КУЧИТЫ Руслан

ФÆСТАГ ФЕМБÆЛД

Царды фæндæгтыл бирæ фæзилæнтæ ис. Уыдон хаттæй-хатт вæййынц æгæрон гуыргъахъхъ æмæ тæссаг. Мæ фыд, Уæрæсейы сгуыхт ахуыргæнæг Кучиты Алыксандр, райгуырд Тибы, фæлæ 1920-æм азты бинонтæ ралыгъдысты Къостайыхъæумæ. Ноггуырд саби ма уыд, афтæмæй амард йæ мад Суанон. Фыд Максийы бахъуыд иунæгæй æхсæз сывæллоны хæссын. Фæлæ, дам, кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та – рæхуыст. Иу фæззыгон æхсæв ын мæхъхъæлы абырджытæ йæ бæх адавтой. Уæды заман-иу арæх уыдысты ахæм фыдракæндтæ. Къостайыхъæуы кæронæй цардысты Теркмæ хæстæг, æмæ сæм фыдгæнджытæ дæр, æвæццæгæн, уый тыххæй бахъавыдысты. Бæх афардæг кодтой Терчы сæрты Зилгæйы быдыртыл. Уæдæй фæстæмæ мæгуыр лæг скъæты æхсæвиуат кæнын райдыдта, тарстис, йæ бинонты дарæг хъуджы дæр ын куы адавой. Гъемæ фæззыгон уазал æхсæвты йæ рæуджытæй фæрынчын æмæ бирæ нал ахаста. Цардæй ахицæн, мæ фыдыл авд азы куы цыди, уæд. Лæппу рæзыдис зыбыты сидзæрæй æххормаг æмæ мæгуыр заман. Раст Къостайы загъдау, «Бын бауай, иунæг, дзыллæтæй иу лæг кæй нæ рæвдыдта!»

Раджы бамбæрста цардбæллон лæппу, йæ фидæн æрмæстдæр йæхицæй аразгæ кæй у. Йæ зæрдыл бадардта, йæ фыд ын йæ мæлæты размæ цы ныффæдзæхста, уый: «Хъусыс, лæппу, цæрынхъом суыдзынæ, æрмæстдæр фыдæбон кæнын куы базонай, уæд. Сахуыр кæн, райс хорз дæсныйад, æмæ уый фæрцы дæ къæхтыл слæудзынæ. Æз дыл мæ зæрдæ дарын».

Æмæ ахуыр кодта зæрдæргъæвдæй, рухсмæ тырнгæйæ. Фыццаг – хъæуы скъолайы, стæй – Дзæуджыхъæуы рабфачы, Педагогон институты. Советон паддзахад адæмыл аудыдта, æххуыс кодта, царды размæ чи тырныдта, уыцы мæгуыртæн, æндæра кæм бантыстаид сидзæр лæппуйæн ахуыргæнæг суæвын…

1939 азы каст фæцис институты физикон-математикон факультет, æмæ йæ кусынмæ арвыстой мæхъхъæлон хъæу Насыркорты скъоламæ. Йæ куыстмæ бæрнон цæстæй каст, адæмы раз йæхи уæзданæй æвдыста, æмæ йын хъæуы цæрджытæ дæр стыр аргъ кодтой. Уæдмæ æрыгон лæппуйæн йæ паддзахадон хæс бафидыны афон æрцыд, æмæ иу азы фæстæ барвæндонæй ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Акодтой йæ Белоруссимæ, рæнмæ хæстæг, горæт Брест-Литовскмæ. Уым æй æрæййæфта 1941 азы 22 июнь.

Ацы ран мæ мысинæгты чысыл фæстæмæ раздæхон. Тибы ма куы цардысты Кучитæ, уæд сывæллон тынг бахæлар йе ‘мгар, йæ хистæр хо Катяйы бинонты кæстæртæй иу – Челдыты Ильяимæ. Уыдон цардыс- ты Тибмæ хæстæг хъæу Згъилы (фæстæдæр алыгъдысты Алагирмæ). Лæппутæ рæзыдысты, цыдысты кæрæдзимæ, иумæ-иу хъазыдысты. Афтæмæй баисты раст кæнгæ æфсымæрты хуызæн, уæлдайдæр та, Дзæуджыхъæуы иу институты ахуыр кæнын куы райдыдтой, уæд. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Ильяйы уыцы ахуырмæ дæр сразæнгард кодта Алыксандр. Уый мæхъхъæлмæ кусынмæ куы арвыстой, уæд уыцы рæстæг Илья та райдыдта кусын Алагиры скъолайы кæстæр кълæсты ахуыргæнæгæй, æмæ лæппутæ иуцасдæр фæхицæн сты. Мæ фыд æфсадмæ куы ацыд, уæдæй фæстæмæ йæм йæ кæнгæ æфсымæр Ильяйæ ницыуал хабар уыд, нæ зыдта, кæм ис æмæ цы кусы.

Алыксандр-иу куыд дзырдта, афтæмæй уыдтой, арæны фале немыц сæхи рæвдзытæ кæнынц, сæхи ‘хсæн дзырдтой, хæсты райдианмæ бирæ кæй нал ис. Мæ фыд уыдис хуымæтæг фистæгæфсæддон. Уæлдæр ахуырад æм кæй уыдис, уый тыххæй йæ афицерты ахуыртæм арвитынмæ хъавыдысты, фæлæ уæдмæ хæст райдыдта. Фыдуац сæ æрæййæфта быдырон ахуырты, æмæ уырдыгæй сæрдыгон тæвд бон фæдисы цыд фистæгæй ракодтой се ‘фсæддон хаймæ. Иу ран иннæ æфсæддон хайы салдæттимæ баиу сты, сæ фæллад уадзынмæ куы æрбадтысты, уæд. Уалынмæ мæ фыдæн, тамако дымгæйæ, æнæнхъæ- лæджы йæ хъустыл ауад цавæрдæр зонгæ хъæлæс. Командир хъæрæй сидтис йæ дæлбар æфсæддонтæм. Лæппуйæн йæ буар уылынгтæ абадтис, афтæ æхсызгон æмæ зæрдæмæ хæстæг уыдысты уыцы дзырдты мыртæ. Фæгæпп кодта йæ бынатæй æмæ атындзыдта, хъæлæс кæцæй хъуыста, уыцырдæм. Æмæ дын мæнæ диссаг! Йæ разы – Челдыты Илья лейтенанты уæлæдарæсы команды кæны йæ взводæн. Фыр дисæй иу уысм æдзæмæй алæууыдысты дыууæ ироны, стæй зæрдиаг хъæбыс ныккодтой кæрæдзийæн: «Куыд? Кæцæй? Кæм дæ?» Куыд рабæрæг, афтæмæй Ильяйы æфсады рæнхъытæм акодтой Алагирæй æмæ йæ службæмæ снысан кодтой Бресты фидармæ.

Цалдæр минуты ахаста сæ адджын ныхас. Ныфсытæ бавæрдтой кæрæдзийæн, ныр зондзыстæм, кæцы рæтты стæм æмæ фæстæдæр бæстондæр аныхас кæндзыстæм, зæгъгæ. Цæмæй йæ æмбæрстой уæд, цы карз, цы æгъатыр мæлæтдзаг хæст райдыдта, цы хъизæмар æмæ стыр фыдбылызтæ æрхæсдзæн нæ адæмæн. Уый уыдис кæнгæ æфсымæртæн сæ фæстаг фембæлд. Лейтенант Челдыты Илья æбæрæгæй фесæфт Бресты фидары хъæбатыр хъахъхъæнджытимæ. Ирон лæджы ном æмæ кад нæ фæчъизи кодта, кæронмæ сæ фæхаста.

Кучиты Алыксандр та ма хæцыдис дарддæр знаджы ныхмæ æмæ хæстоны хъысмæт æххæстæй бавзæрста. Фæстæдæр ын знаджы сармадзаны нæмыджы схъис йæ фад ныппырх кодта, æмæ йæ госпитæлты фæрахау-бахау кæныны фæстæ 1943 азы дыууæ лæдзæджы æнцой рарвыстой Ирыстонмæ.

Къостайыхъæуы скъолайæ йæм фæдзырдтой, æмæ уым райдыдта кусын ахуыргæнæгæй. 1947 азы бинонты хъуыддаг бакодта алагираг Лолаты мыггагимæ, æмæ афæдзы фæстæ ралыгъдысты Алагирмæ. Уырдæм Алыксандрмæ кусынмæ фæсидт йæ рагон хæлар, Алагиры дыккæгæм скъолайы директор Боциты Кирилл. Кæд къахы фадæн йæ раст æмбис нал уыд, уæддæр хъæдгом сындæггай байгас, лæг фыццаг иу лæдзæгимæ, стæй æнæ лæдзæгæй цæуын райдыдта. Алагиры районойы, 2-æм, стæй та 3-æм скъолайы фæкуыста йæ царды фæстаг бонмæ. Йæ къухæй бирæ зындгонд, кадджын æмæ ахуыргонд адæм рацыд, абон дæр ын æрымысынц йæ ном. Хорзæхджынгонд æрцыд Сырх Тырысайы орденæй, Адæмон ахуырады отличникы нысанæй, Уæрæсейы сгуыхт ахуыргæнæджы номæй æмæ цалдæр майданæй.

Нæ фыд арæх мысыд йе ‘дзард æрдхорды, фыста кæдæмдæрты, кæм ныгæд ис, уый базонынæн. Фæлæ дзы ницы бацис йæ бон сбæрæг кæнын. Йæхæдæг 1983 азы æнæнхъæлæджы ахицæн ацы дунейæ. Интернет куы фæзынд, уæд райдыдтон агурын Ильяйы фæд. Сбæрæг, уым, Бресты фидарæн йæхимидæг, хъæбатырæй кæй фæмард, уый.

…Бынтон стæмтæ ма баззад нæ хъайтар хæстонтæй, æмæ се ‘ппæт дæр сæ бинонты фæндиаг Хуыцауы уазæг уæнт. Хъуамæ сыл аудæм нæ мыггæгты, сыхбæсты, æхсæнады мидæг. Уыимæ, махæй, стæй нæ кæстæртæй дæр хъуамæ рох ма уой, хæсты быдыры адæмы сæраппонд йæ цард чи радта, карз тохы йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, уыцы зынгхуыст хæстонты нæмттæ.