ПЛИТЫ Гацыр

ÆВДУДОН ИРЫСТОН

Бирæ номарæн бонтæ ранымайæн ис, фӕлӕ уыдоны ‘хсӕн сӕйраг бынат ахсынц ирон адæмы дыууӕ стыр геноциды. 2008 азы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фӕндӕгтыл бирӕ ныхас ӕрцыд ӕмӕ цӕудзӕн дарддӕр дӕр, фæлæ Иры историйы фыццаг геноцид рохуаты кӕй баззад, ууыл у абон нӕ ныхас. Хуссар Ирмӕ хауынц ацы геноцидтӕ, уый ӕрцыд дыууӕ хатты сыгъд, пырх, йæ цæрджытæ сæ райгуырæн зæххæй фæхауæццаг сты тард гуырдзиаг экстремистты фыдæй. Нӕ зындойнаг царды уӕз ахауд Цӕгат Ирмӕ дӕр.

2020 азы Хуссар Иры дзыллӕ бавнӕлдтой фыццаг геноциды хабӕрттыл ӕрдзурынмӕ. Уæды Президент Бибылты Анатоли расидт мысӕн аз. Лӕгдзинады хъуыддаг у уый, уымӕн ӕмӕ сæдæ азы дӕргъы (1920-2020) Хуссар Ирӕн уыцы фадат никуы уыд.

Афтӕ уыдзӕн, уый цыма развӕлгъау зыдта уыцы хабæрттæ фенæг нӕ зынгӕ поэт, прозаик, революционер Беджызаты Чермен, уыйау йӕ карз фӕдзӕхст уыд: «Ссӕдзӕм аз махӕй / Кӕмӕй фӕуа рохы, / Уый не ‘хсӕн ӕлгъыст уӕд фӕлтау».

Рох нӕ бӕргӕ ницы уыд, фӕлӕ нӕ дзурӕнтӕ дӕр нӕ бар нӕ уыдысты. Нырма уал уый, ӕмӕ 1921 азы ралӕууыд ног дуг, Советон Хицауады къухдариуӕгад, æмæ уый 1920 азты стыр фыдракӕндты рӕгъмӕ рахӕссын нӕ бауагъта «хӕлардзинад» бахъхъахъхъӕныны тыххӕй. Дыккаг та уый, æмæ нæ 1922 азы ныууагътой Гуырдзыстоны сконды. Цалынмӕ Стыр Цӕдис ныццудыдта, уӕдмӕ геноциды койы бар ирӕттӕн нӕдӕр уыд…

Нӕ абоны фӕлтӕры фыдбылызты фӕндӕгтыл нӕ ардауӕм, фӕлӕ хъуамӕ зоной, мах кæй цӕрӕм нӕ фыдӕлты, аланты зӕххыл, ӕмӕ йæ уадзгӕ дӕр никӕмӕн ныккӕндзыстӕм. Абон нæ сыхæгтæ ӕдзӕсгомӕй кӕй ӕрхӕцыдысты Хъуды, Хады, Тырсы ӕмӕ Къобы кӕмттыл, уый дӕр сын нӕ батайдзӕн. Ма сӕ хъуамӕ уа рох, искӕй уæны стӕг хурхы ныхсаг кӕй у, искӕй зӕххытӕн сау нымӕтӕй æрæмбӕрзӕн кӕй нӕй.

Уый иу хабар у, фæлæ ирон нывӕфтыд литературӕ дӕр йӕхи къӕмдзӕстыджы бынаты ӕвӕры, фыццаг геноцидыл йӕ бон рӕстмӕ зӕгъын кӕй ницы бацис, уымæй.

Фыццаг геноциды темӕйыл зӕрдӕрисгӕйӕ чи фыста, уыдоны уацмыстæй нӕ скъолатӕм фӕхӕццӕ сты «Ӕртындӕсӕй иумӕ» (Хъуылаты Созырыхъо), «Ссыгъди цард» (Беджызаты Чермен), «Саломи» (Коцойты Арсен) ӕмӕ «Сӕлимӕт» (Плиты Харитон).

Алыхуызон мадзӕлтӕ сарæзтæуыд фыццаг геноциды хабӕртты фӕдыл. Бирӕ бафыдӕбон кодтой, куыд ахуырадон уагдӕттӕ, афтӕ ӕхсӕнадон организацитӕ дӕр, фæлæ царды айдæн сси нæ театр, æмæ нæ ныхас бæлвырддæр ууыл уыдзæн. Стыр ӕмӕ бӕрнон хӕс райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры коллектив – бакуыста трагеди «Фӕстаг ӕвдисӕн»-ыл. Развӕлгъауӕй йӕ зӕгъын – тугхъулон нысаниуӕгимæ дуджы цаутæ равдисыныл нӕ театры егъау коллектив цы стыр фыдӕбон бакодта, уыйбӕрц – ничи, уымæн æмæ ацы темӕйыл никуы куыста, сценӕйыл ахӕм гуырахстджын пьесӕ никуы сӕвӕрдта. Ацы ахсджиаг хъуыддаджы йын ахъаззаг æххуыс бакодта прозаик ӕмӕ драматург Остъаты Алан йӕ пьесӕ «Фӕстаг ӕвдисӕн»-ӕй.

Дзӕвгар азты куыста ацы темӕйыл автор, зылдис Ирыстоныл, бадтис архивты, агуырдта, æмбырд кодта ӕрмӕг, ӕмӕ ныр нæ театры сценæйыл сæвæрдæуыд йӕ трагеди, чингуыты тӕрхджытыл та фæзынд йӕ уацау «Сау тымыгъ». Дыууӕ уацмысы дӕр иу темӕйыл фыст сты. Махӕн уал нӕ ныхасы сӕр у, театр ӕмӕ драматург цы сарӕзтой, уыдӕттыл.

Уӕлдӕр ӕй загътон, нӕ театры сценӕ фыццаг хатт федта ахӕм гуырахстджын пьесӕ. Гуырахстджын ӕй уымӕн хонӕм, ӕмӕ дзы ис 70 фӕлгонцӕй фылдӕр, архайд цӕуы ӕртӕ сахаты ӕмӕ ӕрдӕг.

Остъаты Аланы трагеди кӕсгӕйӕ, нӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы абхазаг прозаик Баграт Шинкуба. Туркмӕ цы абхазӕгтӕ-убыхтӕ алыгъд, уыдоны хъысмӕтыл ныффыста роман «Последний из ушедших». Æнамонд дугӕн агуырдта ӕрмӕджытӕ, ӕвдисӕнтӕ. Йӕ къухы ма бафтыд Турчы цӕрӕг фӕстаг убыхаг, фӕлӕ уымӕн дӕр уæдмæ йӕ иу къах ингӕны уыд. Ахӕм ӕвдисӕн ссардта Алан дӕр, ӕмӕ уый ӕххуыссӕй снывӕста йӕ трагедийы архайд.

Сценӕйы домӕнтӕм йӕ хъус дардта Алан. Трагедийы ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ акты. Кӕд ӕгӕр егъау сты, уӕддӕр аивадуарзджытæй дуджы диссӕгтӕм кӕсгӕйӕ фӕллады кой чи кӕн?..

Аккаг фӕлгонцтӕ райста автор уырнинагæй сæ равдисынæн. Хӕстон дуг, судзы Хуссар Ир, лидзынц адӕм, сӕфынц рӕстӕй, фӕлӕ сын ис ныфсы лӕгтӕ. Уыдонӕй автор йӕ трагедимӕ бахаста Санахъоты Матейы, Гаглойты Рутены, Хаситы Миттайы, Дзуццаты Арсены.

Йӕ трагедийӕн знӕгты ‘рдыгӕй дӕр аккаг фӕлгонцтӕ райста. Уыдон та сты меньшевикты ӕфсады хистæр Георги Квинитадзе, Валикъо Джугъели æмæ йӕ хӕдивӕг Закариа, сауджын Алексей Кванчахадзе, дохтыр Вацлав Херш.

Трагедийы ис гуырдзиаг гвардийы сконды адӕмӕй Гогия Къасрадзе, Илья Майсурадзе, Лаша, Датикъо, семӕ ис йӕ адӕмы уӕйгӕнӕг Лохты Артем дæр.

Трагедимӕ хаст ӕрцыдысты 13 коммунары, хъӕууон адӕмӕй та – Дзӕрӕх, Фӕрдыг, Борӕ, Хуыбылон, Хъӕцмӕзон, Зӕлда, Аминӕт, Къориан, саударӕг ус, Абрам, Эстер, Сирануш, Гӕджион, Плион, Саломи, Гӕззаты Есе ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ранымад сурæттæй бирӕтыл дзӕвгар дзурӕн ис, уымӕн ӕмӕ сты ӕцӕг историон фӕлгонцтӕ. Фаг ӕрдзурыны фадат кӕм нӕй, уым цыбыртӕй зӕгъӕн ис, ирон революционерты ролы чи хъазы, – Мамиты Григори (Санахъоты Мате), Куымӕридтаты Батрадз (Гаглойты Рутен), Карсанты Гурам (Хаситы Митта), Козаты Ромик (Дзуццаты Арсен), – арӕхстджын разындысты сӕ бӕрны уӕвӕг хъуыддӕгты. Раст ӕмбарынц дуджы уавӕр, адӕмы тухитæ, зындзинӕдты нӕ зонынц цудын ӕмӕ нӕ уадзынц цудын адӕмы дӕр. Тагъд сӕм рӕсугъд сомбон кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый сын сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц ӕрвылбон дӕр.

Аив, уырнинаг æмæ зæрдæмæхъаргæ рауад авторӕн, ирон афицер Гæззаты Есе (Гаглойты Артур) гуырдзиæгты штабмæ куы бацыд æмæ Георгий Квинитадзе (Пӕррӕстаты Димитр) æмæ Валико Джугъелиимæ (Бибылты Сослан) куы ныхас кодта, уыцы сценæ.

Зӕрдӕмӕхъаргӕ фӕлгонцтӕ сты трагедийы Дзӕрӕх (Хаситы Вильгельм), Фӕрдыг (Гугкаты Евелинӕ), Борӕ (Уанеты Хсар), Хъӕцмӕзон (Хъӕцмӕзты Фатимӕ), саударӕг ус (Таугазты Дзерассӕ), Гӕджион (Гӕджиты Ингӕ), Плион (Тадтаты Фатимӕ), Магда (Джиоты Альма), Къориан (Хуыгаты Альбина), Саломи (Натия Чохели) ӕмӕ ӕндӕртӕ. Кӕд авторӕн ӕрымысгӕ фӕлгонцтӕ сты, уӕддӕр сӕ архайд, сӕ зондахаст, стӕй уӕд се ‘ддаг хуыз дӕр характерон сты уыцы дугӕн, се ‘ппӕты хъуыды дӕр у иу – адӕмӕн басӕттӕн нӕй.

Саударӕг ус (Таугазты Дзерассæ) гуырдзиаг лӕгмартӕй нæ фæтарст, ӕмӕ сын бахӕрын кодта тугӕйдзаг хойраг.

Саломийы (Натия Чохели) хорз зонӕм Арсены радзырдӕй. Ам сценӕйыл уырнинаг нывты ӕрцыд ӕвдыст. Айнӕджы былӕй Саломи йӕ чызджытимӕ йӕхи куы ӕппӕрста, уӕд йӕ сӕйраг хъуыды уыд ахæм: «Уадз лӕджыфыдхор знаг зона, ирон сылгоймаг-мад кӕй арæхсы тохмæ æмæ мæлынмæ дæр».

Авторӕн фæрæстмæ, 13 коммунары удыхъӕд, царды фӕндӕгтӕ ӕвдыст кӕм ӕрцыдысты, уыцы сценæ дæр. Кӕд се ‘ппӕтӕн зӕгъын ӕмӕ фезмӕлыны фадат нӕ уыд, уӕддӕр драматурджы арӕхстдзинадыл дзурӕг у иу стыр хъуыддаг – театрдзаутӕ федтой ӕмӕ бамбӕрстой, коммунартæ Иры сахъдзинад ӕмӕ лӕгдзинад ӕвдисджытӕ кӕй уыдысты. Ууыл дзурӕг у, сӕ мӕлӕты размӕ цы зарӕг систой, уый дӕр. Се ‘хсӕнӕй бӕрӕгӕй разынд Джиоты Андри (Хаситы Сослан), куыд раздзӕуӕг ӕмӕ разамонӕг, уымӕн автор ссардта хъӕугӕ архайд, хъӕугӕ дзырдтӕ ӕмӕ хъуыдыйӕдтӕ. Уыимæ ма бӕрӕгӕй разындысты Тедеты Иван (Хугаты Дзамболат) æмæ Уалыты Данел (Уалыты Георгий). Актерты ӕмрӕнхъ спектаклы æвзыгъдæй бацархайдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты актерты факультеты студенттæ, æмæ уый тыххæй бузныг зæгъын хъæуы ӕвӕрӕг режиссер Дзуццаты Тамерланæн.

Уæдæ знæгты сурæттæ дæр нӕ драматург уырнинагæй равдыста. Адӕмæй бирæ азты фæстæ дæр рох не сты, Иры тугӕй йӕ дойны чи саста, уыцы лæбурджытæ. Цӕст æрæвæрæм, нӕ адӕмон артисттӕй сæ фæлгонцты чи бацыд, уыдоныл – Пӕррӕстаты Димитр (Георгий Квинитадзе), Бибылты Сослан (Валико Джугъели), нæ республикæйы сгуыхт артисттӕ Уанеты Эдуард (Закариа), Тедеты Андрей (сауджын Алексей Кванчахадзе), Джиоты Сослан (дохтыр Вацлав Херш), Битарты Бессарион, Хъотайты Сӕрмӕт, Гаглойты Эдуард, Елбачиты Рамаз, Харебаты Жан-Жак ӕмӕ ӕндæртæ.

Театрдзаутæ сæ зæрдæтæм æввахс айстой, бынæттон цæрджытæй лыгъд адæмæн чи æххуыс кодта, уыдоны фæлгонцтæ – цхинвайлаг Абрам (Тъехты Уасил), йӕ бинойнаг Эстер (Дыгъуызты Жаннӕ), Сирануш (Хаситы Эммӕ). Сомихӕгтӕ æмæ дзуттӕгтӕ, цӕрӕнбонты фӕцардысты хӕларӕй, æмæ ныр стыр зыны сахаты архайынц тыхст ирӕттӕн истӕмӕйты сӕ къух фӕрогдӕр кӕныныл. Сӕйраг та сын уыд сӕ уарзон сыхӕгты мӕлӕтӕй бахизын, уыдонмӕ дзаума ӕмӕ къӕбӕрӕй фӕкӕсын.

Нæ аивадуарзджытæ йæ дзыллæйы уæйгæнæг Лохты Артемы (Харебаты Жан-Жак) зонынц Хъуылаты Созырыхъойы радзырд «Ӕртындӕсӕй иумӕ»-йæ, æмæ йæ ныр федтой «удӕгасӕй», йӕ цъаммар митӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ. Спектаклы æгасæй баззад, æмæ уый адæмæн зæрдæмæдзæугæ хъуыддаг нæ уыд…

Амондджын уӕд нӕ республикæйы раздæры президент Бибылты Анатоли, уый фӕрцы ӕрцыд ӕвӕрд ацы пьесӕ, хъӕугӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уавӕртӕ сарӕзта йӕ равдисынӕн. Арӕх ӕй бӕрӕг кодта сценӕйыл дӕр, иууыл активондӕр хайад райста премьерӕйы рӕстӕджы. Стыр аргъ скодта спектаклы автор Остъаты Аланӕн, ӕвӕрӕг режиссер Дзуццаты Тамерланӕн, музыкӕйы автор Плиты Муратӕн, нывгӕнӕг Санахъоты Мæдинӕйӕн. Аивадуарзджытæ разыйӕ баззадысты, актерты уӕлӕ цы дарӕс уыд, уымӕй – æмæ ууыл та бакуыста Коцты Таня.

Президент, театры разамонджытæ стыр бузныг загътой нӕ цӕгатаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн – Тӕбӕхсæуты Балойы номыл Ирон паддзахадон академион театры æмæ Дыгурон паддзахадон драмон театры коллективтæн се ‘ххуысы тыххӕй. Спектаклы архайджыты фæлгонцты бацыдысты Хамыхъоты Дзембат (Дзека), Цӕриаты Валери (Джерихан), Хъӕцмӕзты Лазыр (Абысал), Пагӕты Фатимӕ (Гергион), Хъаламбегты Фатимӕ (Темырон) ӕмӕ Хъамболаты Зӕлинӕ (Цӕргӕсон).

Цӕгат Иры театр 1942 азы куы фӕтыхст, уӕд Хуссармӕ сарӕзта йӕ ных. Ам афӕдз чысыл цух иумӕ фӕкуыстой ӕртӕ театры (Хуссары, Цӕгаты ӕмӕ Гуырдзиаг театртӕ) хӕларӕй, уарзонӕй.

Театры коллективӕй иууыл егъаудӕр фыдӕбон ӕрхауд Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны аивӕдты сгуыхт архайæг, ӕвӕрӕг режиссер Дзуццаты Тамерланмӕ. Кӕуылты уыд режиссеры фантази архайды фадæттӕ саразыны хъуыддаджы!

Мӕ ранымадӕй бӕрӕг у, театр стыр ӕмӕ бӕрнон хъуыддаджы кӕй бацыд. Драматург ӕмӕ режиссерӕн иунӕг фӕлгонц дӕр фӕлурсӕй нӕ баззад, алкӕцы дӕр дзы уыд йӕ раны, стӕй уӕд йӕ хъуыддаджы лӕуд дӕр. Адӕм тынг дис фӕкодтой, цы сывӕллӕттӕ хъазыд, уыдоны змӕлд ӕмӕ зӕрдӕйы уагыл дæр.

Адӕмон артисткӕ Гугкаты Евелинӕ (Фӕрдыг) спектаклы райдианы йӕ мӕлӕт кӕй ссардта, уый сценӕмӕкӕсджытӕн бамбарын кодта, дарддӕр уӕззау ӕбуалгъы хабӕрттыл дзырд кӕй цӕудзӕн.

Спектаклы темӕ актуалон у уымæй дæр ма, æмæ авторы къухы кæй бафтыд равдисын, цы уавӕрмӕ ӕрхауд Цхинвал, цы баисты Хуссар Иры кӕмттӕ, цытӕ бавзӕрстой рӕстзæрдæ адӕм, цавæр уыд фӕллойгӕнӕг дзыллӕйы ахаст революцимӕ æмæ тугцъир меньшевикон гуырдзыйы ӕлгъаг митӕм. Театралон критикӕ йӕ хъуыдытæ рæстмæ нæма загъта, фæлæ зæрдæ дарæн ис ууыл, æмæ цӕстуарзон, авторæн, режиссерæн æмæ актертæн ахъаз чи уа, ахæм фиппаинæгтæ кæй скæндзæн.

Бӕрӕг аххоссӕгтӕм гӕсгӕ, геноциды аз æмбæлгæ стыр, дæрддыл айхъуысгæ мадзæлттæ арæзт не ‘рцыд. Цы сарæзтæуыд, уыдонæй аппаринаг ницы у, фӕлӕ се ‘хсӕн трагеди «Фӕстаг ӕвдисӕн» ӕмӕ уацау «Сау тымыгъ»-æн сæрмагонд бынат ис. Ацы уацмыстæ нæ акæсын кодтой Иры тугхъулон быдыртӕм ахæм хуызы, ӕмӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты нӕрӕмон Къостайы ныхӕстӕ: «Цы уыдзӕн нӕ фидӕн, нӕ фӕстаг». Гъемæ райдзаст уæд, нӕ адӕмы иудзинад, кӕрӕдзи уарзын ӕмӕ ӕмбарын фидæрæй-фидардæр кæнæнт, Ирон театры аивады тых та макуы бамынæг уæд!