенынмæ хъавыд. Йæ рихитæ фæмил сты. Йæхи нæма дасы. Æвæццæгæн, йæ Нана дæр тынг буц уыдис Саукуыдзы рæсугъд æмæ хæрзконддзинадæй, æмæ йын ахæм рæсугъд уæлæдарæс дæр лыстæг сынкæй уымæн бахуыдта. Фæстæмæ ницæмæй фæхæцыд йæ дасныдзинæдтæй дæр æмæ йæ конд тынты дзæбæхдæртæй дæр. Сау ногъайаг тъæпæнуæхск нымæт, урс тинтычъи цухъхъа æмæ басылыхъ, сгæллад урсбын æрвгъуыз куырæт æмæ сау хæлаф, азиаг цырыхъхъытæ йæ къæхтыл, афтæмæй лæг цæмæ хуыздæр бакастаид. Чысыл æвзист хъама, æрдынгъуыз уæрджытæм æхсаргард, æвзистæй арæзт хæцæнджын ливор, сырхбын цæхæртæ чи калдта, ахæм бæрцытæ хæрдгæ быдæй конд боцкъотимæ, морæгъуыз ставд къæбæлдзыг худ. Адон йе уæнгтыл афтæ рæсугъд фидыдтой, æмæ йыл сæ раст цыма дунейы æппæты дæсныдæр нывгæнæг ныссагъта. Цæмæй йын цæстыйæ хай ма уа, уый тыххæй йын йæ мад сырх хæрдгæ быдæй йæ куырæты æфцæггот æмæ тæртты кæрæттæ бахуыдта. Уæд, дам, цæстыгæнæджы цæсты хай сырх хуызмæ фæвæййы æмæ, дам дзы адæймагæн ницы батых кæны. Афтæ-иу загътой нæ фыдæлтæ.

Йæхи хуызæн рæсугъд уыдис йæ сырх-сырхид хæрззылд æлвæст хæххон дугъон бæх дæр. Йæ сауарæзт саргъы æмбæрзæн дæр уыдис тинтычъийæ уæрст цъæхбын нымæтæй. Ам дæр ирдæй зындис йæ мады дæсны ‘рмдзæф.

Ацы ранымайгæ уæлæдарæс, куыд рабæрæг, афтæмæй иууылдæр, йæ мад Хъуппейоны къухæй конд æмæ хуыд уыдысты. Æппындæр, дам, дзы æлхæнгæ ницы разындаид.

Саукуыдз æдде бакæсгæйæ куыд рæсугъд уыдис, афтæ рæсугъд рауад йæ зонд дæр. Нæ уыд сæрбæрзонд, хиппæлой æмæ къуыдипп. Алкæй дæр уарзта, алцы дæр йæ сæрмæ хаста. Хæххон лæгау алцы аразын дæр зыдта. Царды бындуртæ хорз æмбарын байдыдта, уый зыдтой йæ мыггаджы хистæртæ æмæ йыл ацы стыр хъуыддаджы сæраппонд дард балцмæ дæр куырыхон лæджы бынатмæ уымæн баууæндыдысты.

 

* * *

Фысымæн, æвæццæгæн, нымад уыдис уазджытæн сихор кæд сцæттæ уыдзæн, уый. Иуафоны тызмæггомауæй бакаст йæ хистæр лæггадгæнæгмæ, йе ‘нгуылдзæй йын цыдæр ацамыдта. Уый ауадис æмæ цалдæр минутмæ фынг айдзаг акодтой хæрд æмæ нозтæй. Нозтæй дзы уыдис æрмæстдæр бæгæны æмæ къуымæл. Арахъхъ нуазын уæд стыр худинаг уыдис.

Кæсгон сæ фæсминас æрфарста:

– Цы фарн, цы Хуыцау уæ ‘рхаста мæ зæхмæ.

Тотырбег кæсгон æвзагыл хорз ныхас кодта. Æмæ йын радзырдта, сæ балцы сæр цæуыл у, уый.

Умат-Гирей хъуыдыты аныгъуылд. Фыццаг ахъуыды кодта: «Кæд сæ фæсивæд иуыл афтæ бакастджын æмæ хъаруджын сты, уæд нæ сылгоймæгтæ сæ фæстæ фæлидздзысты æмæ фегад уыдзыстæм». Иннæмæй та ахъуыды кодта: «Нæ ног сыхæгтæ афтæ зондджын æмæ хъаруджын куы уой, уæд нын æнцондæр цæрæн уыдзæн. Сыхаджы хорз Хуыцауы арфæ у.»

Дыккаг хъуыды фæуæлахиз, фыццаг хъуыды дины бар бакæнгæйæ. Æмæ загъта:

– Цыфæнды уа, уæддæр, сымах цас хъæуы, уыйбæрц мæ зæххытæй ауæй кæндзынæн, æрмæст Æрджынарæджы ‘рдæм. Тæтæртуппы сыгъдæг кувæндоны бынтæм. Фæзилæм, фенæм кæм уын адих кæнæм зæххытæ, уый.

Стæй, дам, аргъыл дæр баныхас кæндзыстæм. Æмæ фынгæй сыстадысты. Рахызтысты галуаны кæртмæ. Уыцы рæстæджы сæ ауыдта фысымы чызг Айше æмæ йæхи афарста: «Ацы зæдтæ нæм кæцæй æртахтысты? Чи сты, зæххон адæм, æви уæларвæй æртæхгæ?» Ахæм хъуыдытимæ йæ дæлдæр чызджытимæ рараст йæ галуанæй уазджыты ‘рдæм. Куы сæм бакæстытæ кодта хæстæгмæ, уæд Саукуыдз йæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ йæхи нæ басаста. Нæ раргом кодта йæ зæрдæйы монцтæ. Ацыд иннæтимæ, фæстæрдæм фæкæс-фæкæсгæнгæ, æмæ уый Зæнджиаты кæстæр куыд нæ бамбæрста. Ницы уыйбæрц æм йæ хъус æрдардта, æрмæст чызджыты фæстæ каст, цалынмæ нæ фæаууон сты, уæдмæ.

Æрталынгмæ бирæ нал хъуыд, æмæ уазджытæн тауби загъта, азилæм, зæгъгæ, фенæм дыргъдæттæ, цæхæрадæттæ æмæ не ‘ннæ хъæздыгдзинæдтæ.

Умат-Гирейы фæллой æмæ мулкыл хохæгтæ куыд нæ бадис кодтаиккой. Æнæкæрон зæххытæ, фысвосы дзугтæ, стурвосы рæгъæуттæ, сæдæйæ фылдæр бæхтæ. Уæдæ цы фау æрхæссæн уыдис йæ хæдзæрттæ æмæ иннæ арæзтæдтæм.

Дзантемыр йæхи нал баурæдта æмæ Тотырбеджы фæрсы:

– Ай нæ сайгæ кæны, æви, æцæгæй, ацы фæллæйттæ æмæ зæххытæ æппæт дæр йæхи сты?

Тотырбег ын, о, зæгъгæ, загъта, уæд Дзантемыр афтæ бакодта:

– Æмæ уæд Хуыцауы рæстдзинад та кæм ис? Махмæ цалдæр мыггагæй армы тъæпæны йас зæхх нæ хауы, амæ та иунæгæй, цæст кæуыл не ‘ххæссы, уыйбæрц быдыртæ.

– Цы дын зæгъон, мæ хур, зæххытæ уарæг æз куы уыдаин, уæд дзы нæхицæн куыд нæ фæхай кодтаин. Рæстæг афтæ у, æмæ быхсын хъæуы, мæ кæстæр.

– Ай диссаг у, диссаг! Тых дæм уа, зонд æмæ хъаруйæ æххæст, æмæ æнæкæрон зæххытæй кæм цæрай æмæ кæм кусай, уый дын ма уæд! Байсæм сын сæ зæххытæ æмæ сыл æрцæрæм! Цы хъæуы ацы æнæбон зæронд лæгæй зæхх байсын æмæ йыл æрцæрын?

– Цæй, мæ хур Дзантемыр, паддзахы закъон æмæ йæ хъазахъхъаг хъузæттæ йæ фарс сты, æлхæд ын сты йæ бирæ фæллæйттæй. Схæцын, йæ зæххытæ йын æхсарæй байсын стыр тугкалæн хæст сайы. Уымæй нæ Хуыцау бахизæд, – дзырдта Тотырбег. – Фæлæ, куыд кæсын, афтæмæй нын дзы аслам аргъыл цыма рауæлдай кæндзæн, цас нæ бон балхæнын суа, уыйбæрц. Стæй уæд, ам куы æрцæрæм, уæд мах дæр уæрæх кæндзыстæм нæ зæххытæ, нæ бон куыд цæуа, афтæ!

Умат-Гирей, дзурджыты цæсгæмттæм бакæсгæйæ, бамбæрста, адон цыдæр ахсджиаг хъуыддагыл кæй дзурынц, уый, æмæ Тотырбеджы хынцфарст акодта:

– Уæ зæрдæмæ исты нæ фæцыд, мæ буц уазджытæ, æви уæ истæмæй фæхъыгчындæуыд?

– Нæ, нæ! – фæцырд æм Тотырбег. – Мæ кæстæрты нæма бауырныдта, дæ зæххытæй нын кæй саккаг кæндзынæ аслам аргъыл рауæй кæнын, æмæ мæ уымæн хынцфарст кæнынц!

Умат-Гирей фидарæй загъта:

– Æз иу дзырдæй дыууæ нæ кæнын! Цы схауы мæ дзыхæй, уымæн кæддæриддæр хицау дæн. Мæ цард, мæ цæрæнбоны никæй ма фæсайдтон, ничидæр мæ фæсайдта. Бамбарын кæн дæ кæстæртæн мæ ныхас. Уадз æмæ баууæндæнт, ам кæй цæрдзысты æмæ сын ам стыр бындуртæ кæй уыдзæн, ууыл. Фыдвæтк у иннæты раз, уый йеддæмæ ахæм хорз адæмæн æз лæвар дæр раттин зæхх. Фæлæ мыл иннæ таубитæ уæд хъоды бакæндзысты æмæ мын се ‘хсæн цæрæн нал уыдзæн. Бамбар мæ, мæ зынаргъ Тотырбег. Уынын æй, хорз, хъаруджын сыхæгтæ мын кæй уыдзыстут, уый, æндæра æз зæххытæ никæмæн ма ауæй кодтон. Нæдæр ауæй кæндзынæн. Мæ мыггаг стыр æмæ тыхджын у. Сæхи бахъæудзысты.

Лæппутæ æрцагуырдтой сæ бæхты. Фенæм сæ, азилæм сæм, зæгъгæ. Фысымты лæппутимæ ацыдысты æмæ фæндагыл сæмбæлдысты чызджытыл. Кæрæдзийæн сæрæй салам радтой. Айше æмбисонды рæсугъд уыдис, æмæ йæм Саукуыдз куы фæкомкоммæ, уæд фегуыппæг. Фæцыд йæ зæрдæмæ, фæлæ йын йæ сæры магъз ныццавта иу хъуыды: «Ай æвзаг куынæ зонын, уæд куыд дзурдзыстæм?! Æз уый не ‘мбарын, уый мæн. Уæу, мæнæ цæй мæгуыр дæн! Уый хуызæн зæдимæ мацы адзур…

Цыфæнды фæуæд, фæлæ сæ кæрæдзийæн цæстæнгасæй бамбарын кодтой, кæрæдзи зæрдæмæ кæй фæцыдысты, уый. Æмæ, кæрæдзимæ фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ, фæйнæрдæм сæ фæндæгтыл ацыдысты.

Саукуыдз хорз зыдта, ирон чырыстон лæппуйæн пысылмон кæсгон чызг æмкъайæн æрхæссыны бар кæй ничи ратдзæн, уый. Фæлæ-иу чызджы сау цæстытæ йæ зæрдыл куы ‘рбалæууыдысты, уæд-иу æй æппæт уыдæттæ айрох сты. Загъта-иу йæхицæн: «Нæ ныууадздзынæн, хъуамæ ацы бæстырæсугъд мæ цардмбал бауа, цыфæнды ныхдуртæ мæ размæ куы слæууа, уæддæр!»

Сæрдыгон бон, дам, калак у æмæ æхсæв та – гæппы бæрц. Куыддæр æрталынг, афтæ Умат-Гирей йæ уазджыты æрцагуырдта. Æрбамбырд сæ кодта, рог æхсæвæр сын æрæвæрдтой, стæй сæ арвыста йæ аив уæттæм сæ фæллад суадзынмæ. Йæхæдæг йæ хъал саулохаг бæхыл бабадт æмæ дыууæ æххуырстимæ Налцыччы йæ дыггаг ус Халимæты кæрты бамидæг. Бæхæй æргæпп ласта. Рохтæ йе ‘ххуырсты къухы фæсагъта æмæ уыцыиу згъордæй фæмидæг Халимæты хатæны.

Халимæт бадтис, зæронд нывæфтыдтытæ фæлгæты цы кæсæн уыдис, уый раз, йæ къухмæрзæнæй йæ цæстысыгтæ сæрфгæйæ. Йæ лæджы тынг мæстыхуызæй ауынгæйæ, фæгæпп ласта, йæ дыстæй асæрфтытæ кодта йæ цæсгом æмæ йæм нымдзаст.

Лæг æй афарста:

– Цы ‘рцыдис, цæуыл хъыг кæныс? Цæуыл ныссырх сты дæ цæстытæ? Афтæ арф ныххаудис уыцы хæххон дзигло дæ зæрдæйы? – Æмæ йын exсæй йæ рагъыл æрлæууыд. Уайтагъд æй фауагъта, фæлæ усæн æфсон фæцис: йæ кæуын фергом кодта, слæууыд лæджы раз æмæ хæкъуырццæй кæуы. Куры дзы:

– Фæнæм ма мæ ноджы, цас дæ фæнды, уыйбæрц, фæлæ мæ фæстæмæ Аргуыданмæ алас æмæ нæ абоны уазджытæн балæггад кæнон, æцæг уæздæттæн куыд æмбæлы, афтæ.

Умат-Гирей та йæм ногæй бавзыста ехсæй, фæлæ ус змæлгæ дæр ничердæм фæкодта.

Лæг бамбæрста, æртхъирæнтæй кæй ницы бакæндзæни, уый, æррæвдыдта йæ. Се ‘хсæв, куыд æмбæлы лæг æмæ усæн, афтæ иумæ арвыстой… Райсом раджы тауби куы сыстади, уæд Халимæт дæр фестынмæ хъавыдис, фæлæ йæ уый не суагъта. Ныфс ын бавæрдта цавæрдæр зынаргъ лæвæрттæй.

Умат-Гирей Аргуыданмæ æрбахæццæ, йæ уазджыты ма хуысгæйæ æрбаййæфта, афта. Цалынмæ уазджытæ стадысты, сæхи æхсадтой æмæ аходæн бахордтой, уæдмæ Халимæт дæр æрбахæццæ йæ дæлдæртæй иуимæ.

Æвæстиатæй балæууыд уазджыты раз. Тотырбег æй куы ауыдта, уæд ыл бæстæ цыма ныннæрыд, уыйау фæцис. Йæ цæсгомы хуыз фæцыдис.

Халимæт йæ уæлхъус алæууыд æмæ, йæ лæгмæ бакæсгæйæ, фидарæй загъта:

– Абон ды нæ уазджытимæ кæдæмдæриддæр цæуай, мæнæн дæр уырдæм æнæ цæугæ нæй! Æз дæм цæрынмæ æрцыдтæн, æмæ ды кæм уай, уым хъуамæ уон æз дæр!

Умат-Гирей уазджыты раз йæ усмæ тыхдзырд скæнын йæ сæрмæ не ‘рхаста, æмæ йæ сæр разыйы æнкъуыст бакодта. Йæ зæгъæнтæ йæ бар нæ уыдысты æмæ уыйбæрц та йæ маст йæ хуылфы æлутон бæгæныйау æнхъызт. Ахæм уавæры никуы бахауд æмæ йæм тынг диссаг фæкаст. Йæхимидæг дисы бахауд, йæ усæн цытæ бары, ууыл. Йæ дыккаг ус æм ахæмтæ сфæраздзæн, уый йæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы уыд. Кæд уыдис уый, æмæ пысылмон дингæнæг лæгмæ йæ царды æмбал афтæтæ уæнда!

Тотырбег та лæджы раз йæхи афтæ къæмдзæстыг æнкъардта, раст дзы цыма исты адавта, уыйау.

Сбадтысты бæхтыл. Араст сты Аргуданæй Æрджынарæджы ‘рдæм. Уалынджы сæ астæу фæмидæг Халимæт йæ хъал бæхыл, бадтис ыл рæсугъд æмæ уæндонæй. Уый диссаджы хъыг уыдис лæгæн, Тотырбег та ноджы тынгдæр ныкъкъæмдзæстыг, ныфсæрмы.

Афтæмæй бахæццæ сты Тæтæртуппы мæзджыты размæ.

Ам пысылмæттæ ламаз скодтой, стæй хæрд, нозт æрæвæрдтой æмæ райдыдтой хæрын æмæ ныхас кæнын. Халимæт æй куы бамбæрста, Тотырбегимæ кæй нæ фæхибар уыдзæн, уый, уæд фæстæмæ сæхимæ цæуыныл ныллæууыд. Сбадт йæ бæхыл, базмæлын æй кодта, æмæ, фыр мæстæй хæкъуырццæй кæугæйæ, фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй афардæг.

Зæххагурджытæ цас фылдæр цæуынц æмæ зилынц зæххытыл сæ хицауимæ, уыйбæрц сæ цæст нал æфсæды. Афтæмæй сыл цалдæр боны аивгъуыдта. Равзæрстой Мыртазаты быдырты хъæдмæ æввахсдæр зæххытæй. Бафидыдтой таубиимæ, цæмæй йын алы гектарæн дæр радтаиккой сызгъæрин æхцайæ фондз сомы.

Уазджытæн сæ хъуыддæгтæй сæ зæрдæтæ куы барухс сты, уæд цæуыны къахыл ныллæууыдысты. Раст зæгъгæйæ, сын афон дæр у: æнæхъæн хъæубæстæ сæм æнхъæлмæ касти!

 

* * *

Изæр йа пæлæз райтауыннæ куы хъавыд, хæххон хъæу Уæллаг Мызуры зылдтытæ сæ тæккæ тæмæны куы бацыдысты, ныгуылæны мигътæ дард хуры тынтæй сырх-сырхидæй куы разындысты, раст уæд уæлвæзы былæй схызтысты хъæуы бæлццæттæ, сæ бæхтыл рог хæссинæгтæ, афтæмæй.

Алчи дæр изæры зылдтытæй къубалмæ вæййы, чи фос хъæуы ‘рдæм здахы, чи хъуццытæ дуцы, чи фыстæ, чи сæгътæ, чи артаджы куыст кæны, чи та къæбæр цæттæ кæны йæ кусджыты æрцыдмæ. Кæй æвдæлы уыцы афон: сæрд! Бæлццæтты ничи уыйбæрц æрхъуады кодта, Ныхасы цы зæрæдтæ бадтис, уыдон йеддæмæ.

Тотырбег йæ бæх комкоммæ ныхасмæ сарæзта. Дзантемыр æмæ Саукуыдз дæр йæ фæстæ.

Зæрæдтæ сæ куы ауыдтой, уæд сæ бадæнтæй фестадысты.

Тотырбегитæ Ныхасы цурмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ бæхтæй æргæппытæ кодтой. Саукуыдз, куыд кæстæр, афтæ сæ бæхбæттæныл абаста.

 

Зæнджиаты Сослæнбег. Тракторты бригадæ
уыд Ставд-Дуртæ, Иран æмæ Змейкæйы хъæутæн иумæ.
Уыдонæн разамынд лæвæрдта Сослæнбег.

 

Тотырбег зæрæдты къухтæ райста, æмæ кæрæдзи райдыдтой хабæрттæй фæрсын. Бæлццæтты фæзынд уайтагъд хъæуыл айхъуыст. Чи йæ куыд хъуыста, афтæ Ныхасмæ згъордта, йæ куыст ныууадзгæйæ. Ныхасы адæмæй къух бакæнæн нал уыд. Æнхъæлмæ кæсынц, цы дзуаппимæ сыл сæмбæлдысты сæ минæвæрттæ. Тотырбегæн хистæртæ дзырды бар радтой. Уый адæмæн бамбарын кодта зæхх балхæныны тыххæй Аргуыданы кæй бафидыдтой, уый.

Адæм хъуыддæгтæ лæмбынæг куы бамбæрстой, уæд сын хистæртæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, алчи дæр не ‘взæрст æууæнчы лæгтæм раттæд уыйбæрц æхца, зæхх цас балхæнын у йæ бон.

Ууыл адæм айхæлдысты, æмæ алчи атагъд кодта йæ изæрон куыстытæ æмæ зылдтытæм.

Ныхасæй алы хаттау ныфсджындæрæй ацыдысты хъæздыгдæртæ. Æмæ уый афтæ у. Фæллой æмæ æхца кæмæ ис, быдыры дæр та фылдæр æмæ хуыздæр зæххытæ уыдон балхæндзысты æмæ сæрбæрзондæй куыд нæ цæуой. Алцы дæр зæххæй цæуы æмæ зæххыл рæзы. Фæлæ сæ фылдæр ардыгæй ацыдис сæргуыбырæй. Бирæтæ дзы хъуыдыты бахауд, цæмæй балхæна зæхх, кæцæй æрхæсса сызгъæрин æхцатæ, кæд æмæ къæбæр хæрын тыххæй фæразы, уæд. Кæд æмæ йæ бындуртæ æдæппæт иу сызгъæрин сомы аргъ дæр не сты.

Тотырбег æмæ йе ‘мбæлтты саразгæ хъуыддаг хъæздыджытæ æмæ цардхъомтæн цардаразæны хос уыдис, сæ цардмæ сын ноджы фылдæр хъæздыгдзинад хаста, æвадат, æнæзæхх мæгуыртæн та мæт æмæ ноджы дарддæры мæгуырдзинад бафтыдта. Бирæтæ сæ афтæ дæр хъуыды кодта, ома быдыры зæххытæ чи балхæна, уыдон уырдæм фæлидздзысты цæрынмæ æмæ ам сæ зæххытæ уыдонæн баззайдзысты, фæлæ уыдон уыдысты мæгуыры сæнттæ æмæ фæндтæ. Мæгуырмæ фæндтæ кæм ис, уым хъæздыгмæ фылдæр æмæ фыддæр фæндтæ ис. Чи цæмæй зыдта, хъæздыджытæ сæхи хохæй быдырмæ ныххæлиу кæндзысты, дыууæрдæм цæрдзысты: хох сын фосдарæн уыдзæн, быдыр та – хорæй æфсадæг.

Бонтæ цæуынц, фарн семæ хæссынц, кæмæн амонддæттæг сты, кæй та бонвыддæрмæ кæнынц. Кæмæн цы хъысмæт хæссынц, уымæй сæ æрвитынц. Уæллаг Мызурæн ацы бонтæ хастой ног æмæ ног хабæрттæ. Ам тынг хъæздыг хæдзæрттæ нæ уыд, стæй дзы уæвæн дæр нæ уыд. Зæхх – кадавар æмæ къуындæг. Æнæ зæххæй цæмæй хъуамæ схъæздыг уа лæг, цыфæнды кусаг, цыфæнды сæрфатджын æмæ сæрæн куы уа, уæддæр? Пайдайы зæхх уæды рæстæджы уыдис хъæздыг кæныны суадон. Уыдис дзы цардхъом адæмтæ, æмæ уыдон зæхх æлхæнынæн æхца бахастой хъæуы æвзæрст лæгтæм. Иннæтæй чи, зæхх балхæнынмæ бæлгæйæ, ацыд æххуырсты, чи – Грознайы нефты кусæн æрмадзтæм æхца кусынмæ, чи Мамысоны æфцæгыл фæцыд Гуырдзыстоны ‘рдæм, кæд искуы фæхæст уаид пайдайы куыстыл, зæгъгæ. Зын зæгъæн у, чи куыд фæндараст фæци, уый. Рабæрæг фæстæдæр. Бирæтæ дзы бафæрæзтой фæллой скæнын æмæ зæхх балхæнын.

Саукуыдз куыддæр ацы балцæй æрбаздæхт, афтæ йæм цалдæр боны фæстæ йæ фыд Хъанымæт фæдзырдта æмæ йын бындуронæй бамбарын кодта, мæйы бонмæ йын ус æрхæссын кæй сфæнд кодта, æмæ йæ фæндыл дыууæ зæгъæн кæй нал ис.

Кæй бон уыдис уыцы рæстæджы йæ фыды ныхасмæ фæстæмæ дзырд сæппарын? Чи уæндыдис ахæмтæ, далæ уый дæр йæ сæр разыйы уагъд æркодта æфсæрмхуызæй.

Чындзæхсæв скæнынмæ алцæмæй дæр цæттæ уыдысты. Уыдис сæм, аккаг ирæд цæмæй бафыстаиккой, уый дæр. Сæрæн, цардхъом, сæрфатджын хæдзарвæндаг уыдысты. Æппæт Уæллаг Иры кæмтты цæрджытæ дæр сæ зыдтой, куыд хъæздыг, дзырддзæугæ кусаг, æхсарджын æмæ кæрдзындæттон адæм. Бакастæй дæр сæм ницы фау æрхастаис.

Саукуыдз нæ зыдта, кæй йын æрхæсдзысты, кæмæ фервитдзысты минæвæрттæ. Кæй равзардзæн йæ фыд йæ мыггаджы хистæртимæ хæстæгæн. Йæ зæрдæ дардта, йæ фыд ын Ирыстоны рæсугъддæр чызджытæй иу кæй æрхæсдзæнис æмкъайæн, ууыл. Йæхи та йын чи фарста!.. Искæй уарзы, искæй чызг йæ зæрдæмæ цæуы, уымæй. Кæмæ хаудта ахæм бартæ уæд хистæрты раз.

Мæйы бонмæ чындзæхсæв скодтой Зæнджиатæ. Саукуыдзæн æмкъайæн æрхастой Дзæрæхохты уæздан æмæ рæсугъд Азауханы.

Саукуыдз æй куы федта, уæд дисы бафтыдис: цæмæй йæ зыдта йæ фыд, Азаухан йæ зæрдæмæ фæцæудзæни, уый?! Ай ма Айшетæй дæр рæсугъддæр æмæ хæрзконддæр куы у! Йæ зæрдæ фыр уарзтæй йæхи къултыл ныххоста, йæ хид йæ къæхты бынæй акалд. Дисы бафтыдис, кæцæй æртахтис ацы зæд йæ хатæнмæ, зæгъгæ.

Сфæнд кодта дуар фегом кæна æмæ ныхъхъæр кæна: «Иу чындзæхсæв ма скæнут, мæ мыггаг, скувут ма ноджыдæр дунескæнæг Хуыцаумæ, цæмæй мæ амонд мæ къухты баззайа, макуыдæмуал мын аирвæза!» Фæлæ уый æхгæд разынд æдде, нæ бакуымдта байгом кæнын, æмæ уæдмæ йæ тæвд фæныллæгдæр. Фембæрста йæ рæдыд.

Уыцы рæстæджы Азаухан дæр йæ сæрыл схæцыд. Чи зоны, уымæн дæр йæ хъуыды æрцыдис, – алæ-ма бакæсон, кæмæ мæ саккаг кодтой мæ уарзон мад æмæ фыд, чи у, цы хуызæн у?

Сæ цæстытæ фембæлдысты кæрæдзиуыл. Чызджы зæрдæмæ дæр куыд нæ фæцыдаид номдзыд усгур Зæнджиаты Саукуыдз! Кæрæдзимæ мидбылты бахудтысты, æмæ ууыл ирон цырæгъты рухс уыцы уаты ахуыссыд.

Саукуыдз æмæ Азаухан ма кæртæй айхъуыстой кæйдæрты сонт хъæртæ, стæй сæ дыууæйы удтæ дæр сындæггай стахтысты æмæ ленк кодтой цавæрдæр æнахуыр диссаджы урс нымæтын уылæнтыл. Се ‘муд куы ‘рцыдысты, уæд сæ иу иннæйы ауыдта йæ хъæбысы æмæ фефсæрмы сты…

Фæцис сæрд. Алчи йæ зымæг арвыста æдыхстæй. Ралæууыд рагуалдзæг. Иу замманай хурбон фидиуæг азылдис хъæуыл æмæ фехъусын кодта: «Зæхх æлхæныны тыххæй ма ‘хца дæттинаг чи у, уыдон сæ тæккæ абон радтæнт Зæнджиаты Тотырбег, Хохты Дзантемыр æмæ Зæнджиаты Саукуыдзмæ.

Уыцы бон изæрмæ алчидæр батагъд кодта æмæ, кæмæн цас йæ бон уыдис зæхх æлхæнын, уыйбæрц æхца радта се ‘взæрст лæгтæм.

Хуыцаубоны райсомæй хъæубæсты нæлгоймæгтæ æрбамбырд сты Ныхасмæ æмæ афæндараст кодтой быдырмæ, зæхх исынмæ кæй арвыстой, уыдоны хæдзарæн лæгæй, фæндаггæгтæ. Афтæ хъуыдис, уымæн æмæ алчи хъуамæ райстаид, цы зæхх балхæдта, уый йын сарæзтаид ауæдзтæ.

Ам, Уæллаг Мызуры æрвыст адæммæ, сæ хистæрты фæндæй разынд стыр лæгдзинад æмæ уæздандзинад. Æнæхъæн хъæуы æхсæз хæдзарæй зæхх балхæнынæн æхца нæ радтой. Сæ бон нæ бацис. Бирæ фæхъуыды кодтой хистæртæ, куыд уыдзысты адон нæ астæу æнæ зæххæй, цæмæй цæрдзысты? Æмæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: рахицæн сын кæнæнт фæйнæ дæсæтины, иннæ зæхх уæрст æрцæуæд, æхца чи цал дæсæтины аргъ радта, уымæ гæсгæ.

Араст сты бæлццæттæ, чи саргъы бæхыл, чи бæхуæрдоны, чидæртæ фистæгæй дæр, Тотырбег, Дзантемыр æмæ Саукуыдз сæ разæй, афтæмæй. Æрæнцадысты, Мыртазаты зæххыл сын тауби ныфс кæм æвæрдта, уым. Æрæфы доны былмæ æввахс фæзы. Саукуыдзы иу кæстæр æмбалимæ арвыстой Аргуыданмæ.

Умат-Гирей сæм æрбацыд стыр хуынимæ. Загъта йæ фæндæттæ йæ ног сыхæгтæн. Бамбарын сын кодта, йæ зæрдæмæ тынг кæй фæцыдысты, уый. Загъта, йæ зæрдæ кæй дардзæн ацы диссаджы хорз адæмыл. Цыфæнды тыхсты куы бахауа, уæддæр йæ фарсмæ кæй æрбалæудзысты Уæллаг Мызуры фæсивæд æмæ йæ кæй бахъахъхъæндзысты цыфæнды зындзинадæй дæр. Дзырд сын радта, кæй сæм никуы æруадздзæн фыдбылыз æмæ зындзинад, ацы зæххыл цалынмæ йæ бон уа, йæ цæст æрттива ацы диссаджы зæххыл. Бафæдзæхста сын, цыфæнды зын сын куы уа, уæддæр уæндонæй, æдыхстæй йæ уымæн хъусын кæнæнт.

Тотырбег ацы ныхæстæ адæмæн куы бамбарын кодта, уæд ын уыдон бахæс кодтой:

– Не ‘ппæты номæй ацы диссаджы хорз зæрдæйы хицау кæсгонæн дзырд ратт, мах ын кæй уыдзыстæм аккаг сыхæгтæ, йæ разы кæй на фесафдзыстæм нæ ирон уæздан æмæ зынаргъ æууæнк. Ард хæрæм йæ разы, нæ фыдæлтау кæй никуы фæсайдзыстæм нæ ныхас, стыр æхсызгон нын у, ахæм зынаргъ лæгæй зæхх кæй балхæдтам æмæ йæхæдæг дæр нæ сыхагæй кæй баззад, уый.

Ацы ныхæстæ йын Тотырбег куы ратæлмац кодта, уæд Умат-Гирей йæхицæй ныббуц. Цæуыны къахыл куы ныллæууыд уыцы æппæт сызгъæрин æхцаимæ, уæд ын Тотырбег йемæ арвыста Саукуыдз æмæ ма йæ дыууæ æмбалы, цæмæй йæ йæ хæдзармæ æдасæй ныххæццæ кæной.

Чи йæ афæндараст кодта, уыдон ногæй хуынимæ ‘рбаздæхтысты… Æртæ фыры кусартæн, хæрд æмæ нозт бæхуæрдоны тæккæ дзаг.

Ног хъæу æвæрд æрцыд Æрæфы доны былмæ æввахс, йæ хурыскæсæн хайыл æмæ йыл ном сæвæрдтой Ставд-Дуртæ.

 

* * *

Рагуалдзæджы æвæджиауы хъарм æмæ ирд райсом скодта. Райсомæй, æхсæв бонæй куы хицæн кодта, уæд бæлццæттæ сыстадысты сæ бæлццоны хуыссæнтæй, сæхи æхсынмæ æмбырд кодтой Æрæфы доны былмæ. Се ‘ппæтæн дæр ардæм цæй æнæ ‘рцæугæ уыдис, æмæ сæхи куы ныхсадтой, уæд æмхъæлæсæй бафæнд кодтой сæ зæхх ныддихтæ кæнын. Рахастой ахæм фæндон: «Хъæуæн йæ тæккæ астæу уæнт ацы стыр дурты цæнд – Ныхас. Ардыгæй фæйнæрдæм ацæуæнт æмраст уынгтæ, сæ дыгай фæрсты дæр цæрджытæ куыд уа, афтæ.

Ирыстоны иуæй-иу хъæуты уæдмæ фæзындис райдиан скъолатæ. Æмæ ацы хъуыддаг Ставд-Дурты хъæуы бындурæвæрджытæй нæ ферох.

Уæллаг Мызуры та æрæмбырд сты сæ номдзыд Ныхасмæ æмæ бауннаффæ кодтой, Ставд-Дурты цы уыдзæн дарддæр, уый тыххæй. Бадзырдтой, кæмæн куыд йæ бон у, афтæ аразæнт хæдзæрттæ, саратæ, мæнгагъуыстытæ, скъæттæ, куырой. Æмæ сын афтæмæй райдыдта дыууæрдæм царды заман.

Саукуыдзæн уыцы сæрды райдайæны райгуырдис лæппу. Ном ыл сæвæрдтой Дзæрæхмæт. Афтæмæй азтæ адаргъ сты, цæуынц, иу иннæйы ивгæ, фæстæмæ нæ фæкæсгæ æмæ æнæздæхгæйæ. Дзæрæхæн ма райгуырдис дыууæ ‘фсымæры æмæ дыууæ хойы. Рæзыдысты. Цард размæ йæ цыд кодта. Уæдмæ фæас и Саукуыдз. Бахызти йе ‘цæг лæджы кармæ. Уыдис адæмы æхсæн дзырддзæугæ, зондджын лæгыл нымад. Йæ арæхст æмæ йын йæ кадмæ бирæ тæхудыгæнджытæ уыдис. Æппынæдзух дæр цыдис сау сираг бæхыл, дзаума æмæ хæцæнгарзæй ифтонг арæзтæй. Агуырд лæгæн бирæ зонгæтæ уыдис хæхты, хохрæбын хъæуты.

Саукуыдзы царды ницы уыйбæрц зынгæ ивддзинæдтæ цыдис. Царды цалх размæ тылдис цадæггай, рæзыдысты йæ сывæллæттæ. Сæ бон куыд цыдис, афтæ сæ хъомыл кодтой йæ цардæмбал Азауханимæ. Дзæрæхмæт усгур лæппу ссис. Адæм æй æмдзыхæй хуыдтой йæ фыды халдих. Никуы дзы ницы ныууагъта фæсфæд. Иу ран æрбадæн ын нæ уыд. Йæ фыды бæсты дæр æмæ йæхи бæсты дæр цы куыст нæ кодта, ахæм ын нæ уыд. Арæзта дзоныгътæ, галты æфсондзтæ, тæбынгтæ, тæмæхсæнтæ, дзывыртæ, быдта цæгатбæстæ, мæхъитæ, бæндæнтæ æмæ афтæ дарддæр. Ирон хæххон хадзары цынæ хъуыд, æмæ иууылдæр цыдысты лæгæн йæхи къухæй. Æлхæнгæ ницы кодта хæххон лæг, цæхх йеддæмæ. Цард æй йæхæдæг ахуыр кодта æппæт зоныныл дæр. Æмæ, йæ сæрæн чи уыд, уый алцы дæр зыдта, курæг ацæуын йæ сæрмæ нæ хаста, стæй йæ уый сæр дæр нæ хъуыд.

Дзæрæхмæтæн ус æрхастой Дæллаг Ирæй Быгъуылты чызджы. Цардысты æнгом хæххон бинонты цардæй. Баззадысты цæргæйæ Уæллаг Мызуры, Мыртазаты быдыры сын Ставд-Дурты цы зæххытæ уыд, уым сын арæзт æрцыд чысыл саратæ. Хохæй зæххытæ кусынмæ цыдысты уырдæм æмæ-иу сын æрæгвæззæг сæ тыллæг æрбаластой Мызурмæ. Бирæхатт-иу сæ фос уым дæр дардтой зымæг.

Быгъуылонæн дæсæм мæймæ чызг райгуырд. Схуыдта йæ Дункæ, фæсномыгæй та йæ Дзыгъуы хуыдтой, йæ цæсгомыл ранæй рæтты чысыл дзыгъуыртæ кæй уыд, уый адыл. Рауадис дзы диссаджы сæрæн чызг.

Уыцы аз фыдаз скодта æгас хохбæсты. Хуымгæнæнæй фæстæмæ суанг фæззæджы райдианмæ къæвдайы æртах никуы æрхауд. Бæстæ сбур-бурид. Кæрдæгæн йе ‘цæг хуыз адæймаджы цæстæй рох дæр фæци. Фос хизынмæ фескъæрдтой фæсхохмæ, чи та – Кæсæджы кæнæ Балхъары зæххытæм. Кæмæн куыд гæнæн уыдис, афтæ амæлттæ кодта. Хос кæрдын дæр сæ бахъуыдис дард кæмдæрты æмæ сæ фос уырдæм фæтардтой зымæгиуат кæнынмæ.

Уæллаг Мызуры аирвæзын кодта Ставд Дурты зæхх. Уым æркарстой хос. Цы сын нæ фаг кодта, уый æрбацамал кодтой Умат-Гирейы зæххытæй. Ам фæззæджы сарæзтой хъомдæттæ, уæтæртæ æмæ сæ фос зымæджы дардтой уым.

Рагуалдзæджы хæхты стырдæр куыстытæй иу у хъæбæрхор æмæ картофы мыггаг бацæттæ кæнын, фæлæ уыцы аз цы бацæттæ кодтаиккой, кæд æмæ æппæт тыллæг дæр хæрзсæфт фæцис, уæд. Иу хоры нæмыг дæр, иунæг картофы гага дæр йæ хæдзармæ ничи æрбахаста фæззæджы. Зæронд хор-иу бирæтæм уыд, фæлæ уый байтауыныл æууæндæн нæй, кæнæ æрзайдзæн, кæнæ нæ.

Саукуыдзмæ дæр уыдис æвæрд хъæбæрхор, фæлæ йæ тауыныл дызæрдыг кодта. Сфæнд кодта кæсæджы хæхты бабæрæг кæнын æмæ дзы картоф æмæ хъуыдалыйы тауинаг самал кæнын. Хорз зыдта тауинаг баивынæн дæр стыр нысан кæй ис.

Иубон Дзæрæхмæтмæ фæдзырдта, сифтындзын ын кодта йæ саргъы бæх, йæ фæндаггаджы хордзентæ саргъы гоппыл бабаста æмæ араст дард балцы. Йæ бирæ хæлæрттæм уайтагъддæр ссардта, цас æй хъуыд, уыйбæрц хор æмæ картоф. Бафснайдта сæ йæ хъонагъмæ æмæ кæсæгæй фæстæмæ рараст йæ хæдзармæ.

Хорз æй суазæг кодта. Уæдмæ кæсгон æвзагыл дзурын дæр сахуыр.

Райсомæй раджы рараст æмæ Ставд-Дурты æрбалæууыд. Уым бабæрæг кодта йæ фосы уавæр. Дзæрæхмæт уым фосимæ зымæгиуат кодта æмæ йын хабæрттæ кодта. Азылд йæ сыхæгты фосдæттыл дæр, йæ зæрдæ сæ барухс. Хорз æй суазæг кодтой, æмæ, кæд уарынхуыз уыдис, уæддæр йæ фæндаг хохмæ адарддæр кæныныл ныллæууыд. Йæ сираг бæхыл бабадт. Йæ фæрстæ йын балхъывта, ехсæй йæ æрцагайдта, æмæ бæх сиргæ йæ фæндагыл йæ cæp радта Æрджынарæджы ‘рдæм.

Изæрмилты Æрыдоны хъазахъхъаг станицæмæ æрбахæццæ æмæ йын дзы кæд зонгæтæ уыдис, уæддæр ам æрæхсæвиуат кæныны хъуыды йæ фæсонæрхæджы дæр не ‘рцыдис. Уыны, къæвда йæ ныхмæ рабырсы хæхты ‘рдыгæй, фæлæ йæ хъуыды дæр нæ кæны. Цыдæр тых йæ сæры бацыд æмæ йæм æндæр хъуыды æввахс нæ уадзы: хохмæ, Уæллаг Мызурмæ, фæхæццæйы йеддæмæ.

Схызтис Чырыстонхъæуы фæрсты, бамидæг къæвдайы хъæбысы. Къæвда цыдис хохы ‘рдыгæй дымгæимæ. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хойынц. Саукуыдз йæ андиаг хъуынджын нымæт йæ уæлæ æрбакодта, йæхи дзы æрбатыхта æмæ йе скъæрд дарддæр кæны.

Салыгæрдæнмæ хæстæг Цыраудоны был уæд ног цæрджытæ фæзынд. Уырдæм куы бахæцца, уæд къæвда фенцад, фæлæ афтæ мæйдар у, æмæ цæсты къух куы фæтыссай, уæддæр æй нæ фендзынæ.

Цæуы, скъæры йæ бæхы, фæлæ ма йæ раст Цырауы доныл рахизынмæ æртæ-цыппар къахдзæфы куы хъуыд, уæд бæх дзыхълæуд ныккодта, хуыррытт кæны йæ фындзæй, размæ къахдзæф дæр нал комы. Саукуыдз æй ехсæй æркъæрцц кодта, фæлæ уæддæр ницы. Бæх йæ бынатæй не змæлы. Ныззылди йæ мидбынат, йæ фæстæгтыл слæууыд. Саукуыдз нæ ахауд бахæй. Æрбалвæста тынгдæр уидоны рохтæ æмæ бæхы тæнтæ. Бæхæн та ехсæй къæрцц, фæлæ уæддæр размæ нæ цæуы. Йæ раззаг къæхтæй зæхх æрриуыгъта æмæ ныууасыд ахъаззаг. Фæстæмæ йæ фездæхта, æвзиды бæхмæ ехсæй, фæлæ фæстæмæ дæр нал цæуы. Уæддæр æхсарджын, уæндон лæг нæ фæтарст, фæлæ йæ сæрыхъуын арц абадтис æмæ, цыма йæ худ йæ сæрæй сцæйтахтис, уыйау æм фæлæбурдта рахиз къухæй. Лæг дисы бацыд. Бирæ фæцыдис дард фæндæгтыл мæйдар æхсæвты дæр, фæлæ ахæм диссаг никуыма федта. Бæx иуырдæм дæр нал комы æмæ иннæрдæм дæр. Æндæр рæтты ацæуын дæр нал æфты йæ къухы. Йæхимидæг хъуыды кæны: «Ай мæ худинаджы хъæр куы айхъуысдзæн, куы фæтæрсон уæд!» Æмæ хъуыдыты аныгъуылд, цæмæй тæрсдзæн бæх афтæ тынг. Уыцы рæстæджы йæ хъустыл ауад сывæллоны кæуыны хуызæн, æмæ уæд бæх бынтондæр сæрра. Зилы йæ мидбынаты, ныууасы, фæлæ уырдыгæй æддæмæ нæ комы. Æрхизон, зæгъгæ, загъта Саукуыдз, кæд мæ фæдыл исчердæм акомид бæх, æмæ зæхмæ æргæпп ласта.

Ласы йæ бæхы рохтæй фæстæрдæм, рахизырдæм, иннæрдæм, фæлæ цы? Йæ къæхтæ ныццæвы, æндæр ницы. Æрмæстдæр йæ бынаты зилын комы, æддæмæ акъахдзæф кæнын нал æфты бæхæн дæр. Йæ хæцæнгæрзтæ йæ хъуыдыйы æрбалæууыдысты. Ливор фелвæста йæ хуымпъырæй, хæрдмæ йæ фæдардта, фелхъывта мæнгвæдæг, дыккаг алхъывд! Гæрах! Æмæ бæх, йæ хъæлæсыдзаг ныууасгæйæ, йæ фæстаг къæхтыл слæууыд æмæ уыцыиу гæппæй размæ ныццавта.

Лæг саргъæй нæ ахауд, цыдæр тых æй нылхъывта. Бамбæрста, йæ сурхид кæй акалд, æмæ йæ худ йæ сæрыл нал ис, уый. Бæx тæхы. Саукуыдз саргъыл æрбæстон. Ливор йæ къухы, афтæмæй дыууæ къухæй уидоны рохтæ æрбамбырд кодта, йæхи дзæбæх æрæмбæрста æмæ архайы тарст бæх бауромыныл. Фæлæ уый афтæ æнцон кæм у. Иуцасдæр æй ауагъта йæхи бар, афæллайа, зæгъгæ. Фæндагæй аздахын æй нæ уадзы, искуы æрхы куы ныххауой, уæд сæфынц бæхæй, лæгæй.

Бæхæн йæ фынк кæлы, бахæццæ иу фæзгондмæ, йæ гæпп дугъ фæуæззау, фæлæ уромын нæма комы. Саукуыдз йæ нымæты хъуырбос феуæгъд кодта, феппæрста йæ, бæхы дугъ сабырдæр кæны, æмæ агæпп кодта згъоргæ-згъорын, уидоны рохтæ не суагъта, афтæмæй.

Æрурæдта бæхы, фæлæ æнцад лæууæн бæхæн дæр нæй æмæ йæхицæн дæр, исчи сæ фæхуыдуг уыдзæн æмæ бæхы уыцы фæзы дыууæрдæм ралас-балас кæны. Уымæн йæ фынк кæлы æмæ тæдзы, йæхицæн лæгæн та йæ сурхид.

Сабыргай йæ зонд йæхимæ цæуын райдыдта, æмæ йæхи фæрсы: «Цæмæй фæтарстаид мæ бæх, цæмæй фæтарстæн мæхæдæг дæр? Уый цы уыдзæн, æз цæмæй фæтарстæн? Нырмæ цæмæй нæ фæтарстæн, уый зæхмæ ныр кæцæй æрхауд? Хæйрæджытæ мæ сайой æмæ хæйрæг кæм ис? Ахæмтыл æз не ‘ууæндын. Лæгæн йæхицæй хæйрæгдæр æмæ хъаруджындæр ницы æмæ ничи ис. Цæуон æмæ йæ базонон, цавæр тыхты аххосæй фæцæйкодтон худинаг æмæ æгады сæфт. Цæмæй афтæ старстыстæм бæхæй, лæгæй!» Æмæ араст фæстæмæ, йæ бæх йæ фæдыл аласта, афтæмæй. Систа зæххæй йæ нымæт æмæ цæуы хъæуы ‘рдæм доны æрбахизæнмæ.

Куыддæр æрбаввахс уыцы бынатмæ, афтæ та бæхх ныххуыррытт кодта æмæ та слæууыд. Тыххæй йæ фæндагæй ахизын кодта æмæ йæ уым иу къаннæг бæласыл йæ уидоны рохтæй фидар бабаста.

Саукуыдзæн та ногæй йæ хид акалдис. Фæлæ загъта: «Мæлæты тасæй дæр ардыгæй нæ аздæхдзынæн, цалынмæ базонон, ай цы хабар у, уый, уæдмæ!»

Рахызт фæндагмæ æмæ цæуы уыцы æнамонд бынатмæ. Йæ хъама сласта. Кæд дзы хæйрæджытæ кæнæ æндæр исты фыдбылызтæ уа, уæд уыдон цыргъагæй тынг тæрсынц æмæ фесæфдзысты йæ разæй, – афтæ хъуыста фыдæлтæй. Æмæ тыхст лæг цы нæ кæны, цæуыл не ууæнды. Кæд æндæр исты у, уæддæр æй хъамайæ скæрдæнтæ кæндзæн.

Цæуы æмæ ницы уыны, фæлæ йын цыма цыдæр æлхъивы йæ сæры магъз дæр, æмæ йе уæнгты дæр, йæхи бар цыма бынтон нал сты.

 

Лæууынц: Сослæнбеджы цардæмбал Вера, Аладжыхъоты Катя;
астæуæй бады Сосланбег, йæ фарсмæ лæууынц
йæ чызджытæ Маня æмæ Саня.

 

Бахæццæ чысыл донмæ, æдзынæг кæсы йæ къæхты бынмæ, йæ алыварсмæ. Хъама йæ къухы, афтæмæй рæвдзæй лæууы. Донæн иннæ фарс уырæй йæм фехъуыст сывæллоны утæхсæн уынæр. Йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта æмæ искæмæ сдзурæгау хъæрæй дзуры: «О Хуыцау, мацы мын кæн, кæд ма исты æмбарын, уæд уый сывæллоны утæхсæн у, фæлæ йæ ацафон ардæм цы ‘рхаста?!».

Цæуы уыцырдæм фидар къахдзæфтæй, уынгæ ницыма кæны, афтæмæй. Хъама уыцы саудалынджы йæ армы разма хæссы. Алы къахдзæфæн дæр йæ къæхтæй йæ алыварс асгары, исты дзы ис, зæгъгæ, æви нæ, уый базоныны тыххæй. Æмæ та йæ уæд æрæвæры æмæ иннæ айсы.

Уалынмæ йæ къах цыдæр фæлмæн тыхтоныл андзæвыд. Ноджы йæ тынгдæр æрæууæрдæгау кодта уыцы къахæй, стæй иннæмæй дæр, æмæ уæд, сывæллоны ма цы тых уыд, уымæй ныккуыдта. Саукуыдзæн йæ зæрдæ афтæ тыхджын сгуыпп-гуыпп кодта, æмæ йæм йæ цавд райхъуыст.

Цы базонын ма йын хъуыд, сывæллон тыхт кæй ис цыдæр дзаумæтты, уый. Бауадзыгмæ йæ бирæ нал хъуыдис, фæлæ йæ нал æмбæрста, сывæллоны тæригъæдæй уыдис, æви, фыдбылызæй кæй аирвæзт, уый цинæй. Æмæ, чи зоны, уыцы тыхст сахаты фæстæ йæ зæрдæ исты кæны.

Бæх æй уыцы саудалынджы йæ бон уыд æмæ ныппырх кодтаид, кæнæ искуыцæй ахаудтаиккой.

Йæхи сывæллоны кæуынмæ æрæмбæрста уайтагъд, æмæ йæ зоныгыл æрлæууыд йæ фарсмæ. Армæй йæ æрысгæрстытæ кодта æмæ йæ æххæстæй бауырныдта, тыхтоны сывæллон кæй ис, уый.

А-а! Сывæллон у! Кæуы, утæхсæн кæны. Кæуын дæр йæ бон нал у. Сдзырдта йæм, сывæллон базмæлыд. Æвæццæгæн, йæхи аивазынмæ хъавыд. Фæлæ цы йæ бон уыд! «Ай кæм бахаудтæн! – загъта йæхицæн Саукуыдз æмæ хъуыдытыл фæцис. Уайтагъддæр йæ зæрдыл æрлæууыдис, фыдæлтæй сывæллон ссарæгыл цы æмбисæндтæ æмæ ныхæстæ баззадис, уыдон. Афтæ дзырдтой: «Сывæллон чи ссары, ууыл кæнæ цард ныйичъи вæййы, кæнæ та æнамонддзинæдтæ ‘рхæссы хæдзармæ».

Зæнджиайы-фырт фæсагъæссаг, цы бакæна, ууыл. Иу хъуыддагыл дызæрдыг нæ кæны, ома сывæллонæн ам ныууадзæн нал ис, фæлæ йæ сæхимæ ахæссыныл та стыр дызæрдыг кæны. Йæхиуыл дзуæрттæ бафтауы цалдæр хатты æмæ та скувы: «Хуыцау! Æнамонддзинад йемæ ма ‘рхæссæд! Амонд йемæ уæд!

Къæвда банцади. Йæ худ ссардта, ныккодта йæ; йæ нымæт чысыл фалдæр кауы михтыл æрцауыгъта; бæх уым ныууагъта бастæй, сывæллоны систа æмæ йæ хæдзæртты ‘рдæм фæхæссы. Кæройнаг хæдзары дуар бахоста. Мидæгæй рухс ссыгътой, фæлæ ракæсæг нæй.

Стæй фæзынд бæрзонд, ас, мæллæггомау лæг. Йе уæхсчы уæлæты зыны сылгоймаджы сæр.

– Де ‘хсæв хорз! – загъта Саукуыдз.

– Æгас нæм цу, – дзуапп ын радта уый дæр. – Хуыцау дæ хорз æмбæлæг фæкæнæд. – Æмæ йæ хынцфарст акодта: – Цы фарн дæ æрбахаста ацы фыдæхсæв? Чи дæ? Кæцæй цæуыс? Кæнæ кæйонг?

Саукуыдз, сывæллон йæ хъæбысы, афтæмæй йын цыбырæй йæ хабæрттæ ракодта.

Лæг æмæ ус сæ зонгуытыл æрлæууыдысты æмæ сæхиуыл дзуæрттæ æфтауынц. Чи зоны, цытæ куывтой сæхимидæг. Лæгæн мидæмæ зæгъынмæ нал арæхстысты. Æрæджиау ус лæджы басхуыста æмæ йын афтæ: «Мæ арт бауазал, ныххудинаг стæм кæйдæр лæджы раз, мидæмæ йæ ‘рбахон!»

Æмæ уæд лæг Саукуыдзæн мидæмæ загъта.

Црау уæд хæрз чысыл хъæу уыдис, цалдæр хæдзары фæрсæй- фæрстæм. Бонырдæм хабар фысымты ус сæ сыхæгты зæронд усæн радзырдта. Уайсахат хъæу лæгæй, усæй æрбамбырд сты, дис кæнынц, ардæм чи æрхастаид йæ сывæллоны æмæ йæ чи ныууагътаид доны был.

Саукуыдз афтæ бакодта:

– Цæй, хорз адæм, цы бакæнæм ацы сывæллонæн? Ам æй ссардтон уæ хъæуы кæрон æмæ йæ сымахмæ уадзын. Кæд ын хицау нæ разына, ничи йæ агура, уæд æй схъомыл кæнут, æмæ уын æхсæны лæггадгæнæг уыдзæнис!

Адæм æмхуызонæй схор-хор кодтой:

– Нæ, нæ! Алкæмæн йе ссарæггаг йæхи вæййы, æмæ йæ ахæсс дæхи хæдзармæ!

– Хорз. Райхалæнт ма йæ уæ сылгоймæгтæ æмæ йæ базонæм, лæппу у, æви чызг. Сур хæцъилты мын æй батухæнт, æмæ йын исты хос кæндзынæн.

Фæлæ та йын ууыл дæр не сразы сты, цавæрдæр уырнæны уацары чи бахауд, уыцы адæм.

– Мæ бæх тынг фæтарст дысон ацы сывæллонæй æмæ мæ ныр æввахс дæр нæ бауадздзæн йæхимæ, æмæ мæм уæд та исчитæ фæкæсæнт, цæмæй бæхыл сбадон, æмæ сывæллоны мæ хъæбысы сæвæрон.

Фæлæ йын ууыл дæр ничи сразы. Æппынфæстаг иу æвзонггомау лæппу загъта:

– Хорз лæг, æз дæ афæндараст кæндзынæн.

Саукуыдз сыстад æд сывæллон, рахызт къæсæрæй, ницы сдзырдта, афтæмæй. Уым чи лæууыд, уыдон дæр æгуыппæгæй баззадысты. Æрмæст уыцы лæппу цыд йæ фæстæ. Лæппуйы фæдыл ма рауад иу рæсугъд чызг æмæ уый дæр цæуы сæ фæстæ.

Сбон ис дзæбæх. Саукуыдз сывæллоны комкоммæ бæхмæ фæхæссы. Бæх тæрсы. Йæ раззаг къæхтæй зæхх хойы. Баввахс æм, сывæллоны скæуын кодта барæй. Бæx уæд сабыр кæнын байдыдта, фæлæ бынтон – нæ. Радта сабийы лæппумæ, фæлæ йæ уымæй чызг тыхисæгау бакодта æмæ йын алолайы зарджытæ кæнын райдыдта. Уый ауынгæйæ, Саукуыдзæн йæ зæрдæ фæфæлмæн æмæ йæм иудзæвгар, мидбылты худгæ, кæсгæйæ баззад. Æрæджиау ын афтæ бакодта: «Кæй дæ, уымæн дзæбæхæй байрæз! Амондджын у! Фæлæ ацы æнæсæрæн адæмы ‘хсæнæй тагъддæр дæ cæp искуыдæм айс. Хорзæй дæ амонд ссар. Адоны, æвæццæгæн, ирон адæм куынæуал хъуыд, Хуыцау уæд сфæлдыста!

Чызг загъта.

– Ам нæ хъæу нæма ис, адæм фосдарæнты сты!

Саукуыдз ын, æмбарын дæ, зæгъгæ, йæ сæрæй акуывта æмæ фæцæйцыд йæ нымæты ‘рдæм. Лæппу йæ разæй фæцис, азгъордта æмæ йын æй сдавта. Батыхтой нымæт æмæ йæ саргъы фæстаг гоппыл нахатбосæй бабастой.

Саукуыдз йæ бæхыл сбадт. Лæппу чызджы къухæй райста сывæллоны æмæ йæ Саукуыдзмæ хъуамæ сдæдта, фæлæ бæх тæлфы, æввахс æй нæ уадзы. Уæд лæппу фæстæмæ сывæллоны чызгмæ радта, бæхы рохтæ æрцахста æмæ йæ змæлын нал уагъта. Чызг сывæллоны слæвæрдта барæгмæ. Саукуыдз сæ сæ нæмттæй бафарста. Лæппу Хæмæтхъан хуынд, чызг та – Езетхан. Стыр арфæтæ сын фæкодта æмæ йæ ных хохмæ сарæзта.

Раст сихорафон схæццæ сæхимæ. Хъæубæстæ хабар куы базыдтой, уæд куыннæ æрæмбырд уыдаиккой. Цæуынц сæм, арфæтæ сын кæнынц. Саукуыдз сын йе ‘хсæвы хабæрттæ фæкодта. Хъæубæстæн фынг æрæвæрдта – хæрд, нозтæй сæ хорз федта. Фæкуывтой чысыл лæппуйæн-сывæллонæн, ном ыл сæвæрдтой Джетæ.

Дзæрæхмæт æмæ Быгъуылонæн лæппу райгуырдис – Будыги.

Кæхцгæнæны, Саукуыдз дæр ницы зыдта, афтæмæй сæм Хæмæтхъан æмæ Езетхан кæхц схастой: урс егъау фыр, æнæхъæн лалым арахъхъ æмæ æндæр хуынтæ. Дыууæ лæппуйы кæхц иу бонмæ æрцыд…

Лæппутæ иумæ хъомыл кодтой се ‘мгæрттимæ. Азтæ цыдысты. Цумахъом фесты. Къорд азы фæстæ фæзиан сты фæд-фæдыл Саукуыдз æмæ йæ цардæмбал. Уæдмæ сбирæ сты быдыры хъæутæ. Фæивта хæххон адæмы царды уавæр. Сæ нымæц къаддæрæй-къаддæр кодта. Хохмæ дæр фæзындысты революцийыл тохгæнджытæ. Будыги æмæ Джетæ дæр усгур лæппутæ систы. Бамбæрстой, хæххон адæмæй сæрæн чи уыд, уыдон сæ зондахастмæ гæсгæ цалдæр дихы кæй ныйисты. Будыги æмæ Джетæ дæр, Дзæрæхы зондахастыл цæугæйæ, цæттæ уыдысты революцийы сæрыл тохмæ. Æппæтæй дæр уыдысты, хъæздгуыты æмæ зæхджынты ныхмæ чи хæцыд, уыдоны фарс. Куы бахъуыдаид, уæд хæстмæ ацæуыныл дæр – разы.

Джетæ егъаудæр уыд. Æвæццæгæн, иу-дыууæ азмæ æввахс хистæр уыдаид Будыгийæ, фæлæ сæ афтæ хъомыл кодтой, æмæ Джетæйæн йæ зæрдæ никуы фехсайдта, ссарæггаг у, æви Дзæрæхæн йæ хистæр фырт у.

Афтæмæй рæзыдысты. Диссаджы усгур лæппутæ систы. Джетæ дæр рæсугъд æмæ сæрæн, фæлæ Будыги ахæм диссаджы сæрæн æмæ рæсугъд лæппу байрæзт, æмæ йыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Уыцы рæстæджы разагъды усгур лæппу алкæй нæ хуыдтой, фæлæ Будыгийы хуыдтой axæм. Æмæ уый аккаг дæр уыдис. Ирон лæг цæмæйдæриддæр арæхстис æмæ зыдта, уыдонæн Будыги сæ иунæг дæр æнæзонгæ нæ уыдис. Ууыл дæр æмæ Джетæйыл дæр хъæубæсты фæсивæдæй ничи тых кодта тыхæй дæр, бæхыл бадынмæ дæр æмæ топпæй æхсынмæ дæр. Будыги та Джетæйæ дæр – ноджы тыхджындæр. Каст фесты дыууæкъласон скъола Мызуры, рæстæмбис ахуыр кодтой, афтæмæй. Дыууæ дæр кæрæдзи аккаг уыдысты æмæ цæугæ дæр æнæ кæрæдзи уымæн никуыдæм кодтой. Кæрæдзийæ сын фæхицæнгæнæн нæ уыд. Исчи-иу сын хицæнтæй цума загъта, зæгъгæ, уæддæр-иу дзы куырдтой, иумæ йæ бакæнæм, зæгъгæ. Уæрст дæр сын ницы уыдис. Чи-иу сæ цы дзаумамæ фæтагъддæр, кæрæдзийæн сын чи бæззыд, уыдонæй, уый-иу скодта. Дзаума æмæ сын къахыдарæс та Быгъуылон хуыдта иухуызон хъуымац æмæ сæракæй. Сæ иуæн цы уыдис, иннæмæн дæр уый хъуамæ уыдаид.

Гъе, афтæ сæ сахуыр кодтой чысылæй фæстæмæ. Æмæ кæрæдзиуыл афтæ сахуыр сты, æмæ-иу сæ иу чысыл рæстæг дæр куы фæхицæн иннæмæй, уæд-иу иннæмæн цыма цыдæр нæ фаг кодта, уыйау-иу ракæс-бакæсыл ссис. Афтæ сыл сахуыр сты адæм дæр. Æнæ Джетæйы-иу Будыгийыл чи сæмбæлд, уый-иу æй афарста: «Æмæ дын Джетæ кæм ис?» Джетæйы та-иу Будыгийæ фарстой. Хъæубæстæ сæ Саукуыдзы цæдисон галтæ хуыдтой.

Æцæг ирон лæппутау кафын æмæ зарынмæ дæр – æвзыгъд æмæ арæхстджын. Фидаугæ дæр сыл кодта. Чъегъре-иу сæ иумæ куы бахатыд, скаф, зæгъгæ, уæд-иу иннæ дæр рагæпп ласта, æмæ та-иу сын бацайдагъ къахфындзтыл, стæй дзуццæг кафт.

 

* * *

Азтæ æмхуызон не сты. Алы аз дæр йемæ цыдæр ногдзинад æрхæссы. Ацы уалдзæг дæр ногæй фенын кодта æрæджиауы хъызт бонтæ. Апрелы мæй æнæхъæнæй дæр уазæлттæ ахаста хохы. Кусæн бонтæ дзы чысыл уыдис. Уалдзыгон куыстытæ адаргъ сты. Быдыры рæстæгыл байтыдтой нартхор, фæлæ хохы хуымгæнæн тынг æвзонгмæ ацыдис. Æрæгмæ фесты хосгæрдæнмæ бацæттæ кæныны куыстытæ дæр. Дæргъвæтин къæвдаты фæстæ схур ис, æмæ хъæубæстæ цæуын райдыдтой Ставд-Дуртæм нартхор рувынмæ.

Сусæны райдианы Дзæрæхмæт дæр цæттæ кæнын райдыдта йæ бæхуæрдон. Сцалцæг æй кодта, йæ сæмæн ын сæрдæнæй байсæрста; базылдис йæ бæх ифтындзæн дзаумæттæм. Быгъуылон кæд йæхи бар нæ уыди, тагъд ын сывæллон уыдзæн, уæддæр бæлццæттæн хæрд æмæ нозт æрцæттæ кодта цалдæр боны фаг. Талынг ма уыдис, афтæмæй сыстадысты Дзæрæх æмæ Быгъуылон.

Сыстын кодтой Будыги æмæ Джетæйы дæр. Дзæрæх бæхтæй иу, уæрдоны бæх кæй хуыдтой, уый сифтыгъта. Сæвæрдта дзы кæрц, дыууæ бинаг нымæты æмæ иу уæйлаг нымæт. Сæ быны хъæмп, афтæмæй. Дзета æмæ Быгъуылон хæссынц хæринæгты рифтæгтæ, бæгæны æмæ къуымæлы лалымтæ, чысыл лалымы арахъхъ æмæ сæ Дзæрæх уæрдоны бæстон æвæры. Будыги та цæттæ кæны саргъы бæх. Сæвæрдта йыл сауарæзт саргъ, бакодта йыл сауарæзт идон, æвзист мæргъгæ. Сцæттæ сты.

Диссаджы райсом скодта. Арвыл мигъы къæм нæ зындис. Ныгуылæны хæхтыл хур йæ тынтæ райтыдта æмæ миты зæйау уырдыгмæ бырсынц, раст цыма хъæумæ тагъд кæнынц сæумæцъæхæй адæмы зæрдæтæ бахъарм кæнынмæ, уыйау. Зæнджиаты бинонты уыцы сæумæрайсом цыма цыдар стыр тых йæ уæлныхты хаста, уыйау уыдис се змæлд. Се ‘ппæт дæр – уыцы хъæлдзæг æмæ худæндзаст. Стырæй, чысылæй се змæлд уыдис, бæлццæтты, куыд æмбæлы, афтæмæй арвитын. Дзæрæх фæдзырдта се ‘гасмæ дæр. Нæлгоймæгтæ æрбадтысты фынджы уæлхъус. Бафæдзæхста сæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл. Алчидæр йæ къæбæр бахордта. Цæмæй бæлццæттæ фæндараст фæуой, уый тыххæй бинонтæй чидæр къæсæры раз сыгъдæг доны къус авæрдта – йæ сæрты ахизгæйæ, сæхиуыл дзуæрттæ афтыдтой æмæ араст сты сæ фæндагыл.

Уæдмæ кæд фæндаг алы аз дæр уæрæх кодтой, уæддæр дзы бæхуæрдон тæрсгæ цыд. Алы бæх та дзы уæрдоны ифтыгъдæй нæ уæндыд. Стыр фæндагмæ куы ‘рхызтысты, уæд баиу сты къорд бæлццæттимæ, уыдонæн дæр сæ фæндаг уыдис быдырмæ нартхор рувынмæ. Алкæмæн салæмттæ дæтгæйæ, сæ фæндаг цыбыр кодтой. Цъыфы Уастырджийы бын алчи йæ кувинæгтæ систа, скуывтой, нысайнæгтæ дзы нывæрдтой æмæ дарддæр цыдысты сæ фæндагыл.

Уæдмæ Дункæ чындзы ацыдис. Сæ фæндаг Мыртазатыл цыдис, æмæ Дзæрæхæн йæ чызджы хæдзармæ цæй æнæ фездæхгæ уыд. Баздæхтысты. Фысымтæ уайтагъд зылд уæрыкк æрбаргæвстой, ацæттæ йæ кодтой Дункæ æмæ йе ‘взонггомау æфсин. Фынгыл æй авæрдтой. Уæдмæ сыхы хистæрмæ фæдзырдтой æмæ уазджыты хорз суазæг кодтой.

Джетæ уырдыг лæууыдис, Будыги та кæрты æдде нæууыл йæ дугъоны бæх хафæнæй сæрфта. Амбырд ыл сты сыхы лæппутæ æмæ йæ фæрстытæ кæнынц: «Ахæм диссаджы бæх кæм ссардтай? Бадын искæй уадзы æви нæ? Сирын дæр зоны? Фæсарц бадын уадзы æви нæ? Армаццаг кæны æви нæ?»

Будыги дæр сын, худгæйæ, дзуапп дæтты. Кæй дзы бæхыл авæры æмæ йæ аралас-балас кæны, кæй йæ хъæбысмæ фелвасы æмæ йын апъа кæны.

Дункæ-иу æддæмæ куы рауад кæртæй, уæд та-иу æм Будыги йæхи хæстæг байста. Фарста йæ, йæ цард ам куыд цæуы, йæ бинонтæ йæ куыд рæвдауынц. Йæ лæг æм цавæр цæстæй кæсы…

Абон афтæ диссаджы хъæлдзæг уыдис Будыги, раст цыма барæй афта кодта, уыйау. Дункæ ма йæ фæрсгæ дæр акодта: «Ацы бон цыдæр æнахуыр хъæлдзæг дæ, дæ цинтæ дæр цыдæр уыцы фæлмæн зæрдæмæхъаргæ сты цæмæндæр, Будыги!

Мæнæ фынджы бадт дæр райхæлди. Джетæ уый фæстæ къæбæр хæрыныл афæстиат æмæ уæд, цалынмæ Дзæрæхмæт фæсминас уазджытимæ ныхас кодта, уæдмæ Будыги бæх уæрдоны аивтыгъта.

Джетæ куыддæр рахызтис, афтæ уæрдоны абадтис, бæхы рохтæ йæ къухмæ райста. Дзæрæхмæт, фысымтæн хæрзбон зæгъгæйæ, сбадт йæ фарсмæ æмæ араст сты. Будыги йæ бæхы æхтæнгтæ сæлвæста. Рог æм сгæпп кодта æмæ адæмæн хæрзбон загъта, Дункæйы къух райсынмæ æргуыбыр, райста йын йæ къух æмæ кæрæдзимæ нымдзаст сты, раст сын цыма исчи афтæ бафæдзæхста, кæрæдзиуыл фæстаджы цинтæ акæнут, зæгъгæ.

Будыги йæ къух куы суæгъд кодта, уæд дзы Дункæйы уадул æрсæрфта, йæ бæхы poxтæ æрбатымбыл кодта, ехсæй йæм февзыста æмæ йæ уæрдоны фæстæ сиргæ ауагъта.

Дункæ йæ фæдыл кæсынæй нал æфсæст. Ныббуц дзы ис йæхимидæг, цы æфсымæр мын рахъомыл ис, зæгъгæ. Æмæ мидæмæ нал бацыд, цалынмæ бæлццæттæ фæаууон сты, уæдмæ сæ фæстæ фæкаст. Уый фæстæ хæдзармæ бацыд, йæхи тæрхæгыл æруагъта æмæ, йæ сæры цы хъуыдытæ ‘взæрдис, уыдон йæхæдæг дæр нал æвзæрста. Йæ цæстытыл уадысты цавæрдæр тугæрхæмттæ адæймæгтæ, сау адæмы бардз йæ цæстыты раз цыма кæдæмдæр фæдисæй згъордта, стыхстис, йæхи ма цы фæкодтаид, уый нал зыдта. Фестадис æмæ, йæхицæн бынат нал аргæйæ, йæхимидæг афтæ бакодта: «Сау бон мæ баййæфта, цыдæр фыдуац хъусдзынæн», æмæ уыцы уысм йæ хъустæ ныззарыдысты. Ай цы хабар уа, куыд загъта, афтæ йæ сывæллон авдæны скуыдта æмæ йæм йе ‘фсин бадзырдта: «Уæ чындз, дæ сывæллонмæ бакæс!» Фестад, йæ алыварс аракæс-бакæс кодта, стæй сывæллонмæ атындзыдта. Уыцы саумарой хъуыдытæ йæ уæгъд нал суагътой.

 

Ставд-Дурты колхозы кусджытимæ.
Астæуæй лæууы Зæнджиаты Сослæнбег

 

Йæхи авдæны хъæдыл æруагъта æмæ, сывæллонæн дзидзи даргæйæ, æрфынæйгонд. Раст цыма фыны уыны, уыйау ын йæ хурх цыдæр æрбалвæста, фæцæй йæ хуыдуг кодта. Фехъал. Йæ сывæллоны дзыхæй йæ дзидзи фелвæста, фестадис, йæ кофтæйы æгънæджытæ авæрдта æмæ зылдтытыл йæхи фæкодта, æфсинимæ ныхас кæнгæйæ. Афтæмæй йæ æрбайрох сты йæ фыдбылызы хъуыдытæ, фæлæ йæ хуыз фæцыд. Йе ‘фсин ма йæ фæрсгæ дæр акодта, дæ хуыз цыдæр цыд куы у, чындз, зæгъгæ.

– Нæ, не ‘фсин, нæхиуæтты арæх нæ уынын æмæ мæхимидæг стыхстæн, кæд та сæ фендзынæн, зæгъгъæ, – дзуапп ын радта. Уæлдайдæр та – ме ‘фсымæры. Цыдæр мæм афтæ кæсы, цыма уый ме ‘фсымæрæн æвгъау y, æмæ мын æй исчи байсдзæнис. Абон æм кæсынæй дæр нæ бафсæстæн. Стæй мæм йæхæдæг дæр нымдзаст, цыма мæ раст фæстаг хатт уыны!

Йе ‘фсин ын йæ дзыхы батутæ кодта, цытæ дзурыс, зæгъгæ, ахæм хъуыдытæ аппар дæ сæрæй. Хо æмæ æфсымæр кæрæдзимæ кæстытæй фылдæр цы кæнынц, чи сæ раздæр вæййы, чи фæстæдæр, æмæ уый тыххæй цæмæй старстæ…

 

* * *

Дзæрæхмæт йæ кæстæртимæ талынггæрæтты ныххæццæ Æрджынарæджы Терчы былмæ. Ам чидæртæ æхсæвиуат кæнынмæ суагътой сæ бæхтæ. Уыдоны цурмæ баздæхтой сæ уæрдон. Кæрæдзийæн салам радтой æмæ адон дæр сæ бæхтæ суагътой, сахсæнтæ сыл сæвæрдтой æмæ сæ хизынмæ ауагътой.

Æрбынат кодтой хъæуккæгты фарсмæ. Хистæртæ ныхас кæныныл æрбадтысты, кæстæртæ æртхос æрбамбырд кодтой æмæ арт скодтой, зæронд арты бынат кæм уыдис, уым. Бирæ куыннæ фæныхас кодтаиккой, иу афон алчи йæ фæндаггæгтæ систа, æрбадтысты æхсæвæр хæрыныл.

Дзæвгар фæбадтысты. Цъæх арвы бын уыцы сыгъдæг уæлдæфы фæцæл кодтой. Æмбисæхсæв куы фæцис, уæд алчи йæ уæрдонмæ йæхи айста æмæ бафынæй ис фæлмæцыдæй.

Райсомæй боны цъæхтыл сыстадысты. Алчи йæхи ныхсадта. Сифтыгътой сæ бæхтæ æмæ араст кодтой сæ фæндагыл.

Будыги йæ хъал бæхыл куы аразæй вæййы, куы йыл уæрдонджынты алыварс æркафы. Бæлццæттæ-иу ыл сæ цæст æрæвæрдтой. Алчи дæр йæ цыд кæны, ницы ивындзинæдтæ цæуы ацы бæлццæттæм. Ахызтысты Æрджынарæгæй. Кæцæйдæр халон уасгæ ратахтис æмæ абадтис, раст Дзæрæхмæт æмæ Джетæ кæм фæцæйцыдысты, уый фарсмæ дурыл æмæ уыдоны ‘рдæм бауасыд. Чысыл куы ауадысты, уæд та халон уырдыгæй стахтис æмæ уасгæ-уасгæ абадтис Дзæрæхмæты уæрдоны рæтæнагъдыл. Джетæ йæм уисæй бавзыста. Атахти, фæлæ та, уæрдоны ‘рдæм йæхи æппаргæйæ, уасы æмæ та уæрдоны фæрсуæлдуаны фæстаг кæрон абадтис. Асырдтой та йæ. Тæхы сæ фæрсты, уасгæ.

Дзæрæхмæтыл бæстæ фыр тæссæй талынг кæнын байдыдта. Ахæм диссаг уый дæр æмæ адæм дæр никуы федтой. Се ‘ппæт дæр фæудаист сты. Сусу-бусу байдыдтой. Цыдæр стыр фыдбылыз ныл цæудзæнис, зæгъгæ, загътой ацæргæ адæм. Фыдæлтæй хъуыстой, халон дæм иугæр бауасыд, уæд, дам дыл æнæ цыдæр фыдбылыз æрцæугæ нæй. Дзæрæхмæт йæ уæрдон баздæхта фæндаггæронмæ æмæ баурæдта бæхы.

Будыги йæ фæрсы:

– Цы ‘рцыдис Баба?

– Цы ‘рцыдис, уымæ нæ кæсыс: халон йæхи нæ уæрдонмæ куы ‘ппары æмæ уасынæй йæхи куы мары, уæд? Уый хорз хабархæссæг нæу.

– Худинаг у, Баба, фæндагæй аздæхын, нæ нартхор æнæ рывдæй фесæфдзæн, æмæ Ирыстонæн хæсджынæй баззайдзыстæм. Ма бакæн афтæ!

Бæлццæттæн дæр сæ фылдæр баурæдтой сæ уæрдæттæ. Чи, аздæхæм, дзуры, чи – ацæуæм нæ фæндагыл. Халон мах хъуыддæгтæн цы ‘мбары, зæгъгæ.

Дзæрæхмæт йæ бæхы рохтыл ныххæцыд, хъуамæ йæ разила æмæ фæстæмæ йæ хæдзармæ атагъд кæна. Будыги æмæ ма чидæртæ йæ размæ æрбалæууыдысты, ницыма йæм сдзырдтой, афтæ сын йæхæдæг зæгъы:

– Лæппу! Мæ хуртæ! Мæ сывæллæтты мад Быгъуылоны рынчынæй ныууагътам. Æвæццæгæн ыл цыдæр æрцыдис. Мæ сывæллæттæ хурмæ кæд баззадысты, уæд ма æз та нартхор рувынмæ цæуон?! Ауадзут мæ мæ хæдзармæ.

– Баба, – хъæрæй сдзырдта Будыги. – Халон мах хъуыддæгтæн цы зоны, Уастырджийы зарæг сисынмæ йæм æнхъæлмæ кæсыс, æви цы?! Уасын зоны æмæ йæ кæны. Стæй æппынæдзух тæхын дæр йæ бон нæу, искуы хъуамæ æрбада, аулæфа, стæй та атæха, уæдæ куыд? Æвæццæгæн, уæрдоны хом дзидза ис, æмæ йын йæ тæф бамбæрста. Æххормаг у æмæ йæм æппары йæхи. Уый тыххæй халонæй фæтарстыстæм æмæ нæ фæндагæй аздæхтыстæм, зæгъгæ нæ чи фехъуса, уый ныл фидиссаджы худт куы фæкæндзæн, уæд уый нæ сæрмæ куыд хæссæм?

Сæ алыварс адæмæй бирæтæ хъуыдытыл фесты, иннæтæ бахудтысты, чи та Будыгийы раст æмæ уæндон ныхæстыл дисты бацыд.

Будыги та йæ фыдмæ бауæндыд:

– Сбад, Баба, уæрдоны, адæмы ма дызæрдыггаг кæн, мах тыххæй сæ нартхор æгуыстæй баззайдзæн æмæ фидæны сæфт кæнæм. Мax сын æлгъыстаг фæуыдзыстæм. Æмæ цæмæн? Халонмæ уасын æрцыд æмæ ныууасыд æмæ уымæн? Нæй! Уый гæнæн нæй! Ныххæццæ уæм бынатмæ, стæй, кæд здæхæм хохмæ, уæд дæ чи бауромдзæн. Адæм сæ куыст кæндзысты, ды та – дæ хъуыддаг. Кæд нанайыл исты æрцыд, уæд нæм хабар хъуысдзæн. Фæлæ уый халоны уасты тыххæй нæу æмæ нæ уыдзæн. Уый лæджы хъысмæт у. Æз дæр æмæ ацы адæм дæр хорз зонынц, нанайæн халоны уастæй кæй ницы уыдзæн, уый.

Ацы ныхæстæм никæйуал бон ницы зæгъын бацис. Дзæрæх бæхы рохтыл ахæцыдис, азылдта йæ, фæндагмæ йæ бахизын кодта, Джетæмæ бадзырдта:

– Лæппу! Сбад æмæ скъæр!

Джетæ уæрдонмæ басæррæтт ласта, абадтис разфæйнæгыл, æмæ бæх араст ис.

Дзæрæхмæт фæндаджы фæрсты, арф хъуыдытæгæнгæ, цæуы. Иудзæвгар ахъуыды кодта йæ фырты æхсарыл. Йæхимидæг сразыгонд йемæ. Чи зоны, раст у, зæгъгæ. Фæлæ та нæ, йæ зыр-зырæй не ’нцайы.

Будыги дæр йæ бæхыл сбадтис æмæ та скъæры, куы кæй фарсмæ фæуромы æмæ йемæ аныхас кæны, афæрсы йæ, куы кæй. Раст цыма ацы уæрдонджынты къордæн хистæрæй æрвыст у, уыйау. Кæм æргæпп кæны бæхæй æмæ, искæй бæхы дзаумæттæ исты арастгæнинаг куы вæййы, уæд æй ацаразы, кæмæн ныфсытæ авæры. Куы разæй аскъæры æмæ абæрæг кæны фæндаг, лæгъз у æви къуыппытæ-дзыхъхъытæ.

Гъе, афтæмæйты, кæрæдзи ирхæфсгæйæ, сихор афон ныххæццæ сты сæ зæххытæм. Уым кæй ныййæфтой, уыдонимæ кæрæдзиуыл бацин кодтой. Æмæ алчи аздæхта йæхи зæххы ‘рдæм.

Дзæрæхмæт дæр Джетæимæ уæрдонæй бæх суæгъд кодтой, чысыл æддæдæр æй æд уæрдоны саргъ бæндæнæй къæбæлмæ бабастой. Будыги йæ бæхы тъæнгтæ бауæгъд кодта, йæ идоны къæбæлтæ йын йæ дзыхæй рафтыдта, идоны рохтæ раззаг галиу къахмæ цыбыр бабаста æмæ йæ Æрæфы доны фарсмæ суагъта.

Джетæ æмæ Будыги ацыдысты нартхоры хуымыл æмæ, фæстæмæ куы æрбаздæхтысты, уæд Дзæрæхæн загътой, хуым æгæр кæй скæрдæгджын ис, уый. Уый сын афтæ:

– Цыфæнды скæрдæг уа, уæддæр ын æнæ рувгæ нал ис. Фæлæ уал сара рафснайут. Йæ рыгтæ, йæ хæлуарæджы тынтæ йын расæрфут. Бадзæбæхтæ йæ кæнут, æмæ æрбынæттон уæм.

Уыдæттæ сарæзтой. Ныккарстой сæ фезмæлæнтæ, ссыгъдæг кодтой, сихор бахордтой. Сфæнд кодтой сæ кусæн дзаумæттæ рифтагæй сисын æмæ сæ уæлæ скæнын. Алчи сæ исты архайы, уæдæ цы. Джетæ уайтагъд аивта йæ бæлццон дзаумæттæ æмæ бацыд Будыгийы цурмæ. Уый дæр раласта йæ уæлæдарæс. Скодта йæ кусæн хæлаф-хæдон. Йæ бæлццон дзаумæттæ уæрдоны фарсмæ дурыл байтыдта æмæ сыл йæ авдæхстон ливор æрæвæрдта, афтæмæй йæ хæдоны ирон æгънæджытæ æвæры.

Джетæ бацыдис, систа ливор æмæ Будыгимæ дзуры:

– Будыги, абон мæ ацы ливор куы уыдаид, уæд дын уыцы халонæн æз лæппуйы хуызæн фæуыдаиды, бæргæ. А лæппу йын йæ уасын йæхирдыгæй фæкодтаид, бæргæ! – Дамбаца ныддардта Будыгийы ‘рдæм, æрбахæцыд мæнгвæдæгыл. Гæрах анæрыд кæмтты!

– Æллах… амардтай мæ! – Нæмыг Будыгийы риуы иннæрдæм ахызти. Цалдæр къахдзæфы ма, йæ риуыл хæцгæ йæ размæ сæруæзгæйæ акодта, æмæ дæлгоммæ ахауд.

Джетæ цы бакодта, уый нæ бамбæрста. Дзæрæх йæхи баппæрста лæппуйыл, фæдисхъæргæнгæ. Джетæ фестадис, разгъор-базгъор кæны йæ хъæлæсы дзаг æрдиаг кæны. Адæм алырдыгæй æрбакалдысты, фæлæ сæ фыр тæссæй ничи ницæмæуал арæхст. Æрæджиау чидæр сарæхст:

– Бæх аивтындз æмæ цæфы Æрыдонмæ ласгæ тагъддæр!

Сæ бон куыд уыд, афтæ йын йæ цæф бабастой, уæрдоны йæ авæрдтой æмæ йæ раластой. Уыцы рæстæджы Джетæ йæхи Дзæрæхмæтыл ныццавта, цы ми кодта, уый нал æмбаргæйæ. Чидæр ын йæ хурх ацахста фыр мæстæй, цы бакодтай, зæгъгæ, фæлæ йын æй Дзæрæхмæт йæ къухтæй скъахта. Джетæмæ афтæ фæкаст, цыма Будыгийы Дзæрæхмæт фехста æмæ йыл Будыгийы сæрыл йæхи ныццавта, ома йæ туг ын райсон. Дзæрæхмæт йæхи æрæмбарæгау кодта æмæ цæфласджыты фæстæ фæцæуæг. Нæлгоймæгтæй ма иу-цалдæр йемæ ацыдысты. Иннæтæ апырх сты, алчи йæ кусджыты афæдзæхста, сæ бæхтæ уæрдæтты сифтыгътой æмæ уыдон дæр фæдисонты фæстæ атагъд кодтой Æрыдонмæ. Тагъд бæргæ кæнынц, фæлæ бæхæн уæлдай тагъд скъæрæн нæй. Уæззау цæф лæппу уæд мæлæтыл бафты. Йæ бон куынæуал вæййы, уæд æй нымæтыл сæвæрынц, афтæмæй йæ хæссынц, стæй та йæ фæстæмæ уæрдоны сæвæрынц. Афтæмæй йæ ныххæццæ кодтой Æрыдоны рынчындонмæ. Уайтагъд æй дохтыртимæ мидæмæ бахастой, сынтæгыл æй æрæвæрдтой, астæуæй уæлæмæ йын йæ дзаумæттæ фелвæстой æмæ йæм куыддæр дохтыр æрæвнæлдта, афтæ Будыги йæ уд исыныл ныллæууыд. Йæ цард аскъуыд Зæнджиаты цардбæллон æвзонг кæстæрæн. Йæ цæстытæ йын æнусмæ æрæхгæдта Зæнджиаты Тасолтан. Йæ къухтæ йын йæ риуыл сæвæрдта, йæ къæхтæ йын арæстытæ кодта æмæ ныккуыдта хъæлæсыдзагæй.

Бæстæ кæуын æмæ дзыназын ссис. Уайтагъд рынчындоны алыварс адæм дæр æмбырдтæ байдыдтой, хабар æппæт хъæуыл дæр айхъуыстис. Дзæрæхмæт рынчындоны каутæбыдмæ æввахс, йæ цæстæй цæссыг нæ хауы, афтæмæй дурдзавдæй лæууы. Адæм йæ размæ цæуынц, æмбары, цы бæллæхы саубон ын скодта, уый, фæлæ йæ дзыхæй иу ныхас скæнын дæр йæ бон не ссис, цалынмæ йæм Тасолтан бацыд æмæ йын бамбарын кодта, адæмы æфсæрмæй хъæддых фæлæууын кæй хъæуы, уый, уæдмæ.

– Ме ‘фсымæр Дзæрæхмæт, – загъта йын уый. – Ацы адæм се ‘ппæт дæр дæ фырт æмæ дæуыл кæуынц, нæ сæм кæсыс, зæрдæскъуыдтæ йыл куы кæнынц. Уыйбæрц ды та дæхиуыл фæхæц. Адæмы æфсæрмæй ныффидар у. Зонæм æй, уынæм æй, цы ‘рцыдис, уый тынг зын бауромæн кæй у, фæлæ адæмы фарн бирæ у, æмæ йын аргъ кæнын хъæуы.

Уыцы ныхæстæ Дзæрæхмæтмæ бахъардтой, æмæ йæхиуыл фæхæцыдис, фемæхстысты йæ цæстысыгтæ æмæ йын цыма фенцондæр, афтæ фæцис. Кæд зæрдæ еудодой кæны, уæддæр адæммæ йæхи хъæддыхдæрæй раздæхта, фæцырддæр кодта йæхи.

Уалынмæ Джетæ æрбахæццæ Будыгийы бæхыл. Æргæпп кодта, мидæмæ йæм цæуы, йæ хъæлæсыдзаг кæугæ, сæр хойы, йæ рустæм лæбуры æмæ сæ тоны, йæ цыбыргомау сæрыхъуынтæ тоны бындзыггай. Ныххæцыдысты йыл, фæлæ хъæр кæны: «Цы бакодтон уый! Цæуыл фесæфтон уый дæр æмæ мæхи дæр! Ауадзут мæ, æмæ йæ уæлæ æз дæр мæхи ныххурх кæнон! Цы ма у мæ цард! Тæригъæдджынæй фæцæрын Будыгийы фæстæ мæ сæрмæ не ‘рхæсдзынæн!»

Будыгийы бæх йæхи уæлæ тынг ахуыр уыдис. Куыддæр Джетæ æрхызтис, афтæ йæ cæp бæрзонд систа æмæ ракæс-бакæс кæны æмæ, æвæццæгæн, ацы сау маройгæнæг адæмы ‘хсæн йæ хицауы куынæ суыны, уæд та сабыргай бауасы.

Адæм, уый уынгæйæ, зæрдæскъуыдтæ куыд нæ кæнынц. Æмхуызонæй кæуынц. Уыдоны кæуынмæ бæх дæр ныууасыд йæ тых йæ бонæй. Йæ раззаг къæхтæй зæхх ныххоста æмæ йæхи размæ ивазы, раст цыма йыл чи хæцы, уымæй куры, ауадз мæ, зæгъгæ, æмæ ма мæ уарзон барæджы, мæ уарзон хицауы иу уынд фæкæнон.

Бæхы аластой иуварс, фæлæ уый йæ цæстæнгас уæддæр адæмæй нæ иста. Сæрыл барзонд хæцгæйæ, хъустæ размæ ныттынг кодта æмæ афтæмæй зыд каст кодта ацы фыдохы лæууæг адæммæ. Джетæ уадзгуытæ кæны, кæуы, хъарджытæ кæны, никæмæн коммæ кæсы. Куры, чи йыл хæцы, уыдонæй, ауадзут мæ, Будыгийы уæлæ мæхи амарон, æмæ уын удыбæстæ уыдзæн, мæнæн мæ цард ницыуал у, зæгъгæ.

Гæнæн нал уыд æмæ йæм уæд бацыдысты Дзæрæхмæт æмæ Тасолтан, æррæвдыдтой йæ, æмæ уæд фæсабыр, фæлæ сусæгæй лæппутæн бафæдзæхстой, уæгъд æй куыд нæ уадзой, афтæ, кæннод гæнæн ис, æмæ йæхицæн исты бакæна. Æмæ æцæгдæр афтæ уыд, йæ сæры æндæр хъуыды ницыуал уыдис. Куыддæр мын гæнæн фæуа, афтæ мæхи амарон, зæгъгæ. Кæмæн уыд ацы хъуыддаг Джетæйæ зындæр? Дзæрæхмæтæн? О! Дзæрæхмæтæн! Йæ уарзон фырты йын амардта æнæбары, æнæнхъæлæджы. Барæй уыд, æнæбары, уæддæр йæ фырт фæмард дардвæндагыл! Нæ! Уæддæр Джетæйæн зындæр уыд ацы сахат дæр æмæ уый фæстæ дæр. Йе ‘фсымæры амардта йæхи къухæй. Кæд иу мад æмæ фыдæй гуырд нæ уыдысты, уæддæр сæ иумæ схъомыл кодтой, иумæ фæцардысты, иумæ фынæй кодтой цæрæнбонты. Кæрæдзиуыл афтæ сахуыр сты, æмæ сæ иу æнæ иннæ къæбæр дæр нæ хордта. Джетæйæн ацы сау зæххыл æппæт адæмæй Будыгийæ æввахсдæр æмæ зынаргъдæр ничи уыдис. Æмæ, æцæгдæр, чи йын уыдис? Ничи! Ныр уый нал ис. Йæхи тæккæ къухæй йыл сæ иумæйаг ливор фæирвæзт, æмæ Будыги нал ис, фæмардис йæхи къухæй йе’фсымæр, йæ иунæг цæджындз, йæ иунæг ныфс. Уый-иу йæ цæстытыл куы ауадис, уæд та-иу ныууынæргъыдта æмæ-иу ныхъхъæр кодта: «Ау! Мæ зæрдæ, куыд нæ скъуыйыс дæхæдæг, куыд ныффидар дæ! Цæуылнæ мæ ирвæзын кæныс ацы æвирхъау зындонæй».

Æвæццæгæн, йæ зæрдæ куы аскъуыдаид, уæддæр «уæу» нæ загътаид. Ныуулæфыдаид æмæ загътаид: «О! Будыги, мауал тагъд кæн, æз дæр дæ æрбаййæфтон. Иумæ та стæм ныр дæр!»

Уæд бæргæ фервæзтаид йæ ниуынæй, йæ тухитæй, фæлæ уый йæ къухы кæм æфты? Йæ цæстытыл ногæй уайынц: йæ цуры лæууы Будыги. Джетæ йын дзуры: «Будыги, ныр дын ус курын афон у, æмæ ма дæ каст цæмæ у! Ссар иу рæсугъды, æмæ чындзæхсæв скæнæм!» Уый йын дзуапп радта: «Нæ, ме ‘фсымæр! Ды мæ хистæр дæ, æмæ дæ разæй æз чындзæхсæв никуы скæндзынæн! Уый нæ уыдзæн, фæлæ уал ды агур уарзон, мæнмæ рад нæма хауы!» Уалынмæ Джетæйы цæстытыл ауадысты Быгъуылон рынчынæй, йæхи бар куынæ у, афтæмæй ацы сау хабар куы фехъуса, уæд куыд кæндзæн. Куыд æй ныууромдзæн, кæнæ куыд кæндзæн Дункæ! Куыд балæудзæн Джетæ сæ разы, цы цæстытæй сæм бакæсдзæн. Нæй! Уый гæнæн нæй! Хъæр кæны Джетæ, архайы йæ хурхмæ æвналыныл, фæлæ йæ нæ уадзынц. Лæгъстæ сын кæны, бауадзут мæ мæхи амарын, удыбæстæ уын уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ йæм чи хъусы?

Адæм чысыл куы фенцадысты, уæд Дзæрæхмæт Тасолтанмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы: «Ацы адæмæй худинаг у, афтæ кæдмæ кæудзысты мах зианыл, æмæ йын исты æрхъуыды кæнын хъæуы!»

Тасолтан, кæмæн æмбæлд, уыдоны æрбамбырд кодта æмæ уал хъæргæнæг арвыстой Мыртазатæм, Уæллаг Мызур, иуæй-иутæй фæстæмæ ам уыдысты рувынмæ. Æрыдоны дуканийы балхæдтой сау кæлмæрзæн. Будыгийы бæхы хъуырыл йæ райтыгъдгондæй бафтыдтой, йæ кæрæттæ йын, уидоны рохтимæ саргъы раззаг гоппыл айсгæйæ, фæстаг гопмæ фидар бабастой. Йæ рохтыл ын Дзæрæхмæт хæцы. Иннæ бæхыл сæвæрдтой хъæргæнæджы, йæ галиу къухы йын ехс радтой, æмæ Дзæрæхмæт уæд йæ бæхæн афтæ зæгъы: «Цæугæ, мæ Хъыргъыз, де зноны фæндагыл, ацы сау хабар мын мæ чызг Дзыгъуырæн фехъусын кæн. Дарддæр æй уый йæхæдæг хъусын кæндзæн».

Бæхы ауагъта йæхи бар фæндаджы былæй, æмæ уый дæр, сабыр бауасгæйæ, араст ис йæ фæд-йæ фæд, æрмæст абон йæ уæлæ Будыги нал бадтис, фæлæ йыл сау кæлмæрзæн тыгъд уыдис. Æрыдоны цæрджытæй тынг бирæ æрбамбырд зианмæ æмæ уыдон, сæ хæс зонгæйæ, уайтагъд самал кодтой фæйнæджытæ æмæ мардæн чырын аразын райдыдтой. Уæдмæ Будыгийæн йæ бæлццон дзаумæттæ æрбахастой. Ныхсадтой йæ æмæ йыл сæ скодтой.

Хъæубæстæ бауынаффæ кодтой дыгай чъиритæ æрхæссын æмæ зианæн рухс зæгъын, куы йæ ласой, уæд. Ам ма æввахсты Зæнджиаты хæстæджытæ кæм уыдис, уырдæмыты дæр фервыстой хъæргæнджытæ. Зианмæ цæуæг адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой.

 

* * *

Хъæргæнæг кæй арвыстой, уый тынг рæвдз цыдис, кæд ыл æрталынг, уæддæр. Куы баввахс сты, уæд Будыгийы бæхы цыма исчи бацагайдта, уыйау тагъдæй-тагъддæр згъоры, барæг æй нал æййафы.

Æрбарухс. Адæм сæ райсомы зылдтытæ кæнынц. Быдырмæ арастмæ дæр бирæтæ хъавы, афтæ Дункæты дуарæй Будыгийы бæх ныууасыд. Бинонты куыстхъомтæ сæрдыгон райсом кæрты уыдысты, уæдæ цы. Дункæ кæрты дуар фегом кодта æмæ, æвиппайды бæхы афтæмæй куы ауыдта, уæд нырдиаг кодта:

– Ой, сау бон мæ куыд баййæфта, гъе! Чидæр Будыгийы амардта, чидæр нæ бабын кодта! Хорз адæм, фæдис!

Уайтагъд сыхæгтæ алырдыгæй амбырд сты æмæ тæккæ уыцы афон барæг дæр фæзы кæронæй æрбазынд. Ехс ын йæ галиу къухы куы ауыдтой, уæд сын æй цы зонын хъуыд. Æрбахæццæ. Бæхæй галиуырдæм æрхызт æмæ сын хабар радзырдта.

Дункæйы уыромæг уыромын нал фæрæзта. Йæхи ныттыдта, йæ сæрыхъуынтæ бындзыггай рæдывта, хойы йæ уæрджытæ. Бæргæ йыл ныххæцынц, фæлæ ма йæ чи фæразы уромын. Иууылдæр кæуынц. Ам чи нæ зыдта Будыгийы? Хъæубæстæ йыл фæкуыдтой. Ацыдысты, сæ уæлæдарæс раивтой æмæ сылгоймагæй, нæлгоймагæй араст сты Æрыдонмæ. Будыгийы бæхæн цы нæ фæкодтой, фæлæ ахсын нæ бакуымдта. Адæмы разæй та ардыгæй араст. Йæ сау кæлмæрзæн йе ‘фцæджы, афтæмæй сæ разæй фæцыдис суанг рынчындоны размæ. Уым та бауасыд, фæлæ йæм Будыги кæсæг куынæ уыдис, уæд иуварс аздæхт, æнкъардæй слæууыд – йæ цæстысыгтæ сабыргай калдысты.

Дзæрæхмæт ын систа йæ кæлмæрзæн. Æндæр æввахс никæй бауагъта йæхимæ.

Дункæ æмæ йе ‘мбæлттæ тынг фæхъыг кодтой. Адæм Дункæ æмæ Джетæйыл сæ цæст æрæвæрдтой. Дункæйы цалдæр хатты дохтыртæ тыххæй фервæзын кодтой. Уый дæр йæхи бар нæ уыд. Нал иу уыдис йæ бон улæфын.

Мардæн рухс загътой Æрыдон. Уыцы бон æй бахæццæ кодтой Дункæйы хæдзармæ. Уым ын хæрнæг скодтой æмæ йæ райсомæй аластой Уæллаг Мызурмæ.

Будыгийы ныгæнæн боныл фыста, æвæццæгæн, Къоста дæр: «Фезмæлæн нал уыдис абон нæ уæлмæрдты, стырæй, чысылæй». Ацы æвирхъау хабар фехъусгæйæ, хохæй быдырмæ ардæм чи не ‘рцыдис, æвæццæгæн, ахæм нал баззад. Адæмæн Уæллаг Мызуры æрлæууæн бынат нал уыдис. Будыгийы зианыл адæм цы кодтой, уый кодтой. Джетæйы тæригъæдæй, уый сау мароймæ адæм зæрдæскъуыдтæ кодтой. Афтæ сæм кастис, цыма зæхх дæр бандзыг ис, ницыуал æм хъары.

Æрхæццæ зиан бавæрын афон. Ахастой йæ уæлмæрдмæ. Зæнджиаты мыггаг Джетæйы хъысмæт алыг кæныны тыххæй цы бауынаффæ кодтой, уый тыххæй ныхас зæгъынмæ æнхъæлмæ кастысты æппæт адæм дæр.

Зиан уæлмæрды æрæвæрдтой æмæ æнхъæлмæ кæсынц, зианæн дугъ рауадзынмæ цы барджытæ арвыстой, уыдон кæд æрбахæццæ уыдзысты, уымæ. Уалынмæ фæзындысты. Æрбаразæй Будыгийæн йæхи бæх æмæ йын æй ныффæлдыстой. Уый фæстæ адæмы размæ рахызтис йæ фыд Дзæрæхмæт, дзыллæтæ ныссабыр сты. Æнхъæлмæ кæсынц, цы тæрхон уыдзæн Джетæйæн: уый ма, мæгуырæг, рæстæгæй-рæстæгмæ сау марой бакæны, Хуыцауæй куры мæлæт, цæмæй йæ Будыгиимæ иу ингæны баныгæной. Куы-иу ныхъхъæр кодта: «О, Хуыцау! Мæ тæригъæды ма бацу! Ма мæ фæхицæн кæн Будыгийæ! Уæрст нын ницы уыд йæ удæгасæй, ма нын байуар йæ ингæн дæр! Ауадз мæн дæр уырдæм!»

Уалынмæ Дзæрæхмæт райдыдта дзурын:

– Нæ кæстæр æнæбары æвирхъау мард фæцис мæ цæстыты раз йе ‘фсымæры къухæй. Джетæ барæй нæ амардта лæджы, уый уыдис æнæбары æвирхъау хъуыддаг. Хуыцауы хъуыддаг дæр нæ уыдис æмæ халоны хъуыддаг дæр. Нæ кæстæрæн йе ‘нусон хæс, æвæццæгæн, ахæм адзалæй фидгæ уыдис æмæ йæ бафыста. Абонæй фæстæмæ Будыги не ‘хсæн нал уыдзæн, фæлæ йæ бынаты Зæнджиатæн кæстæрæн æмæ мæнæн та фыртæн баззайдзæн Джетæ.

Джетæ, уый фехъусгæйæ, ныййæлæлай кодта:

– Нæ! Нæ, Зæнджиаты домбай мыггаг! Нæ, Дзæрæх! Уый раст тæрхон нæу! Нæу раст тæрхон! Рахæссут мын мæлæты тæрхон! Амар мæ дæхи къухæй! Баныгæнут нæ иу ингæны ме ‘фсымæр Будыгиимæ…

Адæм сæ цæст æрæвæрдтой Дзæрæхмæты лæгдзинадыл, Зæнджиаты уæздан уаг æмæ фидар зондыл. Куыддæр сын фенцондæр. Адæмыл разыйы уылæн апырх.

Баныгæдтой разагъды усгур лæппу Будыгийы. Цардмæ чи бæллыд æмæ кæмæн нæ бантыст, æппæт адæмæн дæр балæггадмæ чи хъавыд æмæ кæмæн нæ бантыст, хуры тынты ленк чи кодта, суадоны сыгъдæг доны йæ уарзоны сурæт чи агуырдта, фæлæ уарзон чызг дæр кæмæн нæма уыд, рæсугъддæр мойгæнæг чызджытæ уарзон цæстæнгасæй кæмæ кастысты, фæлæ се ‘хсæнæй йæ къухы цардæмбал равзарын кæмæн нал бантыст, цинæй зарджытæ чи кодта, тагъд та мын хо кæнæ æфсымæр райгуырдзæн, фæлæ уымæ банхъæлмæ кæсын дæр кæмæн нал бантыстис, уыцы Зæнджиаты Дзæрæхмæты дзырддзæугæ, разагъды сæрæн усгур фырт Будыги. Уый æнæмæнг хæрзаудæн фæкæндзæн цардцæрæнбонтæм Зæнджиатыл дæр æмæ тынгдæр та йæ фыд Дзæрæхмæты хæдзарвæндагыл, йæ ном ын чи ара, уыдоныл се ‘ппæтыл дæр.

О, Будыги, Джетæмæ ма фæхъыг у, барæй дæ нæ арвыста фæцу æмæ мауал æрцуйы фæндагыл!

Адæм рухсаг загътой судзаггаг зианæн. Алчи йæ хæдзармæ фæцыд. Æртæ боны фæстæ айхъуыст, Быгъуылонæн лæппу кæй райгуырдис, уый. Адæм загътой: «Зæнджиатæ, уæ амонд ма фесæфæд!»

 

* * *

Быгъуылонæн райгуырдис лæппу, цæринаг лæппу. Ном ыл сæвæрдтой Зæнджиаты хистæртæ – Сослан!

Бонтæ цыдысты, мыггаг дæр æмæ Дзæрæхмæт дæр бонæй-бонмæ æнхъæлмæ кастысты, хуыссæнæй кæд сыстдзæн Быгъуылон, кæд разилдзæн йæ хæдзары къуымты, фæлæ – нæй. Кæд йæхæдæг дæр тынг архайдта сыстыныл, йæ сывæллонмæ базилыныл, стæй хæдзары зылдтытæ бакæныныл, зылдтытæ та хæххон цардхъом хæдзары куыд нæ уыд иунæг сылгоймагæн. Уæддæр йæ бон нæ бацис, нал æй суагътой низтæ. Будыгийыл уыцы æвирхъау хабар куы сæмбæлд æмæ йæ уый дæр куы фехъуыста, уæд фæцис дурдзавд, фæцис зæрдæхæлд, нал банцад йæ сæры рыст. Йæ цæнгтæ йын сбастой цавæрдæр æнæ уынгæ тыхтæ æмæ йын сæ нал суагътой аивазын. Æгæрыстæмæй йæ сывæллоны авдæны хæцъилтæ дæр нал уыд йæ бон ныхсын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Джетæйы никуыдæм ауагъта Дзæрæхмæт. Æппæт Зæнджиаты фæндонæй. Быгъуылон æй цал уынды кодта, уал хатты Сохсы æхсæрдзæны донау йæ цæстысыгтæ тагъдысты йæ сау егъау тымбыл цæстытæй, кæд йæхицæн ныфсытæ æвæрдта æмæ-иу йæхи фæфидар кодта, уæддæр. Иy хæдзары цæргæйæ та Джетæйæн æнæ уынгæ цы уыд. Уæлдайдæр та уымæн, æмæ хæдзары зылдтытæ бакæнын фæстагмæ фылдæр æрхаудтой Джетæмæ. Сывæллонмæ дæр фылдæр уый зылд. Кæд Быгъуылонмæ æххуысмæ цыдысты Зæнджиаты иннæ чындзытæ, уæддæр хæдзарæй-хæдзармæ иу иннæйы дарæг никуы уыд. Алкæмæн йæхи зылдтытæ дæр кæнинаг уыдысты. Алкæй йæ бинонтæм, йæ сывæллæттæм зилын хъæуы. Хæдзары змæлдæн та кæрон никæцыма сылгоймаг ссардта.

Джетæ, хæдзары тыхст уавæрмæ кæсгæйæ, нæлгоймаджы куыстыты æмрæнхъ кæнын райдыдта сылгоймаджы куыстытæ дæр. Нæлгоймаджы куыстыты стырдæр æргъом та рахауд Дзæрæхмæтмæ.

Тыхстысты дыууæйæ дæр, фæлæ кæмæн бабуц кодтаиккой сæхи, кæмæн скуыдтаиккой, кæд æмæ уыдтой, сæ хъысмæт сæ афтæ стыхсын кодта, уый.

Кæддæр Дзæрæхмæтæн чидæр ской кодта, кæдмæ афтæ тыхстæй цæрдзыстут, дыггаг ус æрхæсс, зæгъгæ. Фæлæ йæ уый кæронмæ дзурын дæр нал бауагъта. Загъта йын:

– Æз Зæнджиаты Дзæрæхмæт дæн, æмæ мæ мыггаджы cæp дæр æмæ мæхи cæp дæр худинаггагмæ не ‘руадздзынæн. Мæ бинойнаг Быгъуылоны удæгасæй æндæр сылгоймаг мæ хæдзармæ æркæнон, уый мæ сæрмæ не ‘рхæсдзынæн. Амæй фæстæмæ ма мæм уыцы уынаффæ зæгъын чи æрбауæнда, уымæн æй нæ ныббардзынæн, улæфгæ дæр мæм æй мачиуал бакæнæд.

Æмæ, æцæгдæр, кадджын, дзыллæйы агуырд лæг Дзæрæхмæтмæ уыцы фæндон бадзурын ничиуал бауæндыд. Тасолтан æмæ иннæ хистæртæ арæх бадтысты йæ цуры, æххуыс ын кодтой, ирхæфстой йæ йæ мæт, сагъæстæй. Адæмы цæстмæ йæхи фидар дардта. Раст ыл цыма ницы ‘рцыд. Адæм, уæлдайдæр та йе ‘рвадæлтæ, афтæ æнхъæлдтой, æмæ фæразон лæг у Дзæрæхмæт. Тасолтан иухатт ныхасы дæр радзырдта:

– Адæмы фарнæй уæ бауырнæд, тынг домбай лæг у нæхи Дзæрæхмæт. Нырма нæ кæмтты ничима фæлæууыд афтæ фидар. Йæ уарзон фыртæй йæ амæлæты фæстæ йæхицæн знаг скодта. Фидар фæлæууыд, стæй ныр цы фæразы фыдæн æмæ мастæй, уый та уæлдай. Адæм дæсны сты, æгас Ирыстон ын уæгъды нæ кæнынц стыр кад æмæ цыт.

Дзæрæхмæт адæмы раз, йæ мыггаджы цæстмæ йæхи æцæг фидар æвдыста, фæлæ йыл комдзог цыд йæ сæры хил. Йæ рæсугъд сау сæрыхъуын уайтагъд цъæх халас хæссын байдыдта æмæ, рæстæг куыд цыд, афтæ фæурс. Æмæ куыннæ, кæд-иу Дункæ æрбафтыд искуы иу хатт, уæд-иу се ‘ппæтæн дæр фенцондæр, фæлæ уымæн дæр йæхи сывæллон Сосланы æмгар уыд, стæй – йæ хæдзар. Æмæ та-иу уайтагъд цæуыны къахыл ныллæууыд.

Быгъуылон хуыздæр ницæмæй кодта. Йæ бон æрмæстдæр уыдис йæ фырт Сосланæн дзидзи бадарын, æндæр æппындæр ницы. Сывæллон-иу йæ авдæны куы скуыдта, уæд иу æм бацыд Джетæ, райхалдта-иу æй, йæ хуылыдз хæцъилтæ æмæ дзауматæ-иу ын раивта ногæй. Ныхсадта-иу æй, батыхта-иу æй чысыл хъæццулы æмæ-иу æй бахаста Быгъуылоны хуыссæнмæ. Уыцы рæстæджы-иу уый йе ‘ргом къулы ‘рдæм аздæхта, Джетæйы куыд нæ уына, афтæ. Джетæ-иу Сосланы æрæвæрдта йæ мады чъылдыммæ хуыссæны æмæ-иу ацыдис. Быгъуылон-иу, йæ цæстысыгтæ калгæ, раздæхта йе ‘ргом йæ сабимæ, бафсæста-иу æй йæ дзидзийы хъуырттæй, фæпъатæ-иу ын кодта, стæй-иу æм фынæй кæнын куы ‘рцыд, уæд та-иу æй афтæ ныууагъта æмæ та-иу йе ‘ргом къулы ‘рдæм аздæхта. Джетæ та-иу æрбацыдис æмæ-иу æй райста, ахаста-иу æй æмæ та-иу æй авдæны бабаста. Уызта йæ, алолайы зарджытæ йын кодта, цалынмæ-иу чысыл Сослан ногæй бафынæй, уæдмæ. Цæмæй зыдта уый мæгуыр мады тухитæ, кæцæй æмбæрста, Джетæйы зæрдæ дæр йæхи къултыл кæй хойы, уый.

Уыцы рæстæджы та-иу мад йæ цæстысыгæй æхсадта йæхи, радта син-иу сæрибар фæндаг æмæ та-иу згъордтой йæ мæллæг фæлурс уадултыл. Баз ногæй ныххуылыдз кæнынмæ.

Афтæмæй бонтæ цыдысты, хуыздæрæй сын ницы хастой, æрмæст Сослан рæзтис. Фæцис къахыл цæуынхъом, æмæ уæд се ‘ппæтæн дæр фæзынд хиирхæфсæн. Сослан-иу кæм фæзынд, уырдæм-иу цыма цины хос йемæ бадавта, уыйау-иу иууылдæр бахъæлдзæг сты. Йæ хъæр-иу кæцæй райхъуыст, уырдыгæй-иу цыма æнкъарддзинад йæ тæссæй фæлыгъд, уыйау-иу фесты. Хатгай-иу Быгъуылон дæр йæ цинæй йæ мидбылты бахудтис, æмæ-иу æм цыма цавæрдæр тыхтæ бафтыд, уыйау-иу ын фенцондæр. Йæ хъæбулы цинæй-иу йæ цардæй ныббуц, сæнæниз иу цыма…

Сослан æдæрсгæ къахыл куы ауадис, уæд Джетæ афтæ арæх нал цыдис Быгъуылоны цурмæ, æмæ уый иуцасдæр æхцондзинад хаста йæхицæн дæр æмæ хæдзары æфсинæн дæр. Афтæмæй сындæггай Зæнджиаты хæдзармæ æмæ се ‘рвадæлтæм дæр здæхын байдыдта царды цин.

Иуахæмы Дзæрæхмæт æмæ Тæсолтан Джетæйæн сфæнд кодтой ус курын. Фæдзырдтой йæм, загътой йын сæ фæнд, фæлæ сын фæсыкк ис. Джетæ загъта:

– Куыддæр уый сфæнд кæнат, афтæ ардыгæй мæ сæр фесафдзынæн. Ацы бæсты æввахс нал ацæудзынæн.

Бæргæ ма йæм фæхатыдтой, фæлæ, Джетæ ‘фсæрмы кæд кодта йæ хистæртæй, уæддæр ком нæ радта.

Зæххыл цал адæймаджы цæуы, уал зæрдæйыхатты, удысконды сын ис. Уалхуызон у цардмæ сæ цæстæнгас, уалхуызон аргъы кæнынц царды цаутæн дæр. Æмæ диссаг у Дзæрæхмæт æмæ Быгъуылоны зондахаст æмæ удыхъæд. Цæй фидар разындысты! Сæ риуты цы зæрдæтæ уыдис, уыдон хъуамæ æппæт адæмæн дæр баззаиккой æмæ сæ æмбисондæн хæссиккой. Бирæтæ бафæраздзæн афтæ, æмæ дæ уарзон фырты марæгимæ, – барæй уыд, æнæбары, – уæддæр мæлæты бонмæ фæцæр! Кæд æй дзидзидай сабийæ сæхæдæг схъомыл кодтой, уæддæр.

Ахæм æмбисонд макæуылуал æрцæуæд. Саукуыдз, Дзæрæх æмæ Быгъуылон та мæрдтæй сызгъæрин талатæ суадзæнт. Фæстагæттæн бафæзминаг хиуылхæцгæ, уæздан æмæ бирæвæрсыг зонд чи ныууагъта!

Ацы æвирхъау хъуыддаджы бафæзминаг у Зæнджиаты мыггаджы ахаст æрцæугæ цаумæ. Æвæццæгæн, уый мидæг ис сæ мыггаджы кад æмæ цардыуагмæ æмбæлон зондахаст.

 

КÆРОНБÆТТÆН

Азтæ размæ згъорынц æмæ ивынц, æппæт адæмты дæр царды гуылфæнтæм хонынц. Уыдон кæй кæм аууæрддзысты, кæй кæм арæвдаудзысты, кæнæ бацардхуыз кæндзысты, уый рагагъоммæ ничи зоны. Рæстæг – æвдадзы хосгæнæг. Уый алцы дæр ферох кæнын кæны, балæгъз кæны къуыбыртæ æмæ дзыхъхъытæ, царды рауадзы ног æмæ ног хæрзтæ. Быгъуылонæн дæр йæхи басæттын кодта. Сдзырдта Джетæмæ. Дардта йæм хъæбулы зæрдæ.

Зæнджиаты Дзæрæхмæтыл ма Уæллаг Мызуры æрцыд иу зиан. Ахицæн йæ цардæй бирæ тухиты фæстæ Быгъуылон.

Джетæйыл рацыд дыууиссæдз азæй фылдæр. Уый Сосланимæ афтæ схæлар, æмæ йæ уый сразы кодта хъуыддаг бакæныныл. Йæхи æфсон ын ракуырдта, Дзæрæхмæт æмæ иннæ хистæрты разыйæ ус, уый дæр та Быгъуылон. Уыимæ Джетæйы ныууагътой хохы цæргæйæ æд фæллой, сæхæдæг цæрынмæ афтыдысты Ставд-Дуртæм. Ам стыр чындзæхсæв скодтой Сосланæн.

Фæзиан Дзæрæхмæт. Банцад йæ кусынæй домбай лæджы зæрдæ.

Джетæйæн рацыд цот дыууæ чызджы. Амард Уæллаг Мызуры. Сослан йæ фыдæлтау payад адæмы уарзон, зондджын, хъæбатыр, зæрдæуæрæх æцæг лæг. Уыдис адæмы нывыл цардыл тохгæнæг. Рацыдис ын хорз цоты къорд. Сты амондджын æмæ цардбæллон. Мысынц сæ фыдæлты хорздзинæдтæ æмæ сæ фæзмынц. Адæмы чи уарзы, уый адæмæн уарзон у. Ахæм сты Сосланы цот æмæ æгас Зæнджиаты кæстæртæ дæр.

Сослан амардис Ставд-Дурты. Йæ кæстæртæн цард æмæ амонд ныууадзгæйæ.

Фыст у Зæнджиаты Верайы мысинæгтæм гæсгæ.
Уый райгуырд 1912 азы, фæцард 92 азы