ДЗУГАТЫ-МУРАСТЫ Риммæ

СЫГЪДÆГ УДЫ РУХС БÆЛЛИЦ

«Дугъы уайынц царды фæндæгтæ. Уайынц æмæ згъорынц: иутæн – нарæг, зынцæуæнтæ, иннæтæн – цæстырухсау уæрæх, æнæкæрон – сæ нысан». Туаты Сергейы цыбыр радзырдтæй иуы ацы ныхæстæ куы бакас- тæн, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма сæ йе ‘мхъæуккаг Мурасты Къостайы фырт Махарбеджы царды фæндæгты тыххæй ныффыста.

Царды фæндæгтæ санчъехгай сты. Алы санчъех дæр цыдæр нысанимæ нымад у адæймагæн. Адæймаджы цард та цыбыр у: скастæй æркастмæ. Æмæ уыцы ауæдзыл бæрнонæй чи фæцæуы, йæ царды цыд райсомы боны фарнæн чи снывонд кæны, уымæй фæзæгъынц: «Адæмы лæг уыд!»

Ахæм фæндагамонæг лæгтæ алы мыггаджы дæр вæййы, Мурасты Махарбегау йæ удыхъæды скондæй, йæ зæрдиаг фæллойæ, йе ‘фсарм æмæ æгъдауæй мыггаджы фарнæн фидар бындур чи саразы, йæ бæрнондзинадæй, царды фæткæй та фæзминаг чи свæййы кæстæртæн.

Махарбег райгуырд 1929 азы Æрыдоны районы Кировыхъæуы зæхкусæджы бинонты. Астæуккаг скъолайы ахуыры рæстæг æдзух нымад уыд раззагдæртимæ æрмæст ахуыры нæ, фæлæ æхсæнадон царды, алыхуызон спортивон ерысты. Сывæллоны бонтæй фæстæмæ банкъардта царды уæз, уымæн æмæ йе ‘мгæрттимæ сæхиуыл бавзæрстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыдбонтæ. Æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ рæстæгæй раздæр асдæрхуыз фесты, уымæн æмæ æгæр уӕззау уаргъ ӕрæнцад се ‘рыгон уӕхсчытыл, ӕмӕ йӕ хӕссын хъуыд уӕлахизы сӕраппонд. Хæстмæ ацæуынхъом чи нæ уыд хистӕрӕй-кӕстӕрӕй, уыдоны фарсмæ æрлæууыдысты æмæ-иу ахуырæй куы феуæгъд сты, уæд дысвӕлдӕхтӕй се ‘ххуысы хай хастой хъæуы хæдзарады рæзтæн, æхсæвæй-бонæй хъаз- уатон фæллой кодтой: чи бæхтæрæгæй, чи донласæгæй, чи та – быдырон куыстыты. Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц, æмæ немыцаг тугцъиртæ дæрæнгонд æрцыдысты. Хæсты быдырæй здæхтысты Уæлахизы салдæттæ райгуырæн уæзæгмæ æмæ æмхуызонæй бавнæлдтой пырхгонд хæдзарад йæ къæхтыл слæууын кæнынмæ. Се ‘мрæнхъ æрлæууыдысты скъоладзаутæ дæр, фæлæ сæ алчидæр бæллыд рухс фидæнмæ, уæлдæр ахуырад райсынмæ.

Мурасты Махарбек

Махарбеджы стырдæр бæллиц сывæллонæй фæстæмæ уыд дохтыр суæвын, адæмæн æххуыс кæнын. Бирæ уарзта чингуытæ кæсын, æмæ йе ‘мкъласон Гаджиты Георгиимæ фылдæр рæстæг æрвыстой хъæууон библиотекæйы. Георги кæд литературæмæ тынгдæр йæ хъус дардта, уæд Махарбег та стыр цымыдисæй каст уæлæмхасæн æрмæджытæ биологийæ, анатомийæ, медицинон темæтыл фыст чингуытæ. Арæх-иу фынты йæхи уыдта урс халаты рынчынты фарсмæ…

Скъола каст фæуыны фæстæ уæлдæр ахуырмæ бацыд Цæгат Ирыстоны медицинон институтмæ. Кæм ма уыд уымæй амондджындæр! Иу цымыдисаг лекцийæ иннæмæ йе ‘мкурсон студенттимæ куы цыдысты, уæд æй фыццæгты уырнгæ дæр нæ кодта. Афтæ-иу æм каст, цыма уый уыд фын, æмæ аргъæутты бæстæмæ бахауд. Афтæ хæрды æмæ уырдыджы фæндæгтыл райдыдтой йæ фыццаг къахдзæфтæ æрыгон лæппуйæн.

Мурасы-фыртæн медицинæ ссис йæ царды стырдæр нысан, æмæ йæ сæххæстыл ахсджиагæй архайдта. Æрмæст ахуыры нæ, фæлæ институты æхсæнадон царды дæр йæхи фæзминагæй æвдыста. Студентты ‘хсæн арæзт цыд алыхуызон спортивон æмæ аивадон ерыстæ. Махарбег дæсны уыд шахмæттæй хъазынмæ æмæ-иу ерысты рæстæг уыд уæлахиздзау. Уæдæ институты ансамблы дæр ссис ирон аив кæфтыты активон архайæг. Алцыдæр йæ зæрдæмæ цыд, фæлæ йын цымыдисагдæр уыдысты лекцитæ анатомийæ. Уымæ гæсгæ уæхскуæзæй архайдта адæймаджы сконды сусæгдзинæдтæ арфдæр базоныныл, æмæ йæ нысан ссис хирург суæвын.

Диплом куы райста, уæд æй йæ курдиатмæ гæсгæ институты разамынд зæрдæмæдзæугæ рекомендациимæ арвыста хирургæй кусынмæ Сахалины облæсты горæт Холмскмæ. Дард хурыскæсæйнаг горæты æрыгон хирург цал æмæ цал æгъуыссæг æхсæвы арвыста, цал æмæ цал рынчынæн баххуыс кодта!.. Кæд æвæлтæрд хирург уыд, уæддæр, институты ахуыры рæстæг йæ фæлтæрдджын профессортæй цы зонындзинæдтæ райста, уыдон ын уыдысты ныфсы хос дард æнæзонгæ ран бахъуаджы сахат. Бирæ уарзта йæ равзæрст дæсныйад æмæ зынтæн фæрæзта, фæллад нæ зыдта йæ куысты. Уæлдай бæрзонд æм æвæрд уыдис адæймаджы цард, æмæ рынчынтæм бæрнонæй каст хионы цæстæй. Уый сæ æрмæст хостæй нæ дзæбæх кодта, фæлæ йæ фæлмæн ахастæй, йæ уды хъармæй, йæ хъæлдзæг ныхасæй. Йе ‘мкусджытæ, рынчынтæ æмæ горæты хицауад æрыгон хирургæн кодтой кад, æнувыд зиууон кæй уыд йæ куысты, уый тыххæй. Рынчындоны сæйраг дохтыр æмæ Холмскы Æнæниздзинады комитеты номæй арæх цыд хорзæхджынгонд Кады гæххæттытæй. Дыууæ хатты та йæ равзæрстой горæты советмæ депутатæй (1957, 1959).

Махарбегæн кæд ацы рынчындоны йæ куыст æнтыстджынæй цыд, уæддæр æй фæндыд йæ равзæрст дæсныйады сусæгдзинæдтæ арфдæр банкъарын æмæ йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кæнын. 1959 азы ацыд Ленинградмæ Дохтырты дæсныйад фæхуыздæр кæныны институты хирургты клиникон ординатурæйы анестезиологы курсытæм æмæ дзы ахуыр кодта 1961 азы онг. Йæ дæсныйады зонындзинæдтæ бæрзонд кæй уыдысты, уымæй уыд ныфсхаст, æмæ операциты рæстæг хæдбарæй райдыдта рынчынтæн наркоз дæттын. Институты разамынд ыл æрæвæрдтой сæ цæст æмæ сæ фæндыд, цæмæй кусгæйæ баззадаид Ленинграды. Фæлæ æрыгон дохтыр æгæрон уарзтæй уарзта Ирыстон йæ урс цъитисæр хæхтимæ. Бæрнон хæсыл нымадта ирон адæмæн балæггад кæнын. Клиникон ординатурæйы сахуыры фæстæ сыздæхт Цæгат Ирыстоны медицинон институты госпиталон хирургийы кафедрæмæ æмæ ссис нæ республикæйы фыццаг анестезиолог-реаниматолог. Æрыгон специалист йæ дæсныйады аныгъуылд, йæ удæй арт цагъта, сыгъди йæ куысты, хъуыды кодта уæззау рынчынты уавæр фæхуыздæр кæнынæн амæлттæ ссарыныл. Æмæ цадæггай йæ тын йæ къухыл тыхт – 1962 азы йæ хъæппæрисæй байгом анестезиологийы хайад, æмæ уымæй рынчынты уавæр бæлвырд фæхуыздæр.

Æмæ та – ног рæзты къæпхæнтæ. 1963 азы йæ снысан кодтой Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны анестезиологон-реанимацион хайады сæргълæууæгæй. 1968 азы та ссис Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады æнæштатон сæйраг анестезиолог-реаниматолог. Кæмфæнды ма куса Мурасы-фырт, алы ран дæр уагъта рæсугъд фæд, йæ зонындзинæдтæ та уыдысты рынчынты æнæниздзинады пайдайæн.

Йæ разамындæй нейрохирургон, арæндæтты æмæ торакалон (риуы гуыдыры хирургийы) хайæдты анестезиологон службæтæ арæзт куы æрцыдысты, уæд уый æххæстыл нæ банымадта æмæ районты рынчындæттæн реанимацийы методтæ амыдта хирургты практикон куысты æххуысæн. Дзæбæхгæнæн уагдонтæн ма практикон æгъдауæй дæр сфидар кодта наркозы нырыккон методтæ рæуджыты, нейрохирургийы, акушерон æмæ æндæр хуызты операциты рæстæг.

Махарбег йе цардæмбал Валяимæ

Республикæйы тарнизты ныхмæ тохы диспансеры тарнизты æмæ торакалон хирургийы кафедрæ куы байгом, уæд æй Æнæниздзинад хъахъ- хъæнынады министры бардзырдмæ гæсгæ раивтой хистæр анестезиологæй, æмæ бирæ азты разамынд фæлæвæрдта интенсивон терапийы хайадæн. Анестезиологийы рæзт та фæахъаз тарнизы ныхмæ эпидемиологон уавæр фæхуыздæр кæнынæн.

Мурасты Махарбегæн ма бантыст мыхуырмæ бацæттæ кæнын æмæ рауадзын ахсджиаг 12 наукон куысты рынчынты тарнизы алы хуызтæй ног медицинон гæнæнты фæрцы дзæбæх кæнынимæ баст фарстатыл.

Æппæт уыдон цæмæй къухы бафтыдаиккой, уый тыххæй адæймаг хъуамæ йæ куыст æгæрон уарзтæй уарза. Махарбег та æддаг бакастæй куыд аив уыд, афтæ йæ миддуне дæр уыд хъæздыг, фæзминаг – æгъдауæй. Йе ‘мкусджытæ, хицауад æмæ рынчынтæ йын кодтой стыр аргъ, æууæнды- дысты йыл, зыдтой, æнæзæрдæхудт æмæ цæстуарзон, рæстдзæвин адæймаг кæй уыд, уый æмæ йæ равзæрстой сæ территориалон-медицинон иугонд «Фтизиатрия»-йы профкомы сæрдарæй. Уый бирæ азты дæргъы уыцы бæрнон куыст æнæзæрдæхудтæй фæкодта адæмы хорзæхæн. Цал æмæ цал тыхст адæймаджы хъуыддаджы сарæзта, цал æмæ цал æмкусæгæн фæхуыздæр кодта сæ царды уавæртæ йе ‘нæрæнцой архайды фæрцы, цал æмæ цалæн самал кодта профцæдисон путевкæтæ санаторитæм…

Йæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ уый æнæвгъауæй лæвæрдта æвæлтæрд æрыгон медицинон кусджытæн. Ахуыр сæ кодта æрмæст йæ дæсныйады сусæг- дзинæдтыл нæ, фæлæ фыццаджыдæр адæймаг уæвыныл, рынчынтæм хионы цæстæй кæсын æмæ сыл зæрдиагæй аудыныл.

Махарбеджы удуæлдай фæллойæн аргъгонд æрцыд бирæ Паддзахадон хæрзиуджытæй: сси Æнæниздзинад хъахъхъæнынады отличник, РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыр, райста юбилейон майдан В.И. Ленины 100 азы райгуырды боны кадæн æмæ ма къорд Кады гæххæтты Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæй æмæ Медицинон кусджыты профцæдисты обкомæй.

Фæлæ йæ царды стырдæр хæрзиуæгыл нымадта йæ фæрнæйдзаг бинонты. Цы ма ис адæймагæн йæ бинонты амондæй зынаргъдæр! Уыдон уыдысты йæ царды тырыса, йæ ныфс, йæ рухс райсом. Дзугкойты Валяимæ сæ цард куы баиу кодтой, уæдæй фæцардысты 50 азы, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ. Сæ уарзты ахстоны сын æртæ хъæбулы куы равзæрд – Максим, Мæдинæ, Светæ, – уæд ма кæм уыд Махарбегæй амондджындæр! Сæ кæстæрты æмæ уыдоны хъæбулты ахуыр кодтой нæ рагфыдæлты традицитыл, ирон æгъдауы фæткыл, æмæ, абон цы сыхбæсты цæрынц, цы куыстуæтты кусынц, уым сæ ныййарджыты кад æмæ ном фарнимæ хæссынц, сæ хистæрты хуызæн сты фæзминаг се ‘гъдау, се ‘фсармæй.

Махарбег Кировыхъæуæй кæд æрыгонæй фæиппæрд, уæддæр фидар тæгтæй баст уыд райгуырæн уæзæгимæ. Къадзаты Станиславы загъдау, йе ‘мбæлттимæ рæз цы хъæуы хаста, уый йын стъалытæй ссис уæлдæр. Ахæм улæфгæ бон нæ уыд, æмæ йæ ныййарджыты æмæ хиуæтты ма бабæрæг кæна, сыхбæсты хистæртыл ма æрзила, ма сыл баузæла, йе ‘ххуысы хай сын ма бакæна кæм хæдзарон куыстыты, кæм та – медицинон æгъдауæй.

Медицинæ æмæ бинонты амонд Махарбегæн систы йæ царды дыууæ базыры. Æнæ сæ иуæй йæ цард уыдаид мынæг. Цæргæс арвы тыгъдады куыд аивазы йæ базыртæ, афтæ Мурасы-фырт дæр йæ над фæндагыл фæцыд амондджынæй 92 азы. Лæгау лæджы цард фæкодта. Йæ удыхъæд уыд хъæздыг царды хорздзинæдтæй, уыд адæмæн уарзон, ирон фарнæй – фæрнджын. Хуыцауæй æрвыст дохтыр, фæллойы ветеран, куырыхон хистæр, æууæнкджын хæлар йæ фæстæ ныууагъта Æрфæны фæдау æрттивгæ фæд: стыр бавæрæн бахаста нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къæбицмæ, йӕ хорз хъуыддӕгтӕй самадта урс дуртӕй царды гӕнах æрмæст йӕхицӕн нæ, фæлæ йæ мыггагæн, Иры кæстæрты фарнæн, æмæ йæ рухс ном уæд æнусон! Цалынмæ нæм Махарбеджы хуызæн дохтыртæ æмæ хистæртæ уа, уæдмæ не ‘нæниздзинад уыдзæн æдас къухты, ирон æгъдау æмæ нæ рагфыдæлты традицитæ та фæлтæрæй-фæлтæрмæ фарнимæ цæудзысты.