ЦИГСИИ 105 азы

ХЪАНЫХЪУАТЫ Зæлинæ

Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты директор, историон наукæты доктор, профессор, РЦИ-Алани æмæ Хуссар Ирыстоны наукæты сгуыхт архайæг, УНА-йы Дзæуджыхъæуы центры президиумы уæнг, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы цур ирон æвзаг хъахъхъæныныл æмæ йæ рæзтыл кусæг къамисы уæнг. Зонадон журнал «Известия СОИГСИ»-йы сæйраг редактор. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат.

ЗОНАДЫ БÆРЗÆНДТÆМ ФÆНДАГАМОНÆГ ИНСТИТУТ

105 азы сæххæст Цæгат Кавказы рагондæр зонадон уагдон – Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институтыл (ЦИГСИИ).

Институты истори райдыдта 1919 азы 26 октябры Ирон историон-филологон æхсæнады сæвзæрдæй. Уый уыд «историон æмæ удварны хæзнатæ æмбырд æмæ ахуыр кæныны нысанимæ арæзт хæххон адæмты фыццаг зонадон уагдон». Мидхæсты æмæ фæсхæс-ты змæст рæстæджыты Ирыстоны разынд ахæм адæймæгтæ, нæ историон-культурон бынтæ бахъахъхъæнын æмæ раиртасын кæй хъæуы, уый чи æмбæрста. 1923 азы Æхсæнад хаст æрцыд Уæрæсейы Федерацийы зонадон æхсæнæдты номхыгъдмæ, 1925 азы та сси институт. Йæ сарæзтыл разæнгардæй архайдтой профессортæ Мысыкаты Мæхæмæт, Æлборты Барысби, Дзагуырты Гуыбады æмæ иннæтæ. Институты дарддæры райрæзтыл ахъаззагæй бацархайдтой зындгонд ахуыргæндтæ Кокиты Георги, Евгени Крупнов, Абайты Васо, Борис Скитский æмæ æндæртæ.

Æхсæнады, фæстæдæр та институты куысты ахсджиагдæр къабæзтæй иу уыд адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады хæзнатæ, фольклорон æмæ этнографион æрмæджытæ æмбырд кæныны хъуыддаг. Хохаг хъæутæй хуынд цыдысты зындгонд кадæггæнджытæ, уыдоны ныхæстæй фыст æрцыдысты тынг бирæ зарджытæ, таурæгътæ, кадджытæ. Уый фæстæ мыхуыргонд цыдысты чингуыты сери «Ирон адæмон сфæлдыстады хæзнадонæй» («Памятники народного творчества осетин»), зæгъгæ, уым. Ома сери у институтæн йæхи «æмгар».

Абон уыцы куыст кæны Фольклор æмæ литературæйы хайад. Хайады сæргъы лæууы филологон наукæты доктор Сокаты Дианæ. 2010 азы ацы чингуыты сери «Ирон новеллистикон аргъæутты» дыууæ томæй (ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл) фæхъæздыгдæр кодта Хæмыцаты Тамарæ, фæстæдæр та йыл «Алæмæты аргъæуттæ» бафтыдта Сокаты Дианæ (уый дæр дыууæ томæй ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл). Æмбырдгæндтæм хаст æрцыдысты, ЦИГСИИ-йы зонадон архивы чи уыд, уыцы аргъæутты æппæт варианттæ дæр. Чингуытæ ифтонггонд сты биноныг фиппаинæгтæй. Бындур æвæрд æрцыд ног сери «Ирыстоны кадæггæнджытæ»-йæн дæр.

Æхсæнады куысты фыццаг къабаз уыд нартзонынад. Хайад абон дæр разæнгардæй архайы йæ райрæзтыл – Нарты эпос зонадон æгъдауæй иртасыныл. Йæ рæстæджы Ирон историон-филологон æхсæнад самал кодта Тугъанты Махарбеджы, Санаты Гацыры, Æмбалты Цоцкойы къухфыстытæ, тынг бирæ зарджытæ æмæ кадджыты тексттæ. Уымæй уæлдай Æхсæнады уæнгтæ кодтой зонадон куыст – ууыл дзурæг сты æмбырдты суагъæтæ. Уыцы суагъæты фидаргонд æрцыд æхсæнады уæнгты докладтыл биноныг æрныхас. Зæгъæм, æвзæрс-тæуыд Къубалты Алыксандры «Нарты эпосы равзæрды фарстамæ» æмæ «Ирон нæртон зарджыты равзæрды фарстамæ», Тугъанты Махарбеджы «Чи сты нартæ?», Æлборты Барысбийы «Æмбалты Цоцкойы æмбырдгонд Нарты кадджытæ» æмæ æндæр докладтæ.

Суанг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты дæр институт нæ ныууагъта йæ куыст: арæзт цыдысты экспедицитæ, дысвæлдæхтæй куыстой ахуыргæндтæ Нарты кадджыты тексттимæ. Уыцы егъау куысты фæстиуæг – Нарты кадджыты рауагъд ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. 1940 азы ноябры республикæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд Нарты комитет. Уый разамындæй институт мыхуырмæ бацæттæ кодта Нарты эпосы иугонд текст æмæ йæ мыхуыры рауагъта 1946 азы. Архивы баззад инæлар Плиты Иссæйы тел. Уый арфæ кæны институтæн хæсты азты йæ «иузæрдион æмæ æнæнцой фыдæбоны тыххæй».

1956 азы Максим Горькийы номыл Литературон институт æмæ Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институт æмвæндæй, æмдыхæй сарæзтой фыццаг наукон конференци нартзонынады фарстатыл. Уый фадат радта зонады ацы къабазы дарддæры райрæзтæн. Ныртæккæ дунеон зонадон конференци «Нартзонынад XXI æнусы: нырыккон парадигмæтæ æмæ интерпретацитæ» институтæн у традицион.

Нарты эпос иртасыны хъуыддагмæ егъау бавæрæн бахастой Хæмыцаты Тамарæ, Джыккайты Шамил, Гуытъиаты Хъазыбег. Институты фольклориртасджыты хъæппæрисæй арæзт æрцыдысты проекттæ: «Нарты кадджытæ. Ирон адæмы эпос» авд томæй (Хæмыцаты Тамарæ); «Ирон Нартиадæйы энциклопеди» æртæ томæй (Цыбырты Людвиджы разамындæй). Энциклопеди у, нарты эпосы хъайтартæ, архайджытæ, сюжеттæ, символтæ, фæлгонцтæ æвдыст кæм æрцыдысты, ахæм рауагъд. Дзырдæуы дзы йæ саразджыты истори, культурæ, цардыуаг æмæ дунеæмбарынадыл, адæмтимæ бастдзинадыл, кадæггæнджытæ, ахуыргæндтæ, фысджытæ, нывгæнджытæ, скульптортæ, композитортыл.

Фольклористикæ æмæ литературæиртасынады рæзт баст у Ардасенты Хадзыбатыр, Хæдарцаты Азæ, Салæгаты Зойæ æмæ иннæ ахуыргæндты нæмттимæ.

Фольклор æмæ литературæйы хайад иртасы ирон адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстад æмæ мифологи (Тахъазты Федар, Хъуыссæты Зæлинæ), музыкалон фольклор (Дзлиаты Дзерассæ), аивадон культурæ (Фидараты Римæ), литературæзонад (Мамиаты Изетæ), аивадон тæлмац (Дзапарты Елизаветæ) æмæ сывæллæтты литературæйы (Брытъиаты Анжелæ) фарстатæ. Мамиаты Изетæ ацы аз мыхуырмæ бацæттæ кодта «Къостайы дзырдуат» æртæ томæй.

Хъæздыг истории ис Ирон æвзагзонынады хайадæн. 1920-æм азты иртæстæуыд ирон æвзагзонынады ахæм фарстатæ, куыд ирон фыссынады эволюци, ирон графикæ (Æлборты Барысби), иумæйаг литературон æвзаг ирон æвзаджы æртæ къабазæн (Тыбылты Алыксандр), ирон графикæ латинаджы бындурыл (Дзагуырты Гуыбады), ирон дамгъуат æмæ а.д. Уыцы азты мыхуыры рацыдысты Всеволод Миллеры æртæтомон «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат», Æлборты Барысбийы «Ирон æвзаджы цыбыр грамматикæ». Уыдонæн стыр ахадындзинад ис ирон æвзагзонынады рæзты.

Хайад царды рауагъта тынг ахсджиаг бындурон проекттæ, иртæст цæуынц вазыгджын этнолингвистон фарстатæ (Бесолты Еленæ, Абайты Фатимæ), куыст цæуы æвзаджы дыгурон диалекты фарстатыл (Цæллагты Искрæ). Арæзт æрцыдысты къорд фундаменталон дзырдуаты, уыдонимæ: «Ирон-уырыссаг-англисаг дзырдуат» дыууæ томæй (редактор Гуыриаты Тамерлан); «Стыр уырыссаг-ирон дзырдуат» æмæ «Нырыккон уырыссаг-ирон æмныхасгæнæн» (разговорник) (Гуæцæлты Ларисæ, Парсиаты Ларисæ); «Ирон-уырыссаг дзырдуат» цыппар томæй, кусын ыл райдыдта Гуыриаты Тамерлан, кæронмæ йæ сарæзта йæ чызг Гуытъиаты Эльмирæ. Ныртæккæ уый кусы дыууæтомон «Фразеологон дзырдуат»-ыл.

Хайады сæргълæууæг у æрыгон ахуыргонд, филологон наукæты кандидат Дарчиты Мæдинæ. Уый æнгом кусы Уæрæсейы зонæдты академийы Æвзагзонынады институтимæ, разамынд дæтты царды рауадзыны аккаг лингвистикон проекттæн, архайы ирон дзыхæйдзургæ æмæ фыст текстты националон сконд фæхъæздыгдæр кæныныл электрон проект «Ирон æвзаджы дзырдвидыды электрон дзырдуат»-ы фæлгæты.

Историйы хайад у институты рагондæр зонадон хайæдтæй. Бирæ азты дæргъы историктæ æдæрсгæ æмбырд кодтой Ирыстоны тыххæй æрмæджытæ æмæ сæ мыхуыры уагътой æмбырдгæндтæй, иртæстой уырыссаг-ирон ахастытæ, хохæгты алыгъд Туркмæ æмæ æндæр фарстатæ. Уыцы рæстæг цы политикон цардарæзт æрфидар, уый домын райдыдта ног зонадон тематикæ, цæмæй фылдæр æргом здæхт цыдаид кълассон тохы, революцион змæлды, граждайнаг хæсты, большевизмы историимæ баст фарстатæм. Институты историкты æхсæн уыд диссаджы курдиатджын адæймæгтæ – Кокиты Георги, Борис Скитский, Тотойты Михал, Дзанайты Аким æмæ æндæртæ. Фæсхæсты азты сæ размæ лæууыдис вазыгджын хæс – «Цæгат Ирыстоны истори» мыхуырмæ бацæттæ кæнын. Йæ фыццаг том рухс федта 1959 азы.

Абон хайадæн разамынд дæтты историон наукæты доктор, профессор Еленæ Кобахидзе. Фæстаг азты историктæ барæвдз кодтой къорд фундаменталон куысты скифтæ æмæ алантæ-ирæтты истори æмæ культурæйы тыххæй (Гутнаты Феликс, Туаллæгты Алан), сарæзтой ирон æмæ цæгаткавказаг социумы рацарæзты хуызæг историон змæлды йæ бирæнымæц хæйттимæ (Еленæ Кобахидзе, Айларты Светланæ, Цориты Ингæ, Чочиты Георги, Цыбырты Герлик, Дарчиты Светланæ, Дзалаты Камилæ, Хуыбылты Эдæ, Гуытъиаты Эльвирæ), раргом кодтой, транформацион процессты цыд æмæ арæзт чи бæрæг кæны, уыцы архайæг тыхтæ. Сæ куысты сæйраг фæстиуæг сси «Ирыстоны истори» дыууæ томæй. Уым фыццаг хатт Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссармæ ахуыргæндтæ æркастысты куыд иу историон-культурон процессы хæйттæм.

2019 азы мыхуыргонд æрцыд æрмæджыты æмбырдгонд «AlanisiveAas» – «Аланы-осетины». Уырдæм хаст æрцыдысты, аланты-ирæтты историон æмæ этнокультурон бастдзинады фарстатæ æвдыст кæм цæуынц, ахæм æрмæджытæ астæуккагæнусон æвдисæнтæй, уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндты куыстытæй, академион æмæ энциклопедион чингуытæй.

Хайад стыр куыст кæны æрыгон ахуыргæндтæ цæттæ кæныны хъуыддаджы дæр. Ног фæлтæр кусы, зæгъæм, ахæм темæтыл, куыд алайнаг-персайнаг историон æмæ культурон бастдзинæдтæ (Хъаныхъуаты Зауыр), 1920 – 1930-æм азты периодикон мыхуыры истори (Засеты Георги), мобилизацион экономикæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты (Сечъынаты Сослан), Ирыстоны социалон-экономикон райрæзт 1960-æм азты (Бабаты Тамерлан).

Традицитæ хъахъхъæнгæйæ, институт аразы ног зонадон проекттæ. Историон наукæты доктор Цыбырты Людвиджы разамындæй этнологийы хайад бацæттæ кодта ирон адæмы традицион культурæйы тыххæй куыстытæ: «Ирон этнографион энциклопеди», коллективон монографи «Ирæттæ». Дзæвгар у Кцойты Султанæйы, Гоститы Ларисæйы, Хадыхъаты Алинæйы, Багаты Аланы, Дарчиты Анзоры, Дауиаты Тамарæйы монографитæ æмæ зонадон уацты нымæц дæр, – уыдоны иртæст цæуынц ирон адæмы этнографийы алыхуызон фæзилæнтæ.

Институты ног зонадон-иртасæн архайд здæхт у Кавказы адæмты генеалогимæ. Йæ бындурæвæрæг – историон наукæты доктор Мæрзойты Ислам-Бег – Америкæйы, Канадæйы, Турчы, Сирийы, Азербайджаны цæрæг ирæтты тыххæй фыст монографитæ æмæ уацты автор. Сарæзта генеалогион иртасæнты методикæ дæр.

Археологийы хайады (йæ разамонæг – историон наукæты доктор Туаллæгты Алан) æвæджиауы проект у Дæргъæвсы археологон экспедици. Институты археологтæ Дзаттиаты Руслан, Туаллæгты Алан, Цуциты Аслан Национ музейы кусджытимæ иумæ ракъахтой, йæ фæзуат 40 гектары бæрц кæмæн у, ахæм цыртдзæвæн. Уый хаст цæуы VII – XI/XII æнустæм. Катакомбæтæй ист алыхуызон дзаумæтты нымæц у 1500 иуæгæй фылдæр. Уыдон дзурæг сты хохаг кæмтты æмæ быдыры цæрæг аланты æмбастдзинадыл, сæ уæрæх базарадон-экономикон æмахастытыл хæстæг æмæ дард регионтимæ.

Институты арæзт цæуынц æхсæндисциплинарон проекттæ дæр. Филологон наукæты доктор Сокаты Дианæйы разамындæй æххæстгонд æрцыд культурон-рухсадон проект «Алания от А до Я». Рауагъдæн ис энциклопедион ахаст. Хаст æм æрцыдысты уацтæ аланты-ирæтты рагон æмæ астæуккагæнусон истори æмæ культурæйы, этнологи, ирон æвзагзонынад, мифологи æмæ фольклоры фарстатыл. Алы уац дæр фыст у хуымæтæг, чиныгкæсæгæн æнцонæмбарæн æвзагæй.

Абон ахуыргæндты коллектив Цыбырты Людвиджы разамындæй кусы ног проектыл – дыууæтомон «Алайнаг энциклопеди»-йыл.

1980 азы байгом кодтой социалогийы хайад. Бирæ азты дæргъы йын разамынд лæвæрдта профессор Дзуццаты Хасан.

Социалон-политикон иртасæнты хайады Еленæ Федосовайы разамындæй кусынц Гæдиаты Анетæ, Бирæгъты Бæлæ, Борис Синанов, æрыгон ахуыргæндтæ Тургиты Зæринæ, Бигъуылаты Симон, Хапсæты Данæ. Уыдон æххæст кæнынц комплексон политологон æмæ социологон анализ, мониторинг, стæй архайынц, регионы социалон-политикон, экономикон æмæ этнополитикон уавæр райсомы бон цавæр уыдзæн, уый развæлгъау бамбарыныл.

Институты хъæздыг бынтæ цæстыгагуыйау хъахъхъæны Зонадон архив (йæ разамонæг – филологон наукæты кандидат Абысалты Раисæ) æмæ Зонадон библиотекæ (разамонæг – историон наукæты кандидат Дзагуырты Наталья). Уыдон æппынæдзух хъæздыгдæр кæнынц ног æрмæджытæй æмæ ивд цæуынц электрон хуызмæ. Стæм чингуыты фонды фылдæр хай электрон хуызмæ ивд æрцыд УФ-йы Президенты гранты æххуысæй. Хетæгкаты Къостайы 165 азы юбилеймæ ахæм хуызмæ кæронмæ раивдæуыд йæ къухфыстыты фонд.

Ацы ахсджиаг куыстытæ æххæст кæнынæн арæзт æрцыд сæрмагонд Лаборатори, йæ сæргъы – филолог Мырыкаты Иринæ. Архивон фондтæн электрон фæлгæт раттыныл архайынц Гуыриаты Маринæ, Багаты Индирæ, Дзуццаты Иринæ, Абысалты Жаннæ æмæ Хоруйты Мæдинæ.

Институтæн ис йæхи рауагъдадон хайад дæр (йæ разамонæг – Хъайтмазты Аллæ). Уым бæрзонд полиграфион æмвæзадыл мыхуыргонд цæуынц зонадон кусæндоны чингуытæ æмæ журналтæ.

Зонадон-ахуырадон хайад (йæ разамонæг – историон наукæты кандидат, директоры хæдивæг Гуытъиаты Эльвирæ) арæзт æрцыд академион æмæ уæлдæрахуырадон зонады интеграцийы нысанимæ æрыгон ахуыргæндтæн æххуысæн. Хайад бацæттæ кæны профилон уæлдæр ахуырадон уагдæтты студентты практикæ. Арæзт æрцыд æмæ къорд азы дæргъы уагъдæуы чингуыты сери «Фыццаг монографи», журнал «Известия СОИГСИ. Школа молодых ученых». Аспирантурæйы цæттæгонд æрцыдысты дæсгай дæсны зонадон специалисттæ истори, этнологи, æвзагзонынад æмæ литературæйæ.

Институты бындурæвæрджытæ кæддæриддæр æмбæрстой Уæрæсейы наукæты академиимæ æмбастдзинады, æмархайды ахсджиагдзинад æмæ йæ фидар кодтой. 2000 азæй нырмæ уыцы æмгуыстадæн ахъазгæнæг сси Уæрæсейы зонæдты академийы Историон-филологон зонæдты хайад. Уыцы хъуыддагмæ стыр æвæрæн бахастой УНА-йы Дзæуджыхъæуккаг НЦ-йы бындурæвæрæг Къусраты Анатоли æмæ Кучиты Агуыбе, кæцы бирæ азты дæргъы уыд институты разамонæг. Фидар кæнынц Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Цæгат Кавказы профилон институттимæ бастдзинæдтæ.

Цы суагъæтæ æмæ æндæр æвдисæнтæ баззадис, уыдонмæ гæсгæ бафиппайæн ис, Хуссар Ирыстоны зонадон æхсæнадимæ цы æнгом бастдзинад уыдис, уый дæр. Æмзонд-æмвæндæй дзырдæуыд бæстæзонады ахсджиаг фарстатыл, ирон æвзаг ахуыр кæныны методикæйыл, фольклорон-этнографион æрмæджытæ æмбырд кæныныл… Рацыд 105 азы, фæлæ уыцы фарстатæ абон дæр сты ахсджиаг. Институты кусджытæ архайынц ирон адæмы националон-культурон рæзты фарстаты æмæ ирон æвзаджы терминологон къамисты куысты.

1920-æм азты институты ныхас цыд Турчы ирон диаспорæйыл. Иу ахæм æмбырды архайдта Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Бекир-Сами-бей – Куындыхаты Муссæйы фырт. Бекир-Сами-бей биноныг радзырдта Турчы цæрæг ирæтты царды, поэт Мамсыраты Темырболатæн йæ къухфыстытæ Трапезунды кæй уыдысты, уыдæтты тыххæй. Фæстæдæр Хъаныхъуаты Инал кæй рафыста, Темырболаты уыцы æмдзæвгæты къопитæ лæвæрд æрцыдысты институты архивмæ. Абон ЦИГСИИ-йы ахсджиагдæр проекттæй иу у Турчы цæрæг ирон адæмы культурæ, истори, этнографи, æвзаг ахуыр кæнын. Уый уæлдай цымыдисаг уымæн у, æмæ нæ туркаг диаспорæ абон йæхиуыл æнкъары этнокультурæйы процесстæ.

Дунеон æмгуыстады традициты бындур æвæрд æрцыд 1920-æм азты Фæсарæнтимæ бастдзинады æппæтцæдисон æхсæнады фæрцы. Ацы къабазы уæзгæ къахдзæф акæнын уыд институты раздæры директор, Ирыстоны зындгонд æхсæнадон æмæ политикон архайæг Таболты Сергейы (Солтанбеджы) хъæппæрис. Уый 1993 азы бацæттæ кодта экспедици «Via Alaniсa» («Аланты фæндаг»). Абон æхсæнадæмон куыст æвæрд у бæрзонд æмвæзадыл – арæзт цæуынц экспедицитæ, ирæттæ кæм цæрынц, уыцы бынæттæм, архайдæуы зонадон конгрессты. Ацы аз æвзагзонынады хайады хистæр зонадон кусæг Абайты Фатимæ уыд Цæгаткавказаг æвзæгты æппæтадæмон симпозиумы Анкарайы. Рæзы Табатабаийы, Тегераны университеттимæ æмгуыстад. Институты ахуыргæндтæ архайдтой конференциты Италийы, Хорватийы, сæ дæсныдзинад фæбæрзонддæр уа, уый нысанимæ та нæм æрцыдысты Германы, Турчы æмæ Ираны ахуыргæндтæ.

1925 азы рацыд «Известия Осетинского научно-исследовательского института краеведения»-йы фыццаг номыр. Уый уыдис Ирыстоны фыццаг зонадон æрвылазон журнал, мыхуыргонд дзы цыдысты ирон фольклор æмæ литературæйы, истори, аивад æмæ этнографийы æрмæджытæ, архивон æвдисæнтæ. Æдæппæтæй дзы мыхуыры рацыд 31 номыры, йе ‘ппæт æрмæджытæ дæр æмткæй – ирон адæмы историон-филологон комплексон раиртæст. Рауагъды традици фæкъуыхцы УСФСР-йы Мыхуыры комитеты уынаффæмæ гæсгæ – регионты журналтæ тематикон æмбырдгæндтæй ивд æрцыдысты. 2007 азы журнал сног. «Известия СОИГСИ» схонæн ис кавказзонынады фарстатæн æхсæнадæмон фæзуат. 2015 азы декабры журнал хаст æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæр аттестацион къамисы зонадон рауагъдты номхыгъдмæ. Æрæджы уыр-дæм хаст æрцыд ЦИГСИИ-йы ног журнал «Kavkaz-Forum» дæр.

Институт у цалдæр зонадон форумы бындурæвæрæг: «Миллеры номыл конференци» («Миллеровские чтения»), «Нартзонынад XXI æнусы: нырыккон парадигмæтæ æмæ интерпретацитæ» («Нартоведение в ХХI веке: современные парадигмы и интерпретации»), «Гуыриаты Тамерланы номыл конференци» («Гуриевские чтения»), «Кавказы адæмты генеалоги» («Генеалогия народов Кавказа»), Æрыгон ахуыргæндты æппæтдунеон историон-филологон скъола-конференци, Дунеон скъола-конференци «Кавказ йæ ивгъуыды æмæ абоны: истори, археологи, культурæ» (Международная школа-конференция «Кавказ в его прошлом и настоящем: история, археология, культура»).

Институты æнусыккон историйы æмæ йæ ахуыргæндты æппæт фæлтæрты архайды сæйрагдæр фæстиуæг у, бæстæзонад комплексон наукон здæхт кæй сси, уый. Хауынц æм, дунеон æмæ уæрæсейаг истори æмæ культурæйы уæрæх фæлгæтты арæзт чи цæуы, æвзагзонынады, фольклор æмæ литературæйы, истори, археологи æмæ этнологийы, социологи æмæ политологийы ахæм иртасæнтæ.

Абон ЦИГСИИ сæрыстыр у йæ кусджытæй. «Схъомыл кодта» 15 наукæты докторы (уый у наукон коллективы æртыккаг хай), наукæты кандидатты æмæ, йæхиуыл зæрдиагæй чи кусы, йæ адæмы æвзаг, культурæ æмæ истори, уæлдай æгæрон уарзтæй та йæ институт чи уарзы, ахæм курдиатджын фæсивæды.

 Йæ ног сæдæазоны коллектив архайы, цæмæй историон æгъдауæй сфидаргонд зонадон фæндæгтæ хъахъхъæд цæуой æмæ рæзой амæй фæстæмæ дæр, ахуыргæндты хистæр фæлтæры фæлтæрддзинадмæ уа æмбæлгæ ахаст, æрыгон ахуыргæндты сфæлдыстадон хъæппæрисæн та – æххуыс. Æрмæстдæр афтæмæй ис бахъахъхъæнæн фæлтæрты бастдзинад нæ зонады рæзты сæраппонд.

 

ТУРЧЫ ЦÆРÆГ ИРÆТТÆМ БАЛЦЫ ÆРМÆДЖЫТÆ

Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты (ЦИГСИИ) кусджытæ проект «Анатолийаг ирæтты этнографи, æвзаг æмæ адæмон сфæлдыстад иртасыны тыххæй экспедици Туркмæ»-йы фæлгæты 2013 æмæ 2015 азты фембæлдысты Хъарс, Эрзрум, Селимæй рацæуæг туркаг ирæттимæ.

Ирыстойнаг ахуыргæндтæн бирæ цымыдисаг хабæрттæ радзырдтой Абысалты, Адцеты, Æлбегаты, Золойты, Хъаныхъуаты, Кцойты, Хекъилаты, Хосонты, Цъæхилты, Ногъайты, Хъарабугъаты æмæ иннæ мыггæгты минæвæрттæ. Чидæртæ дзы уыдысты сæ историон райгуырæн бæстæйы, чидæртæ – нæ, фæлæ иууылдæр цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц фыдæлтæй баззайæг удварны хæзнатæ, æнувыд сты ирон æвзагыл. Уымæ гæсгæ бахъахъхъæдтой бирæ æвдисæнтæ æгъдауæн, традицитæн, адæмон сфæлдыстадæн.

Ныр ахуыргæндтæ бæстон æвзарынц, цы æрмæг æрæмбырд кодтой, уый. Рухс фендзысты хицæн æмбырдгæндтæ, зонадон уацтæ æмæ монографитæ, гæнæн ис, æмæ ма экспедицитæ ноджы арæзт æрцæуой.

Абон уæ размæ хæссæм туркаг ирæтты мысинæгтæй хицæн сæргæндтæ. Æрмæг мыхуыргонд цæуы, информаторты ныхæстæй куыд фыст æрцыд, афтæ.

ИРОН АДÆМЫ ДÆСНЫЙÆДТЫ ТЫХХÆЙ НЫХАС

Абысалты Кая: Мах хъæуы æцæг уыди бирæ булкъонтæ, инженертæ, инæлæрттæ…

Сокаты Д.: Афтæ сын загътон, æмæ ныртæккæ Турчы цы ирон адæм цæрынц, уыдон иууылдæр сты хæстон адæмы сывæллæттæ, афтæ уыди æцæгæй?

Абысалты Кая: Цæмæн? Туркмæ куы ‘рбацыдысты, уæд сæхи тынг аивæй равдыстой. Ирон адæм бирæ уарзынц стъалытæ, ирон хæцæнгæрзтæ… Афтæ нæу? <…> Ирон дзаумæттæ… бæрцытæ, хъаматæ æндæр хъуыддæгтæ. Кæсын мæ фыдыфыды æфсæддон дарæсмæ. Стамбулы æфсады уыди.

Сокаты Д.: Аскер уыди?

Абысалты Кая: Мæнæ афтæ дыууæ ханкайы (нашивки) йын уыди. <…> Йæ пъагæттыл стъалытæ нæ уыди. Уыцы рæстæг хæст цыд, æмæ бирæтæ æфсæддон скъолатæм цыдысты ахуыр кæнынмæ. Ныр дæр афтæ у, æнхъæлдæн. Райдскъола куы фæуынц каст, уæд дарддæр ацæуынц уыцы фæндагыл. <…>. Ныр уый тыххæй Хъарсы хъæуты цæрæг нæ баззади, иууылдæр ахуырад райстой æмæ ацыдысты. Хъæуты дæр бирæ цæрджытæ нал баззади.

Сокаты Д.: Зæхкусæг нæ уыди? Зæрингуырд?

Абысалты Кая: Уыди, уыди. Фæлæ фылдæр æфсадмæ цыдысты. Абысалтæ кæд дæс уыдысты, уæд сæ æхсæз æфсады уыд. Æз зонын: мах хæдзарæй Айлар уыди, Ильвей, нæ хæрæфырттæ, уыдон дæр булкъонтæ уыдысты. Хъантемуртæ цал лæппуйы уыдысты? Æртæ лæппуйы уыдысты – дыууæ инæлары, иу та ахуырад нæ райста. Хосонтæй, Абысалты <…>. Уыдонæй дæр иумæ уыди цыппар стъалыйы <…> «карат» зæгъæм мах, Турчы радио æмæ телеуынынады сæрлæууæг уыди <…>. Ныр та нæ уарзæм æфсад. Ныр кусын хъæуы. Æхца нæй æфсадмæ. Турчы махæн сабыр цард нæй.

Сокаты Д.: Махмæ курдтæ хæстæг сты?

Абысалты Кая: Нæ зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ æвзагæй хæстæг стæм. Уый тыххæн фæзæгъын, ирон адæм зондджын сты, зæгъгæ. Мах ардæм æрбацыдыстæм сæдæ азы раздæр, зонæм туркаг æвзаг дæр, ирон æвзаг дæр, хорз бынæтты кусæм, нæ уавæртæ хæрзæрдæм раивтой, айстам нырыккон царды домæнтæ. Уыдон та дарынц сæхи адæмы цъухъхъатæ Турчы цæргæйæ <…> сæ уавæр афтæ у, æмæ хъуамæ сæ мадæлон æвзаг дæр зоной…

Сокаты Д.: «Балц» ныхас нæ уыди?

Абысалты Кая: Нæ уыди, мах æй ногæй базыдтам. Зарæджы уыди.

Сокаты Д.: Уæдæ куыд дзырдтой раздæр, зæгъæм, адæймаг кæдæмдæр фæцæуы, уæд?

Абысалты Кая: Зилынмæ цæуы <…>. Фæлæ революцийы фæстæ чи ‘рбацыди, уыдоны æз зыдтон. Бирæ адæм фæзиан ис… Уæхæдæг æй зонут, цæй аххосæй, уый.

Сокаты Д.: Баззадысты ма ам сомихæгтæ?

Абысалты Кая: Сомихæгтæ кæм цæрынц, уый зоныс? Курдæгтæ ныр дæр ис. Фæлæ сын цæрæн бынат нал ис. Колледжы ахуыр кæныны размæ æз Æрзрумы цардтæн, æмæ сæм уыд геноциды фæдыл мысæн бон. Уым загътой, ныццагътой нæ сомихæгтæ. Уый мартъийы дыууадæсæм бон вæййы. Иу бон æфсæнвæндагмæ ацæуынц бæлвырд бынатмæ. Æз дæр иу цалдæр хатты ацыдтæн уырдæм <…>. Мардтой уæд сомихæгты, курдты дæр, ирон адæмæй дæр бирæты.

Сокаты Д.: Уыцы рæстæг ма ирæттæй æфсады уыд?

Абысалты Кая: Нæ, афтæ нæй. Мах хъæу уыди сомихаг хъæу. Куы федтай уыцы хъæу. Уырдæм æрцыдысты кæсгæттæ, мæнæ ам кæм цæрын, уый сомихæгты хъæу уыди. Ныр дзы сæ номыл дур дæр нал баззад.

ФЫЦЦАГ ДУНЕОН ХÆСТЫ ТЫХХÆЙ ЦЫ ХЪУЫСТОЙ, УЫЙ ТЫХХÆЙ НЫХАС

Хъуысаты Садреттин: Æз дæр радзурон. Уыцы хæсты заман махонтæ цардысты Мусы. ‘Мæ сомихæгтæ паддзах Осман-султаны заманы туркаг адæмы æцæгæй дæр цагътой, ‘мæ, дам, мах хъæумæ дæр æрцыдысты æмæ загътой, иу фарс Уырыс айста, Карс, адон та Мусы цæрынц, ‘мæ, дам, амæй раздæр Осман-султан уыди паддзах, уый нал и, мах стæм паддзах, ‘мæ уæ къухы цы хæцæнгарз-æндæр ис, уыдон иууылдæр раттут, зæгъгæ.

Сокаты Д.: Уыдон сомихæгтæ загътой?

Хъуысаты Садреттин: ‘Мæ, дам, адон та загътой, мах нæ хæцæнгарз никæмæн ратдзыстæм.

Сокаты Д.:Мæ нæ радтой?

Хъуысаты Садреттин: О, нæ сын сæ радтой, фæлæ хъахъхъæдтой сомихæгты, тарстысты, куы ныббырсой æмæ адæмы куы амарой. Афтæмæй, дам, æхсæв-бонмæ хъахъхъæдтой хъæубæстæ. <…> Сомихæгтæ æхсæвыгон хъæумæ арвыстой иу хæрæг æмæ йæм дардæй кæсынц, исчи йæ размæ куы рацæуа, уæд нырма фынæй не сты, хъал сты. Ныббырсыны афон нæма у. Адон дæр тæрсынц, уæдæ æрцæуинаг сты, æмæ иу хъæу йеддæмæ не сты, сомихæгтæ та – бирæ. Уырыс нæ айста. Уыцы ран иу ирон хицау уыди, ‘мæ уыимæ бадзырдтой. Уый куы бамбæрста, хъæубæстæ æдас не сты, уæд, дам, загъта, æз ацы ран авд салдаты уадзын уæ хъæу хъахъхъæнынæн. Уыдон хъæуы баззадысты.

Сокаты Д.: Турчы салдæттæ?

Хъуысаты Садреттин: Нæ, турк нæ. Уырыссаг. Йæхæдæг уырыссаг хицау уыди. Ирон хъæу куы федта ‘мæ, куы базыдта, ахæм ис, уæд уым ныууагъта адæм, ‘мæ уыдон хъæу фæхъахъхъæдтой.

КАРЗ ÆФХÆРД ЦÆЙ ТЫХХÆЙ ÆМБÆЛД, УУЫЛ НЫХАС

Хосонты Хадизæт: Æз сывæллон уыдтæн, æмæ, сис не ‘хсæн, афтæмæй, нæ фарс чи цард, уыдонæн сæ сиахс йе ‘мбæлттимæ кæцæйдæр æрцæйцыди. Уыцы хæдзары та ног чындз уыди, бирæ йыл нæ цыди. Ацы æнæзонд адæм, æвæццæгæн, нозтджын уыдысты, æмæ йæ тохына куы фехсид сæ иуæн. Ныр, ногусджын чи уыди, уымæн йæ къухы топп, афтæмæй рацагайдта.

‒ Чи уыди? Мæнæн мæ тохына чи фехста, уый?

Сиахс, æнæзонд, балæууыди æмæ йын зæгъы: «Æз уыдтæн, дæ фыд мæ хъуыд». Æмæ сиахсы куы амарид. Уый абоны хуызы зонын. Æмæ цы ‘рцыди, уый йæ хойыл æрцыди. Раппæрстой йæ æддæмæ. Йæ сывæллæтты йын байстой, нæ лæджы нын де ‘фсымæр амардта, зæгъгæ. Æмæ, мæгуыр, цæй аххосджын уыди? Ныр уый, æмæ йæ къухы топп, æмæ куыд фæцæйлыгъди, мах æй уыдтам, сывæллæттæ уыдыстæм. Сæ размæ цæхæрадон уыд, æмæ уырдæм ныллыгъди. Стæй æрæмбырд сты адæм, хорз адæм и, дзæбæх адæм и, æхсарджын адæм и, ныхас чи зоны, ахæм адæм и, æмæ йæ бафидауын кодтой. Æмæ йæ худ ныккæны æмæ, лæппу кæмæн амардта, уыцы фыдæн йæ къухæн апъа кæны, йæ къæхтæн апъа кæны. Æмæ афтæ бафидыдтой, фæлæ судмæ нæ лæвæрдтой. Сæ хъуыддаг-иу сæхи ‘хсæн скодтой.

Мæ фыд дæс азы Заманхъулы моллодзинад фæкодта. Æмæ-иу хъæуы ахæм мард куы уыди, уæд-иу сын фидиуæг уыд.

ÆГЪДÆУТТЫЛ НЫХАС

Хъаныхъуаты З.: Куы ‘рбацыдыстут, уæд уæм ирон æгъдауæй цы баззади? Марды æгъдау куыд уыди?

Хосонты Хадизæт: Бозат ирон хъæу уыд, марды æгъдау пысылмон уыд.

Хъаныхъуаты З.: Марды фæдыл цавæр бонтæ аразут?

Хосонты Хадизæт: Марды адæм ‘рæмбырд вæййынц. Раздæр-иу афтæ уыди. Уыцы мыггагæй чи нæ уыд, уый-иу бæхыл сбадын кодтой æмæ-иу ацыди. Æмæ-иу кæдæм ацыди? Уæллагхъæумæ ацыди. Уыцы ран ма йæ хæстæг чи уыди, уый дуармæ. Йæ цыд дæр бæрæг уыди, ахæм хабар чи хаста, уымæн. Æмæ рахизæрдæм не ‘рхизы бæхæй? Ай та-иу галиуæрдæм æрхызти бæхæй æмæ йæ идæдзы бæх баласта. Æмæ-иу бацыди, æмæ, цы хæдзармæ ‘рбахаста уыцы хабар, уый дуармæ æрлæууыди æмæ рацыд æмæ-иу сын æй загъта. Фæстæмæ йæ бæх йæ идæдз раласта æмæ ацыди. Мидæмæ нæ цыдысты! Хабархæссæг мидæмæ нæ цыди! Æмæ ‘рæмбырд вæййынц, æмæ се ‘гъдау бакæнынц. Зæрæдтæ-иу дуармæ бадтысты. Авд æхсæвы-иу сæ хъуыраны фæкастысты. Авд æхсæвы. Къуыри-иу скодтой. Авд æхсæвы авд хатты скодтой, кæсын чи зыдта, уыдон. Се стъолыл – пырындз, афтæмæй. Фондз æмæ ссæдз хæдзары уыдысты Хосонтæ, авд нæ уыдысты. Уыцы хæдзары-иу алыхуызон кусарт, уæливых, алцы æрцыди, æмæ-иу уыцы адæмæн бахæрын кодтой. Дыккаг æхсæв та-иу иннæ æрбацыди æмæ-иу загъта: «Ацы æхсæв та æз скæнинаг дæн». Æмæ нæм ахæм æгъдæуттæ уыди. Ныр ахæлиу стæм, тынг лæмæгъ кæнынц.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ дыууиссæдзæм бон фæкæнут?

Хосонты Хадизæт: Нæ, къуыри скæнынц æмæ бирæ скæнынц, бацæуæнтæ-иу нæ уыди. Хæрд, уым бакæсынц, уым рæсугъд дуагъ фæкæнынц, афтæмæй ахæлиу вæййынц. Уый та дын дыууиссæдзæм бон.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ уæд дыууиссæдзæм боны ирон хæринаг вæййы?

Хосонты Хадизæт: Уæливых, фыдджын. Ирон хæринаг нæ ферох кодтам. Иууылдæр сæ кæнынц.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ уæливых куыд фæкæнут? Йæ хыссæйыл цы ныккæнут?

Хосонты Хадизæт: Хыссæйыл чи айк ныккæны, чи йыл æнхъизæн кæны. Афтæмæй йæ скæнæм. Йæ хуылфы йын картофæй.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ йæ кæм фæфыцыс? Пецыл æви уæлейы?

Хосонты Хадизæт: Къæйыл дæр æй кæнæм, пецыл дæр царвимæ. Царвимæ зын хæрæн вæййы. Махмæ къæйтæ ис, æмæ йæ къæйыл фыцæм. Царв ыл ныккæнæм, æмæ дзæбæх вæййы.

Хъаныхъуаты З.: Дзыкка фæкæнут?

Хосонты Хадизæт: О! Уый нæм и.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ дзыкка цæмæй фæкæнут?

Хосонты Хадизæт: Иутæ картофы дзыкка кæнынц, иннæтæ – цыхты дзыкка кæнынц.

Хъаныхъуаты З.: Насæй нæ фæкæнынц?

Хосонты Хадизæт: Насджынтæ кæнæм.

Хъаныхъуаты З.: Куыд кæнут насы дзыкка?

Хосонты Хадизæт: Насы дзыкка кæнæм æхсыримæ.

Хъаныхъуаты З.: Цыхт дзы нæ вæййы?

Хосонты Хадизæт: Нæ вæййы. Уæливых дæр насимæ куы фæкæнæм, уæд дзы цыхт нæ вæййы, вæййы дзы æрмæст цывзы, фиу дзы раздæр кодтой, фæлæ йæ адæм нæ уарзынц.

Хъаныхъуаты З.: Ныр нын чындзæхсæвы хабæрттæ ракæн. Чындзы куыд æрцæттæ кæнынц?

Хосонты Хадизæт: Хорз нæм вæййы. Иу æхсæв раздæр адæм æрæмбырд вæййынц, фæзарынц, фæкафынц.

Хъаныхъуаты З.: Фыццаг заман та?

Хосонты Хадизæт: Фыццаг заман ам, Турчы, чындзыл-иу скодтой ирон дарæс, фæлæ мæ заманы нал уыд. Скодтой-иу урс къаба, æз ирон дарæс нал федтон. Æз дæс æмæ æртиссæдз азы размæ ацыдтæн чындзы.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ чызджы скъæфгæ кодтой?

Хосонты Хадизæт: Скъæфт дæр нæм-иу уыди.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ скъæфт худинаг нæ уыди?

Хосонты Хадизæт:. Цæмæн уыди? Бафидыдтой-иу.

Хъаныхъуаты З.: Минæвар нæ уыди? Минæвар не ‘рвыстой?

Хосонты Хадизæт: Куынæ йын æй радтой, уæд-иу æй аскъæфта.

Хъаныхъуаты З.: Арæх уыди скъæфыны хъуыддаг?

Хосонты Хадизæт: Арæх-иу уыди æмæ нæ уыди дæр.

Хъаныхъуаты З.: Чызг-иу йемæ мыдыкъус не ‘рбахаста?

Хосонты Хадизæт: Мыдыкъус-иу уыди чындзæн.

Хъаныхъуаты З.: Йæ хæдзарæй йæ ‘рбахаста?

Хосонты Хадизæт: Нæ. Уыцы хæдзары-иу æй скодтой. Лæппуйы хæдзары йæ кодтой махмæ. Уый æддейæ хаст нæ уыди. Сæкæр-иу ныххостой æмæ йæ царвимæ скодтой, мыд уыди – уый нæ зонын. Куыддæр-иу æй айстой, афтæ йæ лæппутæ ахастой. Дзæбæх æгъдæуттæ уыд фыццаг, фæлæ ныр нал сты.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ ныр дæр фæкæнут мыдыкъус?

Хосонты Хадизæт: Ныр нал и уыцы æгъдау.

Дзапарты Е.: Ирæд-иу уыди?

Хосонты Хадизæт: Ирæд нæм нæй. Фыццаг уыди.

Дзапарты Е.: Бæрæг аргъ уыди ирæд?

Хосонты Хадизæт: Бæрæг аргъ уыд. Сæдæ фæндзай æхцайæ.

Дзапарты Е.: Фосæй нæ уыд?

Хосонты Хадизæт: Куы йæм нæ уыд æхца, уæд цы кæна?

Бирæгъты Б.: Бæхæй лæвæрдтой ирæд?

Хосонты Хадизæт: Нæ! Бæх уыди лæварæн ирон адæммæ. Уыдæттæ йæ сæрмæ ничи хаста. Æрмæст æхца. Æндæр ницы, æмæ йæ сарæзтой. Фыццаг мæгуырдзинад бирæ уыди. Ныр сынтæг, гардероб иууылдæр чызгæй.

Дзапарты Е.: Куыд-иу бафидыдтой дыууæ мыггаджы скъæфты фæстæ?

Хосонты Хадизæт: Зæронд лæгтæ-иу бафидыдтой. Дзуапджын лæгтæ. Фыд кæмæн нæ уыд, фыдыфсымæр-иу бафидыдта.

ТУГИСЫНЫ ÆГЪДАУЫ ТЫХХÆЙ НЫХАС

Хъаныхъуаты З.: Æмæ-иу дыууæ мыггаджы туджджынтæ куы уыдысты, уæд-иу куыд бафидыдтой?

Хосонты Хадизæт: Хосонтæ иу лæджы амардтой, æмæ сæ иууылдæр сыстын кодтой. Медойтæй уыдысты. Сыстын сæ кодтой, махæй ацыдысты. Лæг та фесæфти. Аслан Медойтæй нæ бакуымдта Бозатæй ацæуын. Æз, дам, нæ цæуын. Чи амардта, уый алыгъди æмæ æдде амарди.

Дзапарты Е.: Цæмæй дыууæ мыггаджы бафидауой, чызг нæ лæвæрдтой?

Хосонты Хадизæт: Нæ, нæ уыди. Ахæм хъуыддæгтæ ирон адæм сæ сæрмæ нæ хастой. Æрмæст-иу загътой: «Кæстæртыл хъуыды кæнут». Кæрæдзи куы марой? Балæгъстæ кæнынц адæм. Уыцы марды хицау адæмы хатыр нымайы æмæ бафидауынц. Фæлæ судмæ нæ лæвæрдтой, сæхи мидæг арæзт цыди сæ хъуыддаг. Ирон адæммæ сæхи мидæг лыг кодта хъуыддаг. Мæ фыд Заманхъулæй æрмæст иу хъуыддаджы тыххæй ацыди. Иу мард æм æрцыди æмæ йæ цæхсадтой, æмæ йæ баныгæдтой. Ныр, кæй баныгæдтой, уымæн йæ мад йе ‘фсымæртимæ зæгъынц: «Махæн нæ лæппуйы йæ ус амардта». Мæ фыды судмæ акодтой æмæ загъта: «Æз никуы федтон ахæм хъуыддаг. Нæ фæгуырысхо дæн, мард куыд вæййы, афтæ йæ цæхсадтон æмæ аныгæдтон». Заманхъулы нал ныллæууыди. Уый хатырæн нал ныллæууыди.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ кæдæм рацыди уæд?

Хосонты Хадизæт: Афтæ йæ загътой. Æцæг уыди, гæды уыди, ничи йын ницы зоны. Лæг амарди. Чызгæн йæ мад, йæ фыд, иууылдæр афтæ æрцахсын кодтой. Уæд, дам, судмæ гъеуæд радтой фыццаг хатт. Æндæр никуы.

 

САБИБОНТЫЛ НЫХАС

Хъаныхъуаты З.: Уырдыгæй (Заманхъулæй ‒ Е.Дз.) кæдæм ацыдыстут?

Хосонты Хадизæт: Кæрдзынмæ. Хосонты Гина, зæгъгæ, уымæ тынг рæсугъд агъуыстытæ уыди. Паша уыди. Æмæ уый хæдзары агъуыстыты фæцардыстæм. Не ‘рвадæлтæ нæм ссыдысты, æмæ нæ уыдон æркодтой. Иу афæдз дзы фæцардыстæм æмæ рацыдыстæм Туркмæ.

Хъаныхъуаты З.: Мой скодтай ам цæргæйæ?

Хосонты Хадизæт: О! Авд азы мыл цыди, куы æрбалыгътæн. Ам схъомыл дæн.

Бирæгъты Б.: Сывæллон куы райгуыры, уæд цы æгъдæуттæ вæййы?

Хосонты Хадизæт: Лæппу куы уыди, уæд-иу дзедз скодтой. Бæттæн-иу бабастой, уым æй сæвæрдтой æмæ йæ кæрæдзимæ тылдтой. Чызг-мæгуырæн кæд вæййы? Чызг-иу йын райгуырд æмæ къуымы цæры.

Дзапарты Е.: Кæхц кодтой лæппуйæн?

Хосонты Хадизæт: О! Лæппуйæн куывд скодтой. Куы райгуырд, уæд куырмайнаг аргæвстой. Адæм æрæмбырд сты ном æвæрынмæ. Нæмттæ зæгъынц æмæ, кæй номыл баввæрсыдысты, уый йыл сæвæрдтой.

Дзапарты Е.: Æмæ хæлттæ не ‘ппæрстой?

Хосонты Хадизæт: Нæ, ныхасæй-иу загътой. Æз ыл уыцы ном æвæрын, æмæ йæ загъта, æмæ афтæ дарддæр.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ æртæ чъирийы куы скæныс, уæд сæ кувгæ нæ фæкæныс?

Хосонты Хадизæт: О, Хуыцаумæ, уый фæстæ та сæ алыг кæнæм.

Хъаныхъуаты З.: Æмæ цавæр ныхæстæ фæкæныс?

Хосонты Хадизæт: О, Иунæг Хуыцау, хъабыл сæ фæкæн. Дæсны чи кувы, уыдон радзурынц. Мæн хуызæттæ сæ нæ кувынц. Иунæг Хуыцау, дзæбæхдзинæдтæ ратт, æнæниздзинæдтæ ратт.

Дзапарты Е.: Искуы фехъуыстай зæдтæ, дауджытæ?

Хъаныхъуаты З.: Уастырджи, Лæгты Дзуар?

Хосонты Хадизæт: Махмæ Уастырджи нæ зæгъынц. Нæй махмæ Уастырджи. Сымах афтæ Хызрæй зæгъут.

Хъаныхъуаты З.: Махмæ уый у нæлгоймæгты æххуысгæнæг сæ фæндагыл.

ХЫЗРЫЛ НЫХАС

Хосонты Хадизæт: Уый тынг дæсны у. Махмæ йæ Хызр хонынц. Мæ фыдыфсымæры ус афтæ загъта. Чызг уыди. Æмæ, дам, иубон хуыссын, мæ сæр риссы, æмæ дуар чидæр æрбахоста. Æмæ, дам, рацыдтæн, æмæ иу зæронд лæг дуармæ лæууы. Рацыди æмæ чындзытæн зæгъы: «Уартæ уæ иу зæронд лæг хъахъхъæны, æмæ йæм ацæут». Ныр, дам ын фæхъыг и, æмæ мын зæгъы: «Ды уыцы цæмæйдæр ма фервæз». Фыны мын зæгъы: «Гъер дын фæтæригъæд кодтон». Цыдæр хос ын бацамыдта, фæлæ уыцы бон куы æрцæуы, уæд мæ сæр рисгæ фæкæны. Афтæ-иу загъта.

Хосонты Хадизат: Мæ фыдыфсымæр Хъази загъта: «Афтæ зын уыдтæн, мæ сифт (ацы ныхасы нысаниуæг бæрæг нæу) асасти, афтæ тæвдæй ссыдтæн. Кæсын, æмæ иу зæронд лæг дуармæ лæууы. Æмæ ай афтæ зæгъы, иу суари, дам мæ ракуырдта. Æз та мæлæты сабыр уыдтæн, фелвæстон æмæ йын радтон. Æмæ мын загъта: «Иунæг Хуыцау дын нæйдзинад макуы фенын кæнæд». Уыцы мæстыдзинадæй йын дзургæ дæр ницы скодтон. Тыхстæй ссыдтæн. Æмæ, æцæгæйдæр, нæйдзинад нæ федтон. Йæ арфæ та афтæ даргъ у. Мæгуыр зæронд лæг адæмы ‘хсæнмæ цæуы, уый нал зонын. Адæм хæйрæджытæй хъауджыдæр куы нал сты, уæд ма се ‘хсæнмæ куыд рацæуа?

ИРÆТТÆМ ТУРКÆГТÆ ЦЫ ЦÆСТÆЙ КАСТЫСТЫ, УУЫЛ НЫХАС

Бирæгъты Б.: Ардæм куы æрбацыдысты, уæд исты зындзинæдтæ федтой паддзахады ‘рдыгæй? Карсмæ куы æрбацыдыстут, уæд уæм туркаг адæм цы цæстæй кастысты?

Хосонты Хадизæт: Диссаг кастысты. Уыдон кæлмæрзæнджын уыдысты, мах та ‒ чаршавджын. Æмæ-иу дзырдтой, адон уырыссаг сты, зæгъгæ.

Бирæгъты Б.: Туркаг адæмы ‘хсæн кадджын уыдыстут?

Хосонты Хадизæт: Цæуылнæ! Цæуылнæ!

Хъаныхъуаты З.: Ирон чызджыты-иу куырдтой?

Хосонты Хадизæт: Фыццаг-иу чызг туркагæн нæ лæвæрдтой, нæ зонын, цæмæн, стæй дæттын байдыдтой. Тынг цытджын уыд ирон чындз кæнæ сиахс. Рæсугъд уыдысты, æвæццæгæн.

ФÆРДЫГЫЛ НЫХАС

Дзапарты Е. Цыкурайы фæрдыг искуы фехъуыстай?

Хосонты Хадизæт: Иу фæрдыг уыди, æмæ уый хæйрæджыты лæвæрд у. Хæйрæг-иу куы фæзынд, уæд-иу исты аскъуын (дзаума ‒ Е. Дз.), йæ цъæхахст цæуы, æмæ зæгъ, ай куыд скъуынын, афтæ ды дæр фервæз, зæгъгæ. Æмæ уæд лæвар кæны – фæрдыг раппары, æмæ уый хъæдтимæ сæвæрынц. Уым-иу уыди. Мæ мад мын дзырдта, æмæ, дам, иубон фæцæуæм ме ‘фсымæримæ нартхор рувынмæ. Уалынмæ цъæхаст цæуы. Уæд, дам, мæ хæдоны дыс æрбаскъуыдтон æмæ йын æй аппæрстон æмæ загътон: «Ай куыд аскъуыди, афтæ фервæз». Ныр, дам, дыккаг аз уыцы ран кусæм, æмæ мæ къахыл цыдæр ауад, тынг мæ фæрысти. Ай цы у? Рацагуырдтон æй æмæ кæсын: иу фæрдыг. Уый-иу, фидæны дæм цы æнхъæлмæ каст, цы уыдзæн, уый æвдыста.

ИРОН ЗАРÆГЫЛ НЫХАС

Дзапарты Е.: Ды исты зарджытæ зоныс, кæныс?

Хосонты Хадизæт: Ирон рагон зарæггæнджытæ нæм уыдис, ныр нæм ничиуал ис.

Дзапарты Е.: Дæхæдæг ницавæр зарджытæ зоныс?

Хосонты Хадизæт: Аслан тынг дæсны зарæг кодта «Хъарджиаты фаззæттæ». Фаззæттæ куыстæй æрбацыдысты. Дыууæ ‘фсымæры æмæ сæ хо. Мæхъхъæл сæ размæ рацыдысты æмæ сын сæ бæхтæ исынц. Æмæ схæцыдысты, æмæ дыууæ ‘фсымæры фæмард сты. Ныр се ‘фсымæр сæ бамбæрзта, топп райста, хъатаратæ райста æмæ семæ схæцыди. Æмæ уыдонæй амардта. Райсом æрбахон и æмæ кæсынц æмæ сылгоймагимæ хæцынц, фефсæрмы сты, фæлæ <…>. «Хъарджиаты фаззæттæ», зæгъгæ. Аслан æй зарыди…

 

СОКАТЫ Дианæ

ЦИГСИИ-йы хайады сæргълæууæг, раззагон наукон кусæг, филологон наукæты доктор. 150 наукон куыстæй фылдæры автор. Ирон адæмон сфæлдыстады фарстатæ иртасæг. Къорд фольклорон экспедицийы архайæг.

МАРГЪЫ ФÆЛГОНЦ РАЙСÆГ ЧЫЗГ ИРОН ФОЛЬКЛОРЫ

Уац

Маргъы фæлгонц райсæг чызг ирон нарты эпосы, алæмæттаг аргъæутты, таурæгъты æмæ кадджыты хайджын у йæ индоевропæйаг «фаззæтты» миниуджытæй. Дины йæ ахсджиаг нысаниуæг амоны скифты дунемæ, бæлвырддæр та скифты пантеоны сылгоймаг-дзуар Апимæ. Уый æххæссыд æппæт æртæ къабазыл дæр – арв, астæуккаг дуне æмæ бинаг дунейыл.

Чырыстон дин куы рапарахат, уæд уый фæлгæты мифтæй бахауд Апи алæмæттаг аргъаумæ. Нарты кадджыты уый сæйрагдæр бæлоны фæлгонцы бацæуæг чызг у, фæлæ æндæр хуызы дæр фæзыны – Æхсæртæг æй федта æрттывдтытæ калæг æфсæнбырынкъ маргъæй. У ма цæугæдонимæ баст Донбеттыры чызг. Абайты Васойы иртасæнтæм гæсгæ, йемæ сты дыууæ мотивы баст. Фыццаг – Уæрхæджы фырттæ Æхсар æмæ Æхсæртæг хъахъхъæнынц нарты фæткъуы æмæ базонынц йæ давæг мæргъты, Æхсæртæг ракуры маргъы фæлгонц райсæг Донбеттыры чызг Дзерассæйы. Дыккаг – Уæрхæг ракуры Дзерассæйы. Мæргътæ бæлвырд бынатмæ кæй æртæхынц (æртæйæ, стæмдæр хатт дыууæйæ), уый та зындгонд у ирæтты алæмæттаг аргъауæй. Цæрынц кæнæ мæсыджы, кæнæ æвиппайды кæцæйдæр фæзынынц æхсыры малмæ. Уыцы аргъæутты ма ис арвыл бонмæ æртæ хатты æрзилæг мæргътæ дæр. Æртæ маргъы (бæлоны) фæлгонцы та уыдон сты «рæстмæдзæуджытæ», ома хæрзæмбæлджытæ. Прозæйы æмбæлынц «амондгæнджыты» тыххæй таурæгътæ. Вæййынц мæргъты сæртимæ нæлгоймæгтæ, фæзынынц сывæллоны райгуырдимæ æмæ йын йæ хъысмæтыл хорзæрдæм ахадынц.

Ацы мотив алы хуызты æмбæлы дунеон мифологийы. Тынг арæх – уырыссаг алæмæттаг аргъауы сюжеты: æртæ бæлон-чызджы, Хуры æртæ бæлон-чызджы, кæрæдзийы сæ райгуырдæй фæстæмæ нæ фенæг æртæ бæлон-чызджы. Хайджын вæййынц бирæ алæмæттаг миниуджытæй, феххуыс кæнынц аргъæутты æвæрццæг хъайтартæн. Райсынц алыхуызон мæргъты æмæ сырдты фæлгонцтæ дæр. Фæлæ уырыссаг аргъæутты фæлгонцтæй хъауджыдæр ирон чызг-маргъы нысаниуджытæ сбæрæг кæнæн, равзарæн æмæ раиртасæн ис.

Цымыдисаг ма уый у, æмæ ирон алæмæттаг аргъæутты кæй æмбæлæм уæллаг æмæ бинаг дунеты æнахуыр цæрæгойты быцæуыл. Зæгъæм, Уастырджи фервæзын кæны кæфхъуындары амæттаг чызджы. «Чызг-маргъы» бон ма у арв æмæ зæхх «бафидауын кæнын» – Хур кæнæ Мæйы чызджытæ æртæхынц арвæй зæхмæ. Чызг бæлон кæй фесты, стæй та ногæй адæймаг, уый йын ахъаз у иу дунейæ иннæмæ æртæхынæн, æмæ ма йын дæтты æртæ хатты хуыз ивыны мидис. «Нæлгоймаг-мæргътæ», уыдонимæ абаргæйæ, хайджын вæййынц пехуымпары миниуджытæй, фæлæ, стæмхатт йеддæмæ, аргъауы сæйраг хъайтартæ не свæййынц.

Хатдзæджы хуызы зæгъæн ис, маргъы фæлгонц райсæг чызг кæй у рагон мифологон мотив æмæ ирон фольклоры бирæ жанрты арæзтыл кæй ахады.

 

МÆРЗОЙТЫ Ислам-Бег

ЦИГСИИ-йы раззаг зонадон кусæг, генеалогон иртасæнты секторы сæргълæууæг, историон наукæты доктор, Уæрæсейаг генеалогон федерацийы советы уæнг. 100 наукон куыстæй фылдæры автор.

УÆЛЛАДЖЫРЫ ÆХСÆНАДЫ МЫГГÆГТÆ

Уац

1834 азы Цæгат Ирыстоны Уæлладжыры æхсæнады цæрджытæ, Уæрæсейы империйы хицаудзинадимæ тох ницы дæтты, уый æмбаргæйæ, сæ гæрзтæ æрæвæрдтой æмæ сæхи стыр паддзахады бар бакодтой.

Уыцы хъæппæрис хынцгæйæ, Кавказы сæйраг хаххы хицау, инæлар-майор Александр Пирятинский фидар Дзæуджыхъæуы комендантæн бахæс кодта, Уæлладжыры æхсæнад Уæрæсейы императорæн цæмæй ард бахæра, уымæн фадæттæ саразын. Барвæндонæй йæ тох кæй ныууагъта, уый хынцгæйæ, æхсæнад æрцыд хъалонтæй уæгъд, Дзæуджыхъæумæ та дзы райстой амынæтты æмæ сын уым, иннæ ахæм хуызы хъомылгæнинæгты æмрæнхъ, цæрынæн æмæ ахуырæн фадæттæ сарæзтой.

XIX æнусы астæумæ Æфсæддон-Ирон зылдмæ хаудтой Уæлладжыры, Дыгуры, Захъхъайы, Зæрæмæджы, Зруджы, Куырттаты, Мамысоны, Нары, Тæгиаты æмæ Цъæйы æхсæнадтæ. Бирæ азты дæргъы Уæлладжыры æхсæнады уæздан мыггæгтæ æнхъæлмæ кастысты, сæ уæлбартæ сын закъоны бындурыл кæд сфидар кæндзысты, уымæ. Уæдмæ та уал уæлбартæй пайда кæныны фадат лæвæрдта 1834 азы 15 сентябры арæзт сæрмагонд гæххæтт (отзыв) 5210 номыримæ. Фæлæ Кавказы ног æфсæддон администрацийы минæвæрттæ сæ развæдгæнджыты политикæ аивтой, æмæ уæздæттыл дæр хъалон фидыны уаргъ сæвæрдтой. Уæздæттæ сæ хъаст бахастой Кавказы Æххæстбарджын кънйаз Михаил Воронцовмæ. Куырдтой, цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæуæг уæлбартæ фæстæмæ раздаха æмæ уæздæттæ састы бынаты баззайæг хæххон знæмты æмрæнхъ нымад ма цæуой. Уыйадыл Кавказы Æххæстбарджыны къæнцылары разамонæг фæсидт Фæскавказы крайы Граждайнаг разамындмæ уæздæттæн «дворяйнæгты цин» раттыны курдиатимæ. Цалынмæ хъуыддаг рæза, уæдмæ та уал сæ хуымæтæг адæмыл æвæрд уаргъæй хъуамæ ссæрибар кодтаиккой.

Фыццаг азты Кавказы Уæрæсейаг администраци бынæттон уæздæтты зæрдæхудты нæ цыд. Фæлæ сæ уый фæстæ хъуамæ бакодтаид Уæрæсейы империйы кълассон системæйы фæлгæты. Уый тыххæй сарæзтæуыд, уæздæттæ сæхи æхсæнады æмæ паддзахады цæйбæрц ахадынц, уый бæрæггæнæг комитеттæ æмæ къамистæ.

1859 – 1860 азты куыста «Æфсæддон-Ирон зылды цур уыцы зылды туземæгты зæххы æмæ хи сæрмагонд бартæ æвзарæг комитет» («Комитет, учрежденный при Военно-Осетинском округе для разбора поземельных и личных прав туземцев этого округа»). 1859 азы 24 августы комитеты сæрдар ныффыста Уæлладжыры æхсæнады пъырыстыфмæ. Радта йын бардзырд, цæмæй, Тæгиаты æлдæрттæ æмæ Дыгуры бадилаты æмсæр чи у, æхсæнады уыцы уæздæтты номхыгъд сараза бæлвырд уагæвæрдмæ гæсгæ æмæ йæ барвита комитетмæ. Номхыгъдимæ иумæ ма хъуамæ уыдаид адæмы ‘хсæн нымад уæздæттæй депутатты тыххæй зонинæгтæ, чи сæ цы диныл хæст у, уый нысангондæй. Уæздæттæй, йæ мыггаджы уидæгтыл, цы сгуыхтытæ йæм ис æмæ йæ адæмæн цы хæрзты бацыд, уыдæттыл дзурæг гæххæтт кæмæ уыд, уый йæ хъуамæ комитетмæ радтаид.

1859 азы 4 сентябры Уæлладжыры-Нары-Зæрæмæджы-Мамысоны участочы штабс-капитан Козловский комитетмæ барвыста дзуапп. Уым амындæуыд, Уæлладжыры æхсæнады дзыллæ депутаттæй кæй равзæрстой Цæразонты, Сидæмонты æмæ Кусæгонты къабæзтæй минæвæртты. Бæлвырдæй ныхас цыд юнкер Саламты Тæтæрийыл (Кусæгонтæй), юнкер Доцоты Дударыл (Сидæмонтæй), юнкер Магкæты Елдзарыхъойыл (Сидæмонтæй), юнкер Гæбуты Ахъмырзæйыл (Кусæгонтæй), юнкер Датиты Долæтмырзæйыл (Сидæмонтæй). Ноджы ма – Реуазты Бæбийыл, Цæллагты Дзбайыл, Уырымты Асæзейыл, Беккуызарты Дударыл, Баскаты Батрийыл (иууылдæр – Сидæмонтæй). Чехойты Цопан æмæ Мзокты Азæмæт уыдысты Цæразонтæй, Бесолты Хъуыдайнат æмæ Дзугаты Саукуыдз – Кусæгонтæй.

Мызуры æхсæнадæй равзæрстæуыд Бутаты Смайлыйы æмæ Зæнджиаты Елæмырзæйы.

Штабс-капитан Козловскимæ рапорты комитеты хъуыддæгтæ аразæг подпоручик Михайловский балæвæрдта бинонты номхыгъд. Цæразонтæй дзы нысангонд уыд Мзокты Азæмæт (æртæ сывæллоны), Сидæмонтæй – юнкер Доцоты Дудар (цыппар сывæллоны), Кусæгонтæй – юнкер Саламты Тæтæри (иу сывæллон). Кæвдæсардтæ сæ никæмæн уыд, æххуырстытæ сæ ничи дардта.

Балæвæрдæуыд мыггæгты равзæрды тыххæй бирæ цымыдисаг зонинæгтæ. Алчи дæр уыд Ос-Бæгъатыры цоты кæцыдæр къабазы байзæддаг. Иуæй-иу мыггæгтæ балæвæрдтой бæлæсты хуызы конд бæрæггæнæнтæ, уыимæ æрмæст нæлгоймæгты нæмттæ, кар æмæ цин нæ бацамыдтой, фæлæ ма сæ бинойнæгты мыггæтæ, нæмттæ, фыдынæмттæ, социалон къæпхæн дæр. Абон уыцы æвдисæндартæн ис æвæджиауы историон, этнографион, генеалогон нысаниуæг, æмæ сæм се ‘ргом здахынц куыд мыггæгты байзæддæгтæ, афтæ иртасджытæ дæр.

Номхыгъдтимæ арæх æмбæлынц курдиаттæ дæр. «Дворяйнаг цин» агурджытæ арæзтой сæхи æмæ се ‘рвадиуæггæнæг мыггæгты бæстон æрфыстытæ. Уæлбарты аккаг кæй сты, уымæн радтой Ос-Бæгъатыры фæдонты æвдисæндартæ, иннæ ирон æхсæнадты аристократиимæ сын хæстæгдзинад кæй ис, Уырыссаг хицаудзинадæн хæрзты кæй бацыдысты, уыдæтты тыххæй зонинæгтæ. Ахсджиаг баххæстгæнинагыл нымадæуыд, зæххытæ, дурæй амад хæдзæрттæ, мæсгуытæ, фидæрттæ сæм кæй уыд. Уæлладжыры æхсæнады бирæ мыггæгтæ ма бацамыдтой, гуырдзиаг паддзæхтæй сæм сæ æнувыд службæйы тыххæй Кады гæххæттытæ кæй ис (Алæджыхъотæ, Мзоктæ, Беккуызартæ, Калотæ, Томайтæ æмæ иннæтæ).

Генеалогон таурæгъты ма загъдæуы, Сидæмонтæ, Цæразонтæ, Кусæгонтæ æмæ Æгъуызатæ сыхаг адæмты аристократиимæ хæстæгдзинад дæр кæй сарæзтой. Æцæг уыд æви нæ, уый абон зын сбæрæггæнæн у, фæлæ уыцы хæстæгдзинад дзуры, Кæсæджы, Гуырдзыйы, иннæ сыхаг адæмтимæ ахастытæн цы ахсджиаг нысаниуæг уыд, ууыл. Ис уырыссаг дворянтимæ хæстæгдзинадæн æвдисæнтæ дæр.

Хæстæгдзинады тæгтæй дарддæр ма мыггаджы уæлбартæн æвдисæнæн амындæуы ирæды бæрц, иннæ ирон æхсæнадты аристократон мыггæгтимæ абарстæй туджы аргъ бафыст, хи кæвдæсардты нымæц.

Хъæздыг этнографион æрмæг у, чырыстон дины бæрæгбæттæ куыд арæзт цыдысты, хистæр æмæ кæстæр æфсымæртæн сæ фыды бынтæй цы ‘мбæлыд, уыдæттимæ баст хабæрттæ.

Архивты гæххæттытæ ма дзурынц, алы ирон æхсæнадты мыггæгтæ цы диныл хæст уыдысты, ууыл.

Курдиаттæ æмæ иннæ гæххæттытæ, къух бафыссынæй дарддæр, сты хи сæрмагонд мыхуырæй фидаргонд.

Уæлладжыры æхсæнадæй курдиаттæ балæвæрдтой 73 мыггаджы. Æхсæнады номæй амынд комитеты куысты бацархайдтой 17 депутаты.

Хъуыддæгтæ бæлвырдгæнæг комитеты куысты архайæг депутаттæ ард бахордтой рæстаг уынаффæтæ хæссынæй. Уыимæ чырыстон æмæ пысылмон депутатты ардбахæрд уыд фæйнæхуызон.

Уæлладжыры æхсæнады мыггæгтæй уæлбарты аккаг чи у, уый æвзарынæн æвдисæнтæй лæуд уыдысты иннæ ирон æхсæнадтæй æвзæрст минæвæрттæ: Тæгиатæй – Дударатæ, Дыгурæй – Хъуыбадтæ, Хъабантæ, Тугъантæ, Хъарабугъатæ, Хъантемыртæ æмæ Таймазтæ, Нарæй – Хетæгкатæ. Депутатты сконд рæстæгæй-рæстæгмæ ивта.

XIX æнусы астæумæ Ирыстоны мыггæгтæ, абон сæ куыдæй зонæм, ахæм хуызы нæма сфидар сты. Гæххæттыты ис иу фыдæлæй рацæуæг цалдæр мыггаджы амынд. Зæгъæм, Агутæ (Зембаттæ, Хъайыртæ, Тæбæхсæутæ, Цæрукъатæ) фыстой, сæ мыггаг кæй рацыд Сидæмонæй, Сидæмонæн кæй уыд фырт Ораст, уымæн – фырт Орестамон, Орестамонæн – фырт Агуй, уымæн та – цыппар фырты Зембат, Хъайыр, Цæрукъа æмæ Тæбæхсæу. Гъемæ, зæгъгæ, амынд мыггæгтæ уыдоны байзæддаг сты. Сæхи Агутæ хонгæйæ, комитетмæ балæвæрдтой бинонты хистæрты номхыгъд. Дзиутæ фæстæдæр адих сты æхсæз мыггагыл: Дзиутæ, Махъотæ, Хохтæ, Быгъуылтæ, Елойтæ, Æфсæрæгатæ. Тогъуызтæй рахицæн сты Хæситæ, Гуситæ æмæ Саулатæ. Мæрзойтæ сæхи хуыдтой Зæнджиатæй кæнæ Знауыртæй, уымæн æмæ сæ мыггаг рацыд Зæнджиаты Знауырæй.

Мыггæгтæ алыхуызон уыдысты сæ нымæцмæ гæсгæ дæр. Иутæ – стырдæр: Баскатæ – 29 бинонтæ, Зæнджиатæ – 27, Хъайтыхътæ – 23. Иннæтæ – къаддæр: Тотитæ – 3 бинонтæ, Къалатæ – 2, Сæхуыгатæ – 1.

Архивы æрмæджытæм гæсгæ сбæлвырдгæнæн ис Ос-Бæгъатыры фырттæ Сидæмон, Цæразон, Кусæгон æмæ Агъуызæй рацæуæг къорд мыггаджы. Комитетмæ æвдыст гæххæттыты амындæуы, Уæлладжыры æхсæнады иу кæнæ иннæ цæрæнбынаты бындурæвæрæг чи у, раздæр дзы кæцы мыггæгтæ æрцард.

Курдиаттæ чи балæвæрдта, уыцы мыггæгтæ иууылдæр Ос-Бæгъатыры байзæддаг нæ уыдысты. Кæцыдæртæ рацыдысты Гуырдзыйæ, Ирыстоны Дыгуры кæнæ Куырттаты æхсæнадтæй, Кавказы æндæр рæттæй. Фæлæ уыцы рæстæг мыггæгтæ цардысты Ос-Бæгъатыры фыртты зæххытыл, æмæ уый байзæддæгтæн уæздæттыл сæ банымайынæн æмæ Уæрæсейы хицаудзинадæй уæлбартæ райсынæн фылдæр гæнæнтæ уыд. Гъемæ æппæт мыггæгтæ дæр тырныдтой Ос-Бæгъатыры байзæддаг уæвынмæ.

Нæдæр Уæлладжыры, нæдæр иннæ ирон æхсæнадты дворяйнаг уидæгтæ бæрæггонд не ‘рцыдысты. Иртæстой сæ суанг 1917 азы революцийы онг. Фæлæ уæддæр Ирыстоны Уæлладжыры æхсæнады раздзæуджытæн 1834 азæй фæстæмæ цавæрдæр уæлбартæ уыд, æмæ сын сæ Кавказы Æххæстбарджынтæй ничи фæкайдта.

 

ИРОН ФОЛЬКЛОР ЦÆРЫ ÆМÆ ЦÆРДЗÆН…

Цардæй ист хабæрттæ

ТАУРÆГЪТÆ ÆМÆ РАДЗЫРДТÆ КУВÆНДÆТТЫ ТЫХХÆЙ

Кувæндон

Зæронд Бæтæхъойыхъæуы ис ахæм кувæндон, адæм æй хонынц Амаддзаг. Афæдзæй-афæдзмæ тæккæ кæрдæгхæссæны бæрæгбоны фæстæ хауы къуырисæрмæ. Зæронд хъæуы адæм æрæмбырд вæййынц кувæндоны. Чи куыд хæццæ кæны, афтæ алчи дæр кæрдæджы цупал тоны æмæ йæ хъуамæ æрæвæра, дзæппазы алыварс цы сис и, ууыл. Уыцы рæстæг, раздæр чи æрбацыд хистæр сылгоймæгтæй, уыдон дзæппазы алыварс кæнынц цоппай, æмæ сылгоймæгтæ хъуамæ æрцоппай кæной кувæндоны алыварс æртæ хатты. Фынгтæ арæзт куы æрцæуынц, уæд адæм æрбадынц æмæ скувынц, вæййы дзы хъазт дæр, заргæ дæр дзы фæкæнынц. Кувæндонæй куы цæуай, уæд дæр хъуамæ ратонай кæрдæджы цупал æмæ йæ æрæвæрай кувæндоны сисыл æмæ та æртæ хатты кувæндоны алыварс æрцоппай кæнай, æмæ уæд дæ бон ацæуын у. Хонынц ма йæ Окруаты кувæндон.

Хистæртæ афтæ дзурынц, кæддæр раджы Окруаты мыггагæй иу æрыгон лæппу уыцы ран хызта йæ фысты дзуг, æмæ райдыдта тыхджын къæвда, арв æмæ зæхх сæхи кæрæдзийыл хостой. Лæппу фӕтагъд кодта уырдæм, фæлæ йæ уыцы тæккæ ран арв æрцавта. Къæвда уарыд æмæ уарыд, зиан бавæрдтой, къæвдатæ та нал æмæ нал æнцадысты дыууæ мæймæ хæстæг. Хистæртæ уæд бацыдысты дæснымæ, æмæ сын уый куыд бацамыдта, афтæ бакодтой – уыцы мард лæппуйы уæлмæрдæй рахастой æмæ йæ, арв кæм æрцавта, уым бавæрдтой, йæ сæрмæ йын сарæзтой дзæппаз. Къæвдатæ фенцадысты.Уæдæй фæстæмæ зæронд Бæтæхъойы хъæуы кæнынц ацы бæрæгбон.

Радзырдта йæ Алыккаты Р., 1952 азы гуырд.
Ныффыста йæ Дауиаты Т.,
Зæронд Бæтæхъо, 7.06.2022 аз

 

Хетæджы Къох куыд бахъахъхъæдтой

Советон Цæдисы рæстæг хицауады уынаффæмæ гæсгæ адæмы кувæндæттæм нал уагътой. Хетæджы Къохы алыварс лæууыдысты хъахъхъæнджытæ æмæ нæ лæвæрдтой бар бацæуынæн. Уæд рабæрæг ис, æмæ кувæндоны бæлæстæ хъуамæ акалдтаиккой, – улæфынмæ дзы лагерьтæ саразын сфæнд кодтой. Уæд мæ фыд райсомæй раджы доны сæрты ахызти æмæ Хетæджы Къохмæ сусæгæй бацыд. Уым райсомæй изæрмæ зæрдæбынæй, йæ уæрджытыл лæугæйæ, фæкуывта, цæмæй уыцы знаггад ма бакæной æмæ кувæндон ма фесафой. Фæлæ йæ уæддæр базыдтой. Хъуыды ма кæнын: уыцы тыхстæй, нæ кæрты дыууæрдæм рацубацугæнгæйæ, йæхимидæг уайдзæф кодта кæмæндæр: «Ааа, уæдæ Хуыцауимæ тох кæнынмæ хъавут? Къохимæ тох кæнут? Уый кувæндон у! Уымæ æвналæн нæй! Уый уды рухс у! Кæсут-ма уæдæ, ницы уын дзы рауайдзæн!» Мæ зæрдæ йыл тынг фæрысти, фæлæ бафæрсын нæ бауæндыдтæн. Уæды рæстæг чи бауæндыдаид фыдмæ дзæгъæл фæрстытæ дæттын! Уый не ‘мбæлыди, æнæуæздан мийыл нымад уыд. Æмæ йæ мæ мадæн радзырдтон. Тынг мæт кодтой кувæндоныл сæ дыууæ дæр. Мæ фыдæн уайдзæф кæнгæйæ, кувæндонмæ кæй бацыди, уый тыххæй газеты дæр ма ныффыстой фельетон. Уæды рæстæг ахæм æрмæджытæ фыссæг (йæ ном дæр ма йын бахъуыды кодтон, Бола, зæгъгæ) газеты ныммыхуыр кодта: «Гæззаты куырыхон лæг, æхсæз сывæллоны фыд, сæумæрайсом йæ хæлафы фæдджитæ бассиу кодта, хиды сæрты ахызти æмæ сусæгæй кувæндонмæ бахъуызыд! Уым райсомæй изæрмæ фæкуывта, цыма йæм дзуæрттæ æртахтысты, стæй йæ хæдзармæ сусæгæй ацыд». Бирæ æфхæрд баййæфта мæ фыд, фæлæ уæддæр йæ тох нæ уагъта. Уалынмæ хицауад барвыстой кувæндоны бæлæстæ калынмæ æфсæддонты полкъ, фæлæ, куыддæр бынатмæ бахæццæ сты, афтæ бандзыг сты сæ машинæты бадгæйæ, æмæ сæ бон ницы баци. Тынг фæтарстысты æмæ фæстæмæ ацыдысты. Дыккаг хатт дæр та æрбарвыстой æфсæддонты, æмæ уыдоныл дæр ахæм хабар æрцыд. Уæд сæ фæнд ныууагътой, æмæ кувæндонмæ къух сисын ничиуал бауæндыд. Уыцы цау ма радиойæ дæр радзырдтой. Мæ фыд куы базыдта уыцы æхсызгон хабар, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд. Ауади, кусæрттаг æрбаласта æмæ Дзуары номыл сыхæн куывд скодта.

Радзырдта йæ Гæззаты-Темырхъанты Э., 1946 азы гуырд.
Ныффыста йæ Хъусаты З., Дзæуджыхъæу, 7-8.05.2022 аз

 

Тыбау Уациллайы хорзæх

Ацы цау сывæллонæй æрцыд мæ мадымадыл, Сланты Увизыхъойы чызг Верычкæйыл. Верычкæ райгуырд мин фарастсæдæ дæсæм азы Уациллайы бон Джызæлы хъæуы Сланты Увизыхъойы æмæ Томаты Гынойы бинонты. Верычкæ уыд рæсугъд æмæ курдиатджын чызг. Йæ сывæллоны бонтæй дæсны уыд кафынмæ, зарынмæ, фæндырæй цæгъдынмæ. Сывæллонæй йæм уыд гыццыл уæрыкк, кæцыйы сахуыр кодта кафын, æмæ-иу хъæуы исты циндзинад куы уыд, уæд-иу сывæллон йæ уæрыккимæ акафыд. Хъæуы цæрджытæн уый тынг цыд сæ зæрдæмæ. Сывæллоны-иу арæх арæвдыдтой. Уæды рæстæг адæм хъæздыг нæ цардысты. Иубон Сланты бинонтæм Гынойы æрвадæлты чындз æрбацыд, йæ сывæллонæн дзы ракуырдта Верычкæйы уæлæдарæс, Дзæуджыхъæумæ къам исынмæ цæуæм, зæгъгæ. Гыно йæ чызджы дзаумæттæ радта сæ хæстæджыты чындзæн. Цалдæр боны фæстæ сывæллоны дарæс фæстæмæ æрбахастой, фæлæ йын йæ цъындатæ лыгæй æрбахастой. Мæ лæппуйы къух, дам, алыг, æмæ йын цъындайы хайæ йæ къух бабастон, зæгъгæ. Уыцы бонæй фæстæмæ сывæллон рынчын кæнын байдыдта, ныггуыбыртæ ис, йæ роцъо æмæ йæ уæрджытæ баиу сты, йæ бон цæуын нал уыд. Иу ахæм бон Гуцаты Илас уæрдоныл рараст и Фæзыхъæуæй Мæздæгмæ цыхтытæ мæнæуыл ивынмæ. Илас уыд Тбау Уациллайы дзуары лæг. Дзуарæн кæй лæггад кодта, уый тыххæй цалдæр хатты хаст æрцыд Сыбырмæ, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ нæ сивта Уациллайы дзуарыл. Гуцаты хæдзарвæндаг рагæй-æрæгмæ лæггад кодтой Уациллайы дзуарæн. Дæргъæвсы комы Тбау хохы кувæндон куыд равзæрдис, æмæ Гуцаты мыггаджы дзуар йæхицæн лæггадгæнæг куыд равзæрста, уыдæтты тыххæй ис сæхи цымыдисаг таурæгътæ. Илас Дæргъæвсы комæй Мæздæгмæ куы цыд, уæд йæ фæндаг ракодта Джызæлы хъæуыл. Ам æрфысым кодта йæ рагон æрдхорд Сланты Увизыхъомæ. Сыхаг сылгоймæгтæ Гынойæн бацамыдтой: «Цæмæй базонай, цы кæны дæ сывæллон, æмæ йын цы хос ис, уый тыххæй урс хæцъилы гæбазы æртæ суарийы батух æмæ сæ Иласы нывæрзæны бын бавæр. Райсомæй алцы дæр базондзынæ». Сывæллоны мад, куыд ын бацамыдтой, афтæ бакодта. Райсомæй уазæг лæг бауайдзæф кодта Увизыхъо æмæ Гынойæн: «Хæдзары рынчын сывæллон куы ис, æмæ мын æй куыд ничи загъта». Радзырдта сын, Гынойы æрвадæлты чындз сывæллонæн хæлæгмæ хинтæ кæй скодта. Бамбарын сын кодта, сывæллонæн тагъд рæстæджы куынæ баххуыс кæной, уæд мæлгæ кæндзæн. Тбау Уациллайæн бакувын хъæуы æмæ йыл йæ сывæллоны бафæдзæхсын, йæ фыдбылызтæй æмæ низтæй йæ куыд фервæзын кæна æмæ йын йæ амонд стыхджын кæна. Загъта сын, фæстæмæ Мæздæгæй тагъд кæй зындзæн æмæ йæ фæндаг Слантыл ракæндзæнис. Уæдмæ сæхи срæвдз кæнæнт. Семæ райсын хъæудзæнис æртæ армытъæпæны дзаг ccад, цыхт æмæ, сывæллон кафын цы уæрыккы сахуыр кодта, уый. Илас, куыд загъта, афтæ йæ хæдзармæ фæндаг ракодта Слантыл. Иумæ рабалц кодтой Цæгат Ламардонмæ, Гуцаты найфатмæ. Рынчын сывæллоны сæ хъæбысы схастой кувæндонмæ. Къæйыл акодтой æртæ уæливыхы, акусарт кодтой уæрыччы. Дзуары лæг бакуывта Тбау Уацилламæ, бафæдзæхста йыл сывæллоны. Загъта: «Кæд сын æххуыс кæныс, уæд сæ кусæрттагæй ацаход». Æмæ уыцы ныхæстимæ физонæг рæхысыл аныдзæвын кодта. Куыддæр кувæггаг аныдзæвыд рæхысыл, афтæ, сывæллоныл цыма рæхыстæ уыди, æмæ сæ уайтагъддæр фервæзт, афтæ рамраст. Тбау Уацилла йæ йæ рынтæй фервæзын кодта. Йæхи къæхтыл æрыздæхт Тбау Уациллайы кувæндонæй йæ хæдзармæ. Уæдæй фæстæмæ Сланты бинонтæ æмæ сæ байзæддæгтæ афæдзæй-афæдзмæ зæрдæбынæй фæкувынц Тбау Уацилламæ. Æнæхъæн Ирыстонæн æххуысгæнæг уæд! Йæ хорзæх уæ уæд! Алкæй кæстæр дæр йе уазæг уæд! Сæ амонд сын стыхджын кæнæд! Фыдбылызæй сæ бахизæд! Табу йын уæд!

Радзырдта йæ Дзуццаты Д., 1986 азы гуырд;
фехъуыста йæ йæ мадæй, уый та йæхи мадæй.
Ныффыста йæ Хъусаты З., Дзæуджыхъæу, 14‑15. 05.2022 аз

ТАУРÆГЪТÆ ÆМÆ РАДЗЫРДТÆ АЛÆМÆТТАГ ФÆЗЫНДТЫ ТЫХХÆЙ

Уæларвон фæрдыджы хорзæх

Ацы хабар базыдтон мæ мадæй, уымæн та йæ радзырдта йæ мад. Уæвгæ та мæ мадымадæн йæхиуыл æрцыд ацы цау. Æрцыд ивгъуыд æнусы æртынæм азты кæрон: мин фарастсæдæ æртын фæндзæм – æртын фарæстæм азты Джызæлы хъæуы æмæ баст у Пагæты Мæхæмæты фырт Гасабейы бинонтимæ. Йæ бинойнаг, Сланты Увизыхъойы чызг Верычкæ (мæ мадымад), сæ гыццыл фыртимæ иу бон ацыд кусынмæ сæ цæхæрадæттæй иумæ. Уæды рæстæг сын радтой кусынмæ зæххы гæбаз, ныртæккæ Петр Барбашовæн цырт кæм лæууы, уымæ æввахс. Верычкæ æрхуыссын кодта йæ гыццыл фырты бæласы бын æмæ кусын байдыдта, фынæй сывæллонмæ бакæс-бакæс кæнгæйæ. Уалынмæ ауыдта, æмæ йæ сывæллонмæ калм фæхъуызы. Сылгоймаг æд рувæн балыгъд æмæ калмы амардта. Бонтæ цыдысты, йæ фырт рæзыдис, фæлæ йын Хуыцау цы цот лæвæрдта, уыдон-иу цыбыр рæстæгмæ фæстæмæ айста. Йæ цот-иу бынтон гыццылæй, авдæны карæй, фыр куыдæй амардысты. Се ‘хсæн уыд фаззон дыууæ фæйнæгфарс лæппуйы дæр. Верычкæ нæ зыдта, цы кæна ацы бæллæхæн æмæ йæ катаимæ æрбацыд Хъодзаты Никъалайы бинойнаг Ханиффæмæ. Ханиффæ уыд Джызæйлаг чындз, чызгæй та уыд ольгинскæйаг, Тыбылаты мыггагæй, райгуырд нудæсæм æнусы кæрон. Куыд зæгъынц, афтæмæй Ханиффæмæ уыд уæларвон фæрдыг – Цыкурайы фæрдыг, кæлмыты æхсæн, дам æй ссардта. Ханиффæ дзæбæх кодта бирæ низтæй, суанг ма тынг сыгъд чи баййæфта, æмæ-иу дохтыртæ, нал фæцæрдзæн, кæмæй загътой, уыдон дæр-иу йæ хосты руаджы адзæбæх сты. Цот кæмæн нæ цыд, уыдонæн дæр-иу тынг æххуыс кодта. Ханиффæ фæцард нæуæдз иу аз. Йæ иунæг фырт Петры бинойнаг, Биджелты Залиханæн бацамыдта сыгъды ныхмæ хос кæнын. Ныртæккæ та Залиханы цоты цот (Алан, Æхсар æмæ Зауырбег) дзæбæх кæнынц адæмы. Уыдон дæр мын сæ хабæрттæ дзырдтой. Ханиффæ йæ фæрдыджы руаджы федта æмæ радзырдта Верычкæйæн, цы рæдыд ын ис æмæ цы хæс фиды. Фæхабар ын кодта, кæддæр, йæ сыввæллонæн тæрсгæйæ, калмы лæппыны кæй амардта, æмæ йæ калм кæй ралгъыста, калмæн йæ лæппын гыццылæй куыд амардта, афтæмæй Верычкæйæн дæр йæ цот гыццылæй куыд мæлой, зæгъгæ. Ханиффæ загъта Верычкæйæн, калмы зæрдæхудты кæй бацыд, æмæ йæ цалынмæ калм нæ ныххатыр кæна, уæдмæ йæ цот кæй мæлдзысты. Бацамыдта йын, сау сæныкк акусарт кæнын кæй хъæуы æмæ æртæ чъирийы скувын бынаты æхсæв, дыццæджы изæрæй, æмæ калмæй хатыртæ ракурын. Верычкæ бакодта, Ханиффæ йын куыд бацамыдта, афтæ, æмæ йын йæ бинойнагимæ, Гасабеимæ, рæсугъд фæд рацыдис: æртæ лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Æз та дæн сæ кæстæр чызг Ленæйы чызг. Æмæ мæ бон зæгъын у, Ханиффæйы уæларвон фæрдыджы руаджы цардмæ кæй равзæрдтæн.

Радзырдта йæ Дзуццаты Д., 1986 азы гуырд;
фехъуыста йæ йæ мадæй, уый та йæхи мадæй.
Ныффыста йæ Хъусаты З., Дзæуджыхъæу, 14‑15. 05.2022 аз

Сауы ком

Æз дзы дæс кувæндоны æрæййæфтон Ходы. Æмæ сæ-иу æхсæв дæр мæ фыны уыдтон. Фос сæ ныппырх кодтой, æмæ-иу куы сыхъал дæн, уæд-иу мæ цæстыты раз февзæрдысты. Æмæ мын мæнæ ам лæгтæ афтæ зæгъынц: кæд афтæ у, уæд дæ сæхæдæг агурынц, æмæ, цæмæй ма ферох уой, уый тыххæй сæ скæ. «‘Мæ сæ скодтон иууылдæр, мæ бон куыд уыди, афтæ. Æмæ уым иу кувæндон и, Сауы ком æй хонынц, æмæ Сау комы зæдтæ æмæ дауджытæ… уым-иу куывтой. Æмæ йæ ныр (йæ алыварс сау хъæд) уæлæ ныкъкъæрттытæ кодтой, – æвналæн æм нæ уыди уымæ, къæцæл дæр дзы нæ хастой. Уыцы хъæд куыд зади (мæныл дæр 76 азы цæуы), уымæй æддæмæ дæр нæ рахызти, уæлдай дæр дзы нæй, афтæ, куыд зади, афтæ у, æмæ дзы къæцæл хæссæн дæр нæ уыди, нæ. Мæнæ пирамидæ куыд конд у, йæ конд дæр афтæ у, мæнæ афтæ æртæтигъон. ‘Мæ, дам, уымæй къæцæл хæссæн дæр нæй, стæй йæ æмбисæй уæлæмæ кæрдгæ дæр нæ кодтой. ‘Мæ-иу хос карст куы фесты, кæд æм февнæлдтай раздæр, уæд-иу бамбыд сты хостæ, къæвда-иу нал урæдта.

Æмæ-иу уæд стыр куывд скодтой йæ быны, æмæ-иу дзы хатыр ракуырдтой: нал дæ бахъыгдардзыстæм, æмæ нын ныххатыр кæн. Æмæ уым мæнæ Галонæй иу лæппу хос карста, æмæ уым мæхъиæгтæ æркодта – мæнæ-иу мæкъуылы бын кæй акодтой. Æмæ, дам, уымæ æвналæн нæй. Алæ, цытæ, дам уæ уырны, дон, дам-иу мæ аласæд. Æмæ ма йемæ иу лæппу æмæ иу чызг, æмæ Æрхонмæ цыдысты. Æмæ мæнæ Æрхоны хидæй гыццыл куы бауайай, уæд уым атахтысты былæй, æмæ сæ дон аласта, уым фæмард сты. Иннæ та уæлæ нæхиуæттæй уыди. Мыггæгтæ барæй нæ дзурын.

– Кæд сæ ис дзурæн, уæд сæ дзур (И. М.).

– Нæ. Хъуамæ искæмæ хъыг фæкæса? Æмæ уым хос карста, æмæ мæм-иу цалдæр æхсæвы фæд-фæдыл чидæр мæ фыны æрбацыди æмæ-иу мын афтæ: «Уыцы лæгæн зæгъ, æмæ уым хос мауал кæрда». ‘Мæ йæм ссыдтæн æмæ йын афтæ зæгъын: афтæ-афтæ мæ фыны уынын, æмæ ныууадз, уыгæрдæнтæ дзы и. «Алæ-ма, ныууадз…» Йе ‘фсымæр мард уыди. Мæ фыны, дам æй федтон, æмæ, дам мын афтæ зæгъы: «Ма йæ ныууадз, кæрдгæ йæ кæ». Æмæ астæмæссæдзаздзыд лæппу, мæнæ мæнæй стырдæр, уæйыджы хуызæн, не ‘рвадæлтæй уыди. Æмæ бафынæй ис, йæ фыдæн афтæ зæгъы, ныртæккæ, дам дзы футбол уыдзæни, æмæ, дам мæ-иу райхъал кæ. Уыйадыл фынæйæ баззади. Æхсæз мæйы фæстæ йæ чызг мæнæ ацы ран, нæ акомкоммæ… цыдæр гуыпп фæцыдис… Æмæ уым электрон цæджындз ис… Æмæ йæ скъæрæг ныццавта, йæ чызг дæр уыимæ. Æртæйæ дзы бадтысты æмæ донмæ атахтысты. Æмæ ракастæн, æмæ адæм æмбырд кæнынц, машинæйы цæлхытæ уæртæ уым хæрдмæ… Æмæ æхсæв-бонмæ нæ бафынæй дæн, цæмæй йæ зыдтон, чи у, цы у, фæлæ, зæгъын, кæйдæр дарæг бабын и. Æз æй цæмæй зыдтон. Уый та дын уым афтæ фæмард ис.

– Цæджындз машинæйæ скъуырдтой? (И. М.).

– О, æмæ донмæ ныххаудысты æд машинæ. ‘Мæ нæй æвналæн, уæд æм ма ‘внал. Æмæ-иу ныр уый зиуæй ныккарстой куывды фæстæ, уыцы къул. Уырдæм æвналæн нæ уыди æппындæр. Æмæ-иу æй зиуæй æрыссывтой. Æмæ-иу хъæубæсты хосхъуаг чи уыди, уыдонæн-иу æй байуæрстой. Ахæм æгъдæуттæ дзы уыдис. Æмæ уыдæттæ рох кæнын байдыдтой. Ничиуал ницы зоны.

Радзырдта йæ Едзиты А., 1946 азы гуырд.

Ныффыстой йæ Мамиаты И. æмæ Хъаныхъуаты З. Мызур, 21.05.2022 аз

 

ДЗЫХÆЙДЗУРГÆ РАДЗЫРДТÆ УАЗ ФÆЛГОНЦТЫ ТЫХХÆЙ

Уастырджи

Мæ нана мын æй радзырдта. Уый Дыгуры уыдис. Иу усæн йæ лæг æмæ йæ фырт фæмард сты. Иунæгæй цардис. Иубон ын йæ дуар чидæр бахоста, рахызт, æмæ дзы зæронд лæг, æмæ йын афтæ зæгъы: «Тынг дард фæндагæй цæуын, цы ран нæ уыдтæн, ахæм нал баззадис, дæ хорзæхæй, бауадз мæ мæ улæфт суадзын». Ус æй бауагъта. Нæлгоймаг бахызт æмæ йæ фæрсы, сау дзаумæтты, зæгъгæ, цæмæ дæ. Сылгоймаг бамбарын кодта йæ хабар, зæгъгæ, нæ лæг æмæ мæ фырт фæзиан сты. Лæг ын афтæ зæгъы: «Бамбæрстон дын дæ хабар, фæлæ афтæ гæнæн нæй. Æгæр бирæ дарыс дæ сау. Раласын æй хъæуы. Не ‘мбæлы афтæ». Уалынмæ дуар бахоста сыхаг æмæ сылгоймагæн дзуры, мæ бинойнаг аргæ кæны, зæгъгæ. Сылгоймаг куы фæцæйцыди, уæд ын зæронд лæг дзуры: «Фыццаг уал рудзынгæй мидæмæ бакæс». Сылгоймаг хæдзармæ бахæццæ, рудзынгæй бакаст æмæ дзы федта сылгоймаджы, æмæ цыма йæ сæрмæ æрыгон лæппу уыдис ауыгъдæй. Ницы загъта, фæлæ мидæмæ куы æрбахызт, уæд дзы уыд æрмæст арæг сылгоймаг.

Фæкаст сылгоймагмæ, æмæ, фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд ын зæронд лæгæн афтæ зæгъы: «Ды мын куыд загътай, афтæ бакодтон. Бакастæн рудзынгæй, федтон сылгоймаджы, аргæ чи кодта, æмæ йæ сæрмæ та æрыгон лæппу уыд ауыгъд. Уатмæ куы бахызтæн, уæд федтон афтиддæр сылгоймаджы. Тынг диссаг хабар у». Зæронд лæг æй фæрсы, зæгъгæ, чи райгуырди уыцы усæн.

– Лæппу.

– Уыцы лæппуйыл 18 азы куы сæххæст уа, уæд йæхи æрцауындздзæнис. Фæлæ ды зоныс ацы хабар, æмæ дæ бон у бинонтæ бахъахъхъæнын уыцы æвзар хабарæй.

Уый фæстæ нæлгоймаг ацыдис. Сылгоймаг хъæуы адæмæн куы радзырдта уыцы диссаджы хабар, уæд ын уыдон загътой, уыцы лæг Лæгты дзуар кæй уыд.

Радзырдта йæ Айдарты Б., 1950 азы гуырд.
Ныффыста йæ Дауеаты Т., Дзæуджыхъæу, 7.06.2022 аз

  

ДЗЫХÆЙДЗУРГÆ РАДЗЫРДТÆ ФÆТКÆВÆРДЫ ТÆХХÆЙ

Туджджынтæ

Ирыстоны бирæ хабæрттæ æрцыд мыггæгты æхсæн. Чи-иу æфсымæр загъта, чи та-иу туджджын фæци. Бирæ лæгмæрдтæ-иу æрцыди гыццыл ницæй тыххæй дæр. Адæймаг хъуамæ зона хатыр кæнын дæр, хъуамæ йæ зæрдæйы уа уарзондзинад йе ‘взæрмæ дæр.

Кæддæр сывæллонæй фехъуыстон мæ фыдыфыд Мæхæмæтæй иу хабар… Дыууæ сыхаджы сæ зæххытыл сæрдыгон куыстытæ кодтой. Иу дзы, гутоны фæстæ цæугæ, гутон арæнмæ хæстæг бауагъта, æмæ арæны дур йæ бынатæй фезмæлыд. Уый сыхаг федта, æмæ уыйадыл сыхаг сыхагимæ схыл, æмæ дзы лæгмард æрцыд. Дыууæ мыггаджы æхсæн фидыд нал уыд, кæрæдзийы мардтой, сæ бон куыд уыд, афтæ. Иукæддæр дыууæ мыггаджы бафидыдтой, фæлæ уæдмæ алы мыггагæй дæр мард æрцыд фæйнæ 23 адæймаджы. Æппæтæй 46 адæймаджы дуры фезмæлды тыххæй.

Уый аргъ уыдысты уыцы зæхх дæр æмæ уыцы дуртæ дæр? Мыггæгтæ нал хъуыды кæнын, фæлæ уыд ахæм хабар.

Радзырдта йæ Гусаты Р., 1968 азы гуырд.
Ныффыстой йæ Гуыриаты М. æмæ Мырыкаты И.,
Дзæуджыхъæу, 26.07.2022 аз

 

Цыртдзæгъдæн

Цыртытæ-иу фыццаг, уыцы хъæдын цыртытæ-иу, мæгуыр сæ бон, чъырæй ацагътой, мæнæ мын рæсугъддæр уа, зæгъгæ. Æмæ уый та Цыртдзæгъдæн уыдис. Æмæ ныр дæр чидæр ауайдзæн æмæ хъуамæ йæ ног цырт чъырдзæф фæкæна. Куадзæны размæ-иу сæ цыртытæ рæсугъд сахуырстой, Куадзæнмæ адæм уæлмæрдтæм фæцæуынц. Йæ хъуыды уый уыдис.

Ныр сæ куыдтæтæ кæнынц, уымæн æз ницы зонын, æппæтæй дæсныдæр æз нæ дæн, фæлæ цы зонын, уый зæгъын.

Радзырдта йæ Хъараты-Лолаты Р. 1948 азы гуырд.
Ныффыста йæ Гуыриаты М., Хъæдгæрон, 6.05.2022 аз

 

Цыкурайы зæды лæвар

Æз райгуырдтæн Църуйы. Мæ фыд Садула 1945 азмæ уыд Джеры дзуары (Църуйы) кувæг лæг. Фæстæдæр, æртæ мæйы мыл куы цыди, уæд нæ æдæппæтæй дæр рарвыстой Назранмæ. Уым нæ æрцæрын кодтой, мæхъхъæл хаст куы ‘рцыдысты, уæд, æмæ дзы фæцардыстæм æртындæс азы дæргъы. Хæсты рæстæг Гæззаты мыггаг бахъахъхъæдтой Джеры дзуары дзæнгæрджытæ, æмæ дзы иу рахастой семæ. Назранæй куы рацыдыстæм, уæд æрцардыстæм Цæгат Ирыстоны Уæллаг Иры. Куы ‘рбынæттон стæм, уæд Гæззаты мыггаг сарæзта ног кувæндон Джеры дзуарæн Цырауы, æмæ уыцы дзæнгæрæг уым бакодтой. Цы цау дын радзурдзынæн, уый æрцыд, Назраны ма куы цардыстæм, уæд. Цыди мыл фондз кæнæ ‘хсæз азы.

Иубон ракодта стыр къæвда тыхджын ихимæ. Уалынмæ арв ныннæрыди, æмæ нæ сыхæгты хæдзарæн йæ тохынайы арв æрцавта (зестæй конд уыд). Уыцы хæдзары пецы раз архайдта зæронд ус (Гыцци) æмæ, чъиритæ куыд кодта, афтæмæй арвы цæфæй фæмард. Адæм фæдисы лыгъдысты Гыццийы хæдзармæ. Æз дæр уæд рацыдтæн, æмæ, куыддæр нæ кæрты дуарæй рахызтæн, афтæмæй ихимæ мæ къæхты бынмæ æрхауд бур фæрдыг. Тынг цымыдисаг мæм фæкаст, æмæ йæ систон зæххæй. Уарын куы фæсабыр, уæд уынгты цингæнгæ алыгътæн хъæрæй дзургæ: «Мæнмæ та фæрдыг ис, мæнмæ та фæрдыг ис!» Уалынмæ мæм нæ хъæуккаг ус, Джиоты Къоси, æрбацыд æмæ мæ бафарста: «Æри-ма, цæуыл цин кæныс?» Æмæ мын æй байста. Мæ мадмæ кæугæйæ бацыдтæн, æмæ мæ бафарста: «Цæуыл кæуыс, мæ хъæбул, цы кодтай?» Уæд ын радзырдтон, мæ фæрдыг мын куыд байстой. Мæ мад æдзæмæй алæууыд æмæ загъта: «Кæд уый Цыкура-фæрдыг уыди, уæд уыцы бинонтæн тæссаг у»! Æмæ æцæгæй дæр, мæй нæма рацыд, афтæмæй сæ бинонтæ фæрынчын сты æмæ амардысты.

Фæлæ нæм бынтон диссаг та уый фæкаст, æмæ, цалынмæ тыхджын их нæма райдыдта, уæдмæ мах æртæ сывæллонæй хъазыдыстæм цæхæрадоны. Уарын куы байдыдта, уæд арвы цæфæй фæтарстыстæм æмæ бæлæсты бын амбæхстыстæм. Цæхæрадоны рæзты фæцæйцыди сыхæгты ус (Соня), уагъд æмæ хуылыдз даргъ дзыккутимæ. Бацыди нæм æмæ загъта: «Алидзут, мæ хæбултæ, уæхимæ! Бæлæсты бын не ‘мбæлы æмбæхсын, арв уæ æрцæвдзæн». Æмæ мах, фæстæмæ кæсгæйæ æмæ цæмæндæр худгæйæ, алыгъдыстæм. Цæхæрадонæй куы ралыгъдыстæм, уæд дыууæ сывæллоны бацыдысты хæдзармæ, æз та уынгмæ рацыдтæн, æмæ Цыкура-фæрдыг уæд æрхауд ма цурмæ. Ууыл дыууæ къуырийы куы рацыд, уæд нæм æрбауад уыцы сыхаг сылгоймаг (Соня). Мæ мад ын арфæ ракодта: «Бузныг, Соня, мæ сывæллæтты мын кæй рарвыстай цæхæрадонæй хæдзармæ къæвдайы рæстæг». Соня дисгæнгæ бакаст мæ мадмæ æмæ гзагъта: «Æнæхъæн дыууæ мæйы мæ уатæй куынæ сыстадтæн, уæд сæ æз куыд рарвыстон?» Уæд мæ мад ахъуыды кодта æмæ загъта: «Æвæццæгæн нæм Соняйы хуызы æрбацыд хæрзгæнæг». Æртæ чъирийы скодта, фынг акодта, æмæ скуывтам. Цыкура-фæрдыг нал раздæхт, фæлæ Цыкурайы зæд йæ тых æмæ йæ уды фарн мæнæн радта.

Радзырдта йæ Гæззаты-Темырхъанты Э., 1946 азы гуырд.
Ныффыста йæ Хъусаты З., Дзæуджыхъæу, 07.05.2022 аз

 

МЫГГÆГТЫ ТАУРÆГЪТÆ

Халон Гусатæм кадджын цæмæ уыд?

Касуты бæрæгбонмæ Гусатæ фыхтой бæгæны. Сæ аджы ныххауд калм, æмæ йæ адæмæй ничи федта. Федта йæ халон. Халон аджы сæрты ратæх-батæх кодта, адæмыл дæр-иу йæхи рауагъта. Адæм дис кодтой, халон йæхи афтæ цæмæн дары, ууыл, фæлæ йæ не ‘мбæрстой. Иуахæмы халон йæхи ныззылдта æмæ йæхи аджы нысхуыста. Адæм уый куы федтой, уæд аг рафæлдæхтой æмæ, калм куы федтой, уæд, халон йæхи афтæ цæмæн дардта, уый бамбæрстой. Хистæртæ загътой, халоны, дам, рарвыстой Хъæриуы хохы дзуæрттæ, цæмæй Гусаты мыггаг ма фесæфа, уый тыххæй. Загътой, амæй фæстæмæ, дам, халон мачиуал хъыгдарæд, Касуты бæрæгбоны размæ къуыри дардтой халоны номыл ком. Бæрæгбон та кодтой уæлдай кадджындæр. Ком ма дардта мæ фыдыфыдæн йæ фыдыфыд Тебо йæ амæлæты онг – 1925 азмæ.

Касуты бæрæгбон-иу ног чындзыты кодтой доны былмæ. Фæдзæхстой сæ Мады Майрæмыл, доны чызджытыл… Касутæ у баст у Мады Майрæмы номыл гуырдзиаг бæрæгбонимæ. Бæрæг-иу æй кодтой куадзæнæй дыууæ къуырийы фæстæ сабаты (куадзæнæй 13 боны фæстæ).

Радзырдта йæ Гусаты Р., 1968 азы гуырд.
Ныффыстой йæ Гуыриаты М. æмæ Мырыкаты И.,
Дзæуджыхъæу, 26.07.2022 аз

 

Уари йæхи куыд фæхæссын кодта

Уари уыд чындзæхсæвы Лæцы æмæ фæрасыг. Куы рацæйцыд, уæд Лæцы хъæугæрон кауы рæбын æрбадт. Уалынмæ кæсы, æмæ Цымытийы фæсивæд чындзæхсæвæй рацæйцыдысты. Уари носджын æфсон йæхи аппæрста. Фæсивæд, нæ хъæуккаджы куыд ныууадзæм, зæгъгæ, Уарийы се ‘ккойы скодтой æмæ йæ Лæцæй Цымытимæ се ‘ккойы фæхастой. Уари сæхимæ куы æрбахæццæ, уæд йæ сæр сдардта æмæ сæм дзуры:

– Уæ цæрæнбон бирæ уæд, лæппутæ, ам мæ æруадзут, дарддæр мæхæдæг бауайдзынæн.

Фæсивæд кæрæдзимæ бакастысты, фæлæ ма цы кодтаиккой, фæстæмæ (йæ) куыд ахастаиккой.

Радзырдта йæ Гусаты Р. 1968 азы гуырд.
Ныффыстой йæ Гуыриаты М. æмæ Мырыкъаты И.,
 Дзæуджыхъæу, 26.07.2022 аз

Бырнацты Чиковантæ цæмæн хонынц

Раджы заманы, æз æй нæ фыдæлтæй фехъуыстон, царди Нары Бырнацты Федыр. Уыди Цуциты хæрæфырт. Æмæ Цуцитæм дыууæ галы уыди, æмæ æнæхъæн Нар хуым кодтой уыцы галтæй. Туалгом уыди хибарæй, никæй дæлбар уыд, фæлæ нæм Гуырдзы уæддæр бырстой æмæ, дам, нын ирæд фидут, цæмæн сын фидæм, уый бæрæг дæр нæ уыди.

– Хъалон? (Е. Дз.).

– О, хъалон. Иузаманы Федыр æрбацæйцыди Хуссарæй. Æмæ Нармæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд цалдæр лæджы йæ мадырвадæлты галтæ æрбатæрынц. Æмæ, дам, сымах чи стут? Уый йæ мадырвадæлты галтæ куыд нæ зыдта?! Сымах, дам, чи стут? Æмæ, дам, кънйаз Чикован загъта, Нар куы ницы дæттой, уæддæр сæ исты байсут. Æмæ, дам сæ мæнæ ацы галтæ байстам иу лæгæй. Уыдон, дам, мæ мадырвадæлты галтæ сты. Æмæ сæм фондзæхстон ныддардта, æмæ, дам сæ фæстæмæ акæнут æмæ, кæм баст уыдысты, уым сæ бабæттут. Æмæ, дам нæм кънйаз Чикован хыл кæндзæн. Уый сын: «Ам, дам, Нары æз дæн Чикован». Æмæ сæ хæдзарвæндагæй Чиковантæ схуыдтой. Ныр дæр ма афтæ сты.

Радзырдта йæ Дзапарты Б., 1951 азы гуырд.
Ныффыста йæ Дзапарты Е., Къостайыхъæу, 16.05.2022 аз

 

 ЦАРДЫУАДЖЫ РАДЗЫРДТÆ

Фысы давд

Хабар уыд хæсты фæстæ. Дыууæ æмбалы Мырзæ æмæ Темыр ацыдысты цуаны. Фæрацу-бацу кодтой хъæды, фæлæ сæ къухы ницы бафтыд, æмæ фæлладæй сæ хæдзармæ фæцæйцыдысты. Хъæумæ куы æрбацæйхæццæ кодтой, уæд фысты дзуг федтой æмæ баныхас кодтой иу фыс дзы адавын. Иу бацыд æмæ фыййауы ныхæстыл дардта, иннæ та уыцы рæстæг фыс æрцахста æмæ йæ хъæдмæ баласта. Фыс аргæвстой, уæдæ цы уыдаид, фæлæ боны рухсæй сæ ныфс нæ бахастой фыс хъæуы уынгты æрхæссын, æмæ бауынаффæ кодтой фыс хъæды ныууадзын, изæры йæм ссæудзыстæм, зæгъгæ. Фыс бæласыл æрцауыгътой æмæ рацыдысты. Куы æрцыдысты хъæумæ, уæд алчи йæ хæдзæрмæ ацыд. Мырзæ хæдзары голлаг райста æмæ йæхæдæг иунæгæй фæстæмæ хъæдмæ суади æмæ фыс æрхæццæ кодта. Изæры Темыр æрцыд, цом хъæдмæ, зæгъгæ. Мырзæ та уыимæ дæр ацыд, фæлæ ма дзы цæй фыс сæййæфтаид? Йæхæдæг Мырзæ Темыримæ йæхи хылгæнæг скодта: «Ам æй чи ссардтаид, кæд æй дæхæдæг ницы фæкодтай, уæд?» Темыр йæхи фæрæстытæ кодта, æмæ сæхимæ рацыдысты… Цалдæр боны фæстæ, хуыцаубоны, Темыр Мырзæты цурты фæцæйцыд, æмæ йæ фындзыл дзидзайы тæф сæмбæлыд. Темыр хъуыдыты аивгъуыдта. Кæцæй сæм ис дзидза Мырзæтæм, æргæвдгæ куы ницы акодтой, цуаны куы ницы амардтой, кæд уыцы фыс нæу, уæд цы уыдзæн? Темыр Мырзæтæм бацыд æмæ Мырзæйæн афтæ:

– Цом, Мырзæ, нæхимæ, хуыцаубон у, æмæ иумæ дзæбæх фæбадæм.

– Цом, – загъта Мырзæ, æмæ дыууæ æмбалы араст сты Темыртæм.

Мидæмæ куы бацыдысты, уæд Темыр йæ бинойнагæн загъта, фынг нын авæр, зæгъгæ, йæхæдæг фæгæпп ласта, ныртæккæ æрбацæудзынæн, зæгъгæ, æмæ фæсæпп кодта Мырзæтæм фæстæмæ. Бацыди сæм æмæ Мырзæйы мад Годзеккайы фæрсы:

– Годзекка, цалдæр боны размæ Мырзæ фыс не ‘рбахаста хæдзармæ?

– О, – загъта Годзекка.

– Уый давд фыс уыд, æмæ ныр милицæ хъæуы джигултæ кæнынц.

– О, мæ хæдзар куыд бабын и, æмæ ныр цы акæнон? – бакатай кодта зæронд ус.

– Тæрсгæ ма кæн, рæвдз сыгъдæг голлаг фен.

Годзекка атахт æмæ уайтагъд голлаг æрбахæццæ кодта. Темыр дзидза голладжы нысхуыста, йе ‘ккойы йæ акодта æмæ сæхимæ ралæвæрдта. Йæ бинойнагæн дзидза радта, хæринаг нын дзы акæн, зæгъгæ, йæхæдæг хæдзары Мырзæйы фарсмæ абадт. Æмбæлттæ сæхи хорз федтой нард фысы фыдæй, æмæ иукæддæр Мырзæ сæхимæ араст. Хæдзармæ куы ‘рбацыд, уæд æй йæ мад фæрсы:

– Милицæ цы фесты?

– Цавæр милицæ? – фесхъиудта Мырзæ.

Годзекка хабæрттæ куы радзырдта, уæд Мырзæ йæ сæр батылдта:

– Уæдæ, куыдзы хъыбыл, абон мæ мæхи дзидзайæ хорз федта?

Радзырдта йæ Гусаты Р., 1967 азы гуырд.
Дзæуджыхъæу, 26.07.2022 аз

 

Давæг йæхиуыл куыд æрхудт

Иу хъæдгæройнаг лæг йæ дыууæ чызгимæ йæ нартхор æфснайдта. Бацыдысты-иу нартхоры хуыммæ æмæ нартхор голлагмæ æмбырд кодтой. Голлæгтæ-иу куы сбирæ сты, уæд-иу сæ уæрдонмæ хастой æмæ сæ уым æвæрдтой. Уæрдоны та уыд дыууæ галы баст æмæ хуымы кæрон лæууыдысты æмæ нартхоры сыфтæ хордтой. Иу давæг лæг фæкомкоммæ, лæг йæ чызджытимæ нартхоры куы бацæуы, уæд æрæгмæ рацæуынц, уымæ, æмæ та нартхортонджытæ нартхоры куы бацыдысты, уæд давæг бауад, галты феуæгъд кодта æмæ сæ йæ разæй ратардта. Галтæ тардта Хъæдгæронæй Суададжы ‘рдæм. Хетæджы дзуары цурмæ куы схæццæ, уæд галты хъæды фæмидæг кодта, йæхæдæг бæласмæ схызт, цæмæй акæса, йæ фæстæ фæдис ис æви нæй, уый фенынмæ. Лæг бæласыл бадт æмæ фæндаг хъахъхъæдта. Уалынмæ кæсы, æмæ бæласы бын хурдзæст-мæ иу мыст æхсæртæ йæ хуынкъæй хæссын райдыдта. Иу къухы дзаг уыдаиккой, афтæ мыст йæ хуынчъы ныббырыд æмæ уæлæмæ ницыуал хаста. Уæд лæг бæласæй æрхызт, æхсæртæ æрæмбырд кодта æмæ фæстæмæ йæ бынатмæ схызт. Æхсæртæ хæры æмæ кæсы иу цæстæй фæндагмæ, иннæмæй мысты хъахъхъæны. Иукæддæр мыст йæ хуынкъæй схызт æмæ, йе ‘хсæртæ куынæуал федта, уæд иуæрдæм-иннæрдæм аратæх-батæх кодта æмæ, йе ‘хсæртæ куынæуал ссардта, уæд йæ раззаг къæхтæй йæ цæстытæ акъахта (аууæрста) æмæ йæ уд систа. Лæг уый куы федта, уæд бæласæй æргæпп кодта, мыстмæ æркаст, æмæ йæхиуыл йæ зæрдæ æрхудт: ай ацы мыст йæ æхсæрты тыххæй йæхи куы амардта, уæд æз кæй галтæ адавтон, уыдон тæригъæд не сты?.. Лæг галтæ фæстæмæ Хъæдгæронмæ атардта æмæ, кæм уыдысты, уым сæ ныууагъта. Уымæй фæстæмæ лæг давæггаг фæллой йæ хæдзармæ никуыуал æрбахаста.

Ацы хабар фехъуыстон мæ фыдыфыд Мæхæмæтæй. Йæ ныхæстæй йæ бамбæрстон, давæг зонгæ чидæр у, уый, фæлæ мын æй Мæхæмæт не схъæр кодта, фарстон æй, уæддæр.

Радзырдта йæ Гусаты Р., 1967 азы гуырд.
Дзæуджыхъæу, 26.07.2022 аз

 

ДЕМОНОЛОГИ

Хæйрæджыты хабæрттæ

– Фæстаг рæстæджы сæ кой цæуылнæуал кæнынц? (Т.Д.)

– Мæнæн мæ мад йæ файнустимæ иухатт æрбацæйцыдис балцы, æмæ сыл баталынг ис фæндагыл. Уыдис зымæгон мæйрухс æхсæв, митджын. ‘Мæ кæсынц, æмæ иу лæг иу сывæллонимæ фæцæуы сæ разæй, æмæ уæд мæ мад афтæ зæгъы: «Адон чи сты?» Сæ фæдыл фæцæуы, æмæ ацы лæг æмæ сывæллон дæлвæндагмæ ахызтысты, æмæ йæм уæд йæ файнуст дзуры: «Мауал ацу сæ фæдыл, ма сæм кæс. Уыдон æндæр чидæртæ сты». Æвиппайды нал разындысты уыцы цæуджытæ. Уый уыдис хæйрæг. ‘Мæ-иу мæ мад афтæ дзырдта – иурæстæджы нæ хæдзармæ æрбацыдис, дынджыр уæйыг кæй хуыдтой, ахæм лæджы хуызы. Бинонтæ æхсæвы фынæй кодтой. Æз, дам, райхъал дæн, æмæ уыцы дынджыр лæг хæдзары рацу-бацу кодта. Дзурын æм ничи суæндыдис, фæракæс-бакæс кодта æмæ, дам, стæй аздæхдис. Йæ кой дæр нал фæзындис. Уый уыди æцæг уæйыг, кæй хонынц, ахæм. Мæ мад-иу арæх радзырдта ахæм хабæрттæ.

Радзырдта йæ Мæхъиты И., 1950 азы гуырд.
Ныффыста йæ Дауеты Т., Заводы поселок, 29.05.2022 аз

 

Куырысмæдзæуджытæ

Уый дæр фехъуыстон Джызæлы, уый дæр мын радзырдтой, гыццыл куы уыдтæн, хистæртæ уæд. Æмæ, дам, нæ сыхы ног чындз фæзынд, дзæбæх, рæсугъд чындз. Кæцæй уыди, уый дæр мын загътой, фæлæ… нæ йæ хъуыды кæнын. Фæлæ нæмттæ æмæ мыггæгтæ нæ бахъуыды кодтон. Бынæттæ, нæмттæ… Гыццыл сывæллонæн аргъауы хуызæн уыди, аст азы мыл цыди. Æмæ, дам, сыхы лæппутæй кæцыдæр, ног чындз кæм фæзынди, уыцы сыхаг лæппутæй кæцыдæр куыройы цур хъазыди. Куыд æрталынг и, уый нæ фембæрста, æмæ, нæхимæ цæуон, зæгъгæ, æвиппайды йæхи амбæхста, чидæр æрбацæуы, зæгъгæ. Тарсти, ныхас æм куы ‘рхауа, зæгъгæ. Æмæ дзы ауыдта сыхаг ног чындзы. Æмæ кæсы, æмæ уыцы ног чындз йæ дзаумæттæ раласта æмæ фестади бирæгъ æмæ куыройæ ацыди.

Лæппуйы мидæг тас бацыди… Куыд фæзæгъынц, уæдæ цы уыдаид… (худы), стæй уæд иуцасдæр рæстæг фæстæ… йæхимæ куы æрцыди, уæд, цы уыдзæн, зæгъгæ, æнхъæлмæ кæсын райдыдта. Йæ дзаумæттæ уым нæ баззадысты… чындз дæр уæдæ нæ фесæфдзæн. Диссаг æм фæкасти. ‘Мæ йæм банхъæлмæ касти, æмæ фæстæмæ æрбаздæхти, æмæ йæ дзаумæттæ куы скодта, уæд ын йæ уынæр айхъуыста… Æххæстæй бамбæхсын йæ бон нæ баци лæппуйæн, æмæ йæ бафиппайдта, чындз чи у, уый. Æмæ йæ куы федта, уæд ын балæгъстæ кодта тынг: макæмæн æй схъæр кæнæд, макæмæн мацы зæгъæд… Чи зоны, æмæ йæм истæмæй æвзидгæ дæр бакодта, æртхъирæн дæр бакодта (худы), фæлæ йын, лæппу чи у, уый «о, о», зæгъгæ, ныхас радта, æмæ уыцы ног чындз зæронд дæр баци, фæлæ, цас царди, лæппу чи у, уый, слæг и, уыйас ын афæдзæй-афæдзмæ хуыдта цухъхъатæ, ног цухъхъатæ. Куыд рæзыди, афтæ, лæгæй дæр – афтæ. Мæнæ йæ дзыхыл кæй хæцы æмæ кæй нæ апарахат кодта уыцы хабар, кæй нæ атауыс кодта, уый тыххæй. Ног цухъхъатæ æд куырæт, куыддæриддæр вæййы, алцы æнæхъæнæй. Уæвгæ дæр нал уыди, фæлæ лæппу, зæрондæй куы марди, уыцы лæг, уæд æй радзырдта: мæ бон, дам æй ахæссын нæу, хъуамæ йæ радзурон. Æмæ йæ уæд радзырдта. Ныр хиуæттæ та не ‘мбæрстой, алы аз ын ног цухъхъатæ цæй номыл хуыйы. ‘Мæ афтæмæй рахъæр и.

Радзырдта йæ Моргуаты Л., 1974 азы гуырд.
Ныффыста йæ Брытъиаты А., Дзæуджыхъæу, 20.05.2022 аз

 

Хæйрæджыты чындзæхсæв

Фидар: Ахсæв Хуыцауыхсæв у, æмæ дæ йæ хорзæх уæд. Хуыцауыхсæв у, æмæ дæ кæстæртæ Хуыцауы уазæг уæнт. Джыбылонмæ хъусын, æмæ ма дын æз дæр иу хабар ракæндзынæн. Мæ фыд-иу дзырдта, фæлæ Джиотæй уыди æви Мамиатæй уыди – нæ йæ зонын. Уæд ма Нары цардысты, æмæ, лæг чи у, уый цуанон уыди, тынг цуанон. Æмæ райсомæй боныцъæхтыл ацыдис цуаны хохы, нæхи Нары комы. Бон-изæрмæ фæцыди æмæ ницы ссардта. Уæдæ, зæгъы, кæд æрталынг уаид, зæгъы, æмæ та талынгмæ дæр… Æмæ, бон куыд цъæхтæ кодта, афтæ рацыдис. Æмæ хъæумæ цæуы хохæй, æмæ йæ разæй чындзхæсджытæ заргæйæ цæуынц. Æмæ йæ усыл – чындзы дарæс, æмæ йын йæ усы къухыл хæцынц. Йæ ус, иу ныхасæй, чындзы цæуы. ‘Мæ, дам, мæнæ диссæгтæ, ай цы хабар у?! Ай уæртæ мæ ус куы у, уæд ам уыдонимæ цы агуры?! Æмæ хъæумæ куы æрхæццæ, уæд хæдзармæ хæстæг… уæд сыхæгтæ æмæ хъæуккæгтæ, хохы цас уыдысты… Йæ размæ рацыдысты, æмæ йын тæфæрфæс кæнынц. Лæг фæджих: цы хабар у? Æмæ, дам, дæ ус йæхи æрцауыгъта. ‘Мæ-иу фыдæлтæй ахæм ныхас уыдис: йæхи чи ‘рцауындза, йæхи чи амара, уый æхсæз мæйы æнæзæгъинæгтимæ вæййы. Æз уый мæхæдæг зæрæдтæй хъуыстон.

Зарæ: Æгъгъæд у дæуæн, ныр та æз радзурон.

Фидар: Æз-иу мæхæдæг иуцалдæр хатты фæрынчын дæн гыццылæй. Гыццылæй, зæгъгæ, ахæм гыццыл нал уыдтæн. Æмæ-иу мæ дохтыртæм ракæ-бакæ кодтой, æмæ-иу загътой: йарæби, ницы низ æм ис. Уæд мын-иу хæлттæ сæппæрстой, æмæ, Табу йæхицæн уæд, Хетæджы дзуары хал та мын-иу схаудта. Æмæ та-иу уайтагъд адзæбæх дæн. Уый, мæхæдæг цы бавзæрстон, уый. Дыууæ хатты уыди афтæ.

Радзырдта йæ Мамиаты Ф., 1942 азы гуырд.
Ныффыста йæ Брытъиаты А., Къостайыхъæу, 14.05.2022 аз

 

Чиныг «Материалы комплексной
фольклорно-этнографической и лингвистической экспедиции
в Северной и Южной Осетии (2021–2022)»-йæ ист