ДЗБОЙТЫ Михал

ХОРЗÆХТÆ ТАУÆГ

Хаттæй-хатт мæ цардвæндагыл куы ахъуыды кæнын, уæд арæх æрцæуын ахæм хъуыдымæ: «Æвæдза, амондджын та куыд нæ дæн: цы диссаджы адæймæгтыл æмбæлдтæн мæ царды!» Сæ иуы мæ бон у схонын мæ Хуыцауы хай.

Æз дæн хъармайнаг (хъармансындзыхъæуккаг). Мах цардыстæм колхозы правленимæ æввахс. Хæсты фæстæ, 1948 азы, æртыккаг кълас фæдæн. Уыдысты каникултæ. Гъемæ мæм иубон колхозы сæрдар дзуры: «Уынын, уæрыччытыл, гыццыл родтыл куыд узæлыс, æдзух семæ куыд вæййыс. Уарзыс сæ, æмæ дæ Сылтаныхъмæ родгæсæй æрвитын. Уым хæринаггæнджытæм ис дуцгæ хъуццытæ. Ды сын сæ рæуæдтæ хъахъхъæндзынæ, «трудоденьтæ» дæр дын фысдзыстæм».

Райдыдтон Сылтаныхъы Арфарыхъы мæ фондз рæуæды хизын. Бон-иу куы стæвд, уæд-иу сæ доны былмæ ныздæхтон. Уым та зæхх уыд рæуæдты хуызæн – бур. Æлыгбын. Æз-иу уыцы æлыгæй мæ рæуæдты хуызæнтæ кодтон. Хурмæ-иу сæ схус кодтон. Станмæ, нæ цæрæн бынатмæ-иу сæ куы бахастон, уæд-иу сыл дис кодтой се ‘ппæт дæр.

Иубон Сылтаныхъы фæндагыл æрцæйцыд гом машинæ. Иу бæрзонд лæг дзы рахызт: цырыхъхъытæ, галифе хæлæф, ронбаст хæрзконд лæг. Фæрсы мæ, кæй лæппу дæ, цы кусыс, зæгъгæ. Мæ фыды ном ын загътон.

– О, уый хорз лæг уыдис, кусаг. Адон та цытæ сты?

Мæнæ, зæгъын, рæуæдты хуызæнтæ æлыгæй кæнын.

– Кæм ахуыр кæныс?

– Цыппæрæмтæм бахызтæн.

Каникултæ фесты. Мæ «трудоденьтæн» мæнæу, нартхор, æмæ ма цы лæвæрдтой, æппæт дæр райстон.

Ахуыр кæнын цыппæрæм къласы. Цыди мыл 10 азы. Иубон уынджы хъазæм. Уыцы рæстæг галуæрдæттæ, бæхуæрдæттæй уæлдай ницы федтаис. Кæсæм, æмæ дын дæлæ хæдтулгæ ссæуы. Мах цин æмæ дис кæнæм. Уалынмæ дын мах хæдзары раз куы æрлæууид. Нæ кулдуар нын бахостой. Мæ мад сæм ракаст, фæдзырдта мæм. Иу нæлгоймаг æмæ дыууæ сылгоймаджы уыдысты. Дзурынц мæм: «Цыдæриддæр дæм нывтæ ис, уыдон рамбырд кæн. Мах дæ Чырыстонхъæумæ ласæм».

…Клубы – бирæ адæм. Цины дзолгъо-молгъо. Нæ нывтæ нын къултыл бафидар кодтой. Адæм сæм кастысты, дис сыл кодтой. Сценæйы бадтысты хицауад. Се ’хсæн уыд, Сылтаныхъы мæ чи федта, уыцы лæг дæр. Радгай дзырдтой, æппæт ныхæстæ æмбаргæ дæр нæ кодтон, фæлæ-иу дзы хаттæй-хатт мæ ном дæр айхъуыстон.

Иуафон нæ хæрæндонмæ ахуыдтой.

Æз уæд фыццаг хатт федтон сихор æртæ хуызы хæринагæй: борщ, котлеттæ, компот. Фæстагмæ нын радтой хъуымацы тыхтонтæ хæлаф æмæ хæдоны фаг. Фæстæмæ мæ сластой нæхимæ.

Дыккаг бон сыхыл айхъуыст, Бæцоны лæппу, дам, хъуымацы стыр тыхтон сласта Чырыстонхъæуæй. Нæ мад дзы не ‘ппæтæн дæр бахуыдта уæлæдарæс (фæстагмæ йæ базыдтон, мæ Хуыцауы хай кæй схуыдтон, уый кæй зыдта, сидзæр сывæллæттæ цал уыдыстæм, æмæ мæнæн фылдæр хъуымац радтой).

Мæ сабибонты тынг уарзтон нæ сыхы хистæртæм хъусын. Уыдон-иу правленийы раз æрæмбырд сты сæ уæгъд рæстæг. Хъусынæй сæм чи ‘фсæсти! Сæ ныхасы-иу хаттæй-хатт иу хъуыдымæ куы не ‘рцыдысты, уæд та-иу загътой: «Гоце куы ссæуа, уæд, уый куыд зæгъа, афтæ уыдзæн». Гоце та уыди компартийы Дыгуры районы фыццаг секретарь Гапбаты Сандыры фырт Иван. Фыр буцæн æй хуыдтой йæ мады номæй Гоце (цы чиныг ыл ныффыстæуыд, уый дæр афтæ хуынд). Диссаг уый у, æмæ бирæ азты фæстæ куыд банымадтон, афтæмæй хистæртæ кæй ныхасмæ æнхъæлмæ кастытсты, уыцы лæппуйыл уæд цыд æрмæстдæр 33 азы!

Фæстæдæр-иу искæмæн куы радзырдтон, Гоце мын цы хорздзинæдтæ фæцис, уый, уæд-иу сæ алчидæр загъта: мæнæн уымæй дæр бирæ хуыздæр фæци, æмæ та-иу сæ ракой кодтой. Æвæдза, уый стыр диссаг у – алы хъуыддаджы дæр æрдзæй лæвæрд хъуамæ уа адæймагæн йæ миниуæг. Тынг бындуронæй мæ уырны: æппæт дзыллæ дæр Гоцейы хуызæттæ куы уаиккой, уæд зæххыл дзæнæт рагæй уаид!

Скъола куы фæдæн, уæд бацыдтæн Педучилищемæ ныв кæныны хайадмæ. Ме ’мбал нæ бахауд, æз та бахаудтæн. Хæрзæрæджы йæ базыдтон, уæды ОСПУ-йы директор Николай Арцутановмæ кæй ссыд Гоце мæн тыххæй. Æз ма дис дæр кодтон, директор мæм мæ мыггаг æмæ номæй куы сдзырдта, уæд.

Уый дæр та афтæ фæуæд, фæлæ мæ фæстаг курсæй æфсадмæ кæнынц. Хæдзарæй мæ рафæндараст кодтой, кусарт дæр ма мын акодтой. Уæд æфсæддон комиссариат Рæмоны-фырты уынджы уыд. Гъемæ та капитаны хъæлæс азæлыд: «Новобранцы, становись! Дзбоев, выйти из строя, остальные – направо. Шагом марш!»

Фæрсын иу офицеры:

– Æз та куыд кæнон?!

– Дæ ахуыр уал фæу. Дыгуры районы секретарь æмæ ОСПУ-йы директор ам уыдысты.

Æфсады фæстæ куыстон Декабристты клубы (абон ам ис куклаты театр «Саби»). Кинойæн афишæтæ кодтон, сфæлдыстадон куыстæн фадат дæр ардтон. Иубон мын ме ‘рмадзы дуар æрбахостæуыд æмæ мидæмæ ‘рбахызт… нæ республикæйы культурæйы министр Гапбаты Иван. Уый стыр диссаг уыд! Цыдæртæ мын кæй æнтыст, уый базыдта, æмæ мæм æрцыд. Лæмбынæг мæ фæфарста алцæмæй дæр. Цыдæр хæс дæр мын бабар кодта. Бацархайдтон зæрдиагæй. Мæ куыст æм схастон. Цалдæр боны фæстæ мæм фæдзырдтой министрадæй. Куы бацыдтæн, уæд дзы уыди бирæ адæм, кæй нæ зыдтон, ахæмтæ дæр. Къултыл – мæ куыстытæ ауыгъд, уыдоныл уыд сæ ныхас. Цæмæйдæрты дæр мæ фарстой, фæлæ куыстытæй раппæлыдысты. Мæскуыйæгтæй иу куы базыдта, Суриковы номыл аивадон училищемæ ахуырмæ цæу- дзынæн, уый, уæд мын йæ телефон радта, ме ‘ххуыс дæ куы бахъæуа, уæд дзургæ кæн, зæгъгæ.

Мæскуымæ «Суриковский»-мæ иу купейы ацыдыстæм ме ’фсымæрау адджын æмбал Хетæгкаты Хъазыбегимæ.

Нæ гæххæттытæ балæвæрдтам. Дыккаг бон бацыдыстæм нæ хъысмæт базонынмæ. Хъуыддаг рауад афтæ: мæ куысты раз фыст «да», Хъазыбеджы куысты раз та – «нет». Афæлурс, йæ зæрдæ исты куы кæна, зæгъгæ, йæ сабыртæ кæнын. Ацыдыстæм уыцы мæскуыйагмæ. Уæрæсейы культурæйы министрадмæ бацыдыстæм. Æвæццæгæн нын Хуыцау дæр æххуыс кодта: кæсын, æмæ уæлæ асинтыл æрцæуы уыцы лæг.

– Дзбоев, что ты здесь делаешь? Какие проблемы? А ну-ка, ко мне в кабинет!

Нæ хъуыддаг нын куы бамбæрста, уæд Ленинграды Репины номыл академимæ адзырдта: «Вот едет к вам мой человек поступить, доложите мне, как он принят и устроен в общежитии!»

Уый хæдфæстæ та бадзырдта «Суриковский»-мæ: «К вам поступает мой человек, доложите мне, как он принят и устроен в общежитии». Иу ныхасæй, нæ сины саст фæрæстмæ. Фæлварæнтæ куы лæвæрдтон, уыцы рæстæг Гоцейæ райстон тел: «По такому-то адресу получите специальное направление».

Æз уырдæм бацыдтæн. Иу сылгоймаг дзы бадт. Æмæ дзуры: «Так из-за вас мне Гапбаев покоя не дает, то звонит, то телеграмма».

Иу ныхасæй, Гапбайы-фырт мæ рох никуы кодта. Мæскуыйы мæ ахуыры рæстæг та иухатт йæ хæдивæг Федосеевайы æрæрвыста ноябры бæрæгбоны агъоммæ. Уый ирыстойнаг студентты æмдзæрæны æрæмбырд кодта æмæ нын йæ номæй бирæ ныстуантæ фæкодта. Кæронбæттæны та нын загъта: «Гапбаев сказал, что вы, студенты, уже взрослые люди. Приближаются праздники – и ноябрьские, и Джеоргуыба». Æмæ нын радта фæйнæ 75 сомы!

Уый хуызæн дыккаг цæстуарзон æмæ кæстæртыл аудæг разамонæг ма дыккаг уа, нæ зонын. Уыцы рæстæг ма мын хорз зонгæ уыди Тедеты Павел, уый йæхи Гапбайы-фырты ахуыргæнинаг хуыдта. Кæнæ Таболты Солтанбег. Цас хорздзинæдтæ ма сарæзтаид Ирыстонæн, цас!..

Ахуыры рæстæгæй та ма æрхъуыды кæнын иу ахæм хабар. Ректоры секретарь дын нæ курсмæ æрбацыд: «Дзбоев, вас Томский к себе зовет». Фæтæрсæгау кодтон, зæгъын, куы ницы ракодтон æвзæрæй. Бацыдтæн. Ректор мæ фæрсы:

– Дзбоев, вы кто такой в Осетии?

– Никто.

– А почему мне так часто звонят из вашего Правительства?

– Наверное, это Гапбаев звонит.

– Вот-вот. Он часто спрашивает о вас.

Ахуыр фæдæн, афтæ хæрхæмбæлд фестæм театры. Бацин мыл кодта: «Ахуыр тынг хорз кæй фæдæ, уый зонын. Тынг дæ раппæлыд ректор. Ныр дæ царды, куысты уавæртæ куыд сты?»

Ницы дзы басусæг кодтон, цы уыд, уый радзырдтон.

– Хорз нæу, райсом ма-иу мæм куыстмæ æрбауай.

Йæ кабинеты (уæдмæ сси Министрты Советы сæрдары хæдивæг) мæм иу гæххæт æвдисы.

– Ацы гæххæтт æрæджы райстон. Ныхас дзы цæуы æрыгон специалисттæн хицауады ‘рдыгæй æххуысыл. Дæ уавæрты ма чи ис, Нывгæнджыты цæдисæй иу-дыууæ ахæмы ссар, æмæ мæ номыл курдиат æрбарвитут.

Салиты Валери æмæ Хетæгкаты Хъазыбегимæ иумæ курдиат балæвæрдтам. Æмæ та мæнæ ног диссаг! Æвæццæгæн, ахæм хъуыддаг раздæр æмæ фæстæдæр никуыуал æрцыд: Гапбайы-фырт йæ кабинеты скæнын кодта нæ профкомы æмбырд, цæмæй нын лæвæрд æрцæуой, Министрты Совет Нывгæнджыты цæдисæн цы æртæ фатеры раттинаг уыд, уыдон! Афтæ æртæйæ дæр уыцы иу рæстæг райстам фатертæ!

Разамонæджы курдиат æрдзæй лæвæрд кæмæн уыд, уыцы диссаджы лæджы мах иухатт Саккаты Эльбрусимæ бабæрæг кодтам йæ фатеры Ватутины уынджы (уæд рынчын уыд). Хуымæтæг кусæг лæджы цæрæнуатæй йын ницæмæй хицæн кодта, æппындæр ын дзы ницы хъæздыг фæлыстытæ фенæн уыд.

Хъыгагæн, 1975 азы фæзиан, 60 азы дæр ыл нæма сæххæст, афтæмæй. Фæстаг фæндараст зæгъынмæ йæм уыйбæрц адæм æрбацыд, æмæ кæрты æрлæууæн нал уыд…

Уый фæстæ йæ мæ фыны арæх уыдтон. Иурæстæджы мæм ахæм хъуыды æрцыд: Сындзыхъæуы, йæ номыл уынджы йын йæ хæдзары къулыл мæхи хардзæй номарæн фæйнæг бакæнон. Мæ эскиз куы сцæттæ, уæд ацыдтæн Дигорамæ. Бацыдтæн газеты редакцимæ. Редактор уыд Лолаты Батрадз, Гурдзыбеты Барис дæр уым куыста. Æрныхас кодтам эскизыл. Йæ текст ын ныффыстам æртæйæ – иронау. Куы йæ гом кодтам, уæд партийы нæ республикæйы обкомы сæргълæууæг Хъæбæлоты Билар дæр уыд уым. Йæ ныхасы бирæ хорз хабæрттæ фæкодта Гоцейы тыххæй:

– Ахæм разамонæг нæдæр ам, нæдæр Мæскуы кæнæ фæсарæнты зонын! Уый хъуыды кодта æрмæстдæр адæмыл, сæ цард сын фæхуыздæр кæныныл архайдта.

Æз афтæ кæй зæгъын: Гоце мæ Хуыцауы хай уыд, зæгъгæ, уым къæбæлдзыг ныхасæй ницы ис æппындæр. Мæ царды уый куынæ уыдаид, уæд мын бынтон æндæрхуызæттæ рауадаид. Хæдæгай, «Нарты кадджытæ» цæмæй фæзыной, уый тыххæй хæсты рæстæг Хъулаты Хъуыбады æрæмбырд кодта ирон дзыллæты хуыздæрты. Уыдоны æхсæн уыд Гапбаты Иван дæр. Фæндзгай, æвдгай къордтæ алы кæмттæм арвыста. Бафæдзæхста сын: фæрсут алы хистæры дæр нæлгоймагæй, сылгоймагæй, чи цы зоны, чи цы фехъуыста, чи цы хъуыды кæны нарты таурæгътæй, кадджытæй.

Гоце уыд, Дыгургоммæ кæй арвыстой, уыцы къорды (йæхæдæг мын куыд дзырдта, уымæ гæсгæ). Цыдæриддæр æрмæг æрæмбырд кодтой, уыдонæй фысджытæ сарæзтой Нарты кадджыты чиныг.

Сылтаныхъы быдырты зилын 10-аздзыдæй райдыдтон, æмæ дзы алы аз дæр куыстон кæм донласæгæй, кæм галтыл мæнæуласæгæй. Уыцы быдыртæ мæ дисы æфтыдтой. Арыхъхъытæ, тыгъд быдыртæ, Ардарыхъхъытæ, фосхизæнтæ! Цыдæр нæртон сурæттæ-иу мæ цæстытыл уадысты. Иу рæстæджы композици скодтон: Бæзæрхыгтæ нæлгоймаг, бæгъæввадæй, йæ зачъетæ хуымы ауæдзы хуызæттæ, гутоны къæдзыл бады, стыр дзул йæхимæ æрбалхъывта æмæ йæ стыр кардæй лыг кæны. Схуыдтон æй «Хлебопашец». Фæндыдис мæ уый цалдæр метры бæрзæндæй Сылтаныхъы быдырты сæвæрын – йæ сурæт цыма у, уый хуызæн.

Гоцемæ йæ бахастон йæ кабинетмæ, равдисон æм æй, зæгъгæ.

Æмæ та мæнæ ног диссаг! Дзургæ дæр ницыма скодтон, афтæ дын йæ бынатæй тагъд фестад. Цом, дам, кæм хъуамæ лæууа, уырдæм! Уый диссаг та куыд нæ уыд! Ахызтыстæм Чырыстонхъæуæй, цæуæм дарддæр. Цыколамæ фæндагыл чысыл бауадыстæм æмæ… мæ цæстытыл кæм уадис бæрзондæй мæ куыст, уыцы ранмæ хæстæг машинæ баурæдта. Рахызт, иу 15 – 20 метры фалдæр бацыд, йæ къух хæрдмæ систа, дзуры: «Мæнæ ам тагъд рæстæджы дæс метры бæрзæндæй хъуамæ уа Сылтаныхъы аллегорион хуыз, йæ алыварс та – быдырон куыстытæ æвдисæг рельефтæ! Фæззæджы та-иу уыдзæн бæрæгбон, афæдзы дæргъы хуыздæр чи бакуса, уыдонæн хæрзиуджытæ дæтдзыстæм. Цæуæм Цыколамæ!» Уым районы разамонджытæн бахæс кодта, Дыгуры районимæ иумæ куыд скæной мæнимæ бадзырд, æмæ зæхкусæджы фæлгонц тагъд рæстæджы нысангонд бынаты куыд сфидауа. Уый уыд 1974 азы. Цы загъдæуа хъысмæтæн… Гоце фæрынчын, не ‘хсæнæй ацыд, æмæ мæ куыст эскизæй баззад. Уыцы азты нæм уыд зонадон æркаст, æмæ йæ уым равдыстон. Йæ хуыз каталоджы уыдис. Балхæдтой мын æй, æмæ, Мæскуыйы музейтæй иуы ис. Гоцейы ацыды фæстæ нæ хъæппæрис нал сырæзт.

Мах, нывгæнджытæ, нæ размæ цы разагъды курдиатджын нывгæнджытæ уыдис, уыдоны цард, уыдоны архайд, уыдоны уацмыстæ ахуыр кæнæм, пайда сæ кæнæм. Уæдæ ахæм уавæр цæуылнæ ныффидар, æмæ, разамонæг адæмæй хъуыстгонддæр чи у, уыдоны фæлтæрддзинад дарддæр хæссæм?

Сындзыхъæуы цы номарæн фæйнæг ис, уый хæдхал ис нæ горæты дæр, Ватутины уынджы кæм цард, уыцы хæдзары къулыл. Уый та Хъæбæлоты Билары фæндонмæ гæсгæ æвæрд æрцыд.

Нæ хорз адæмы, нæ разагъды лæгты фарн, Гоцейы фарн абон немæ уæд! Уæд нæ цард уыдзæн бирæ аивдæр æмæ мидисджындæр.