ХЪАЙТАРТЫ ФÆЛГОНЦТÆ НЫВÆНДÆГ
Тауаситы Сослæнбеджы райгуырды 130 азы бонмæ
Курдиат æмæ фæллойы рухсæй æххæстæй хайджын уыд ЦИ АССР-йы æмæ Башкирийы АССР-йы адæмон нывгæнæг, ССР Цæдисы Паддзахадон премийы лауреат, Хæстон Сырх Тырысайы ордены æмæ Фæллойадон Сырх Тырысайы дыууæ ордены кавалер, Аивæдты академийы Сызгъæрин майданæй хорзæхджынгонд Тауаситы Дафайы фырт Сослæнбеджы фæндаг аивады бæрзæндтæм.
Чи зоны, куыд рауадаид Дыгургомы Фæснæлы хъæуы райгуырæг лæппуйы хъысмæт, хохæгты ‘хсæн курдиатджын фæсивæд агурыны паддзахадон политикæ куынæ парахатгонд цыдаид, уæд. Суинаг нывгæнджыты къордмæ кæй бахауд, уымæй сбæрæг йæ цардвæндаг – ахуырмæ æрвыст æрцыд Бетъырбухы Аивæдты академимæ.
Цалынмæ ахуыр кодта, уæдмæ йæ зондамонджыты хæслæвæрдмæ гæсгæ æмбырд кодта хохаг нывæфтыдтæ æмæ аивадон цыртдзæвæнтæ, æвзæрста хохæгты цардыуаджы миниуджытæ.
Студент ма уыд, афтæмæй райдыдта равдыстыты архайын. «Советон Цæдисы адæмты цардыуаг», зæгъгæ, уыцы равдысты тыххæй 1926 азы газет «Красная звезда» фыста: «Цалдæр сæдæ экспонатæй сæрмагонд ныхасы аккаг сты Рыловы пейзажтæ, Тауасийы-фырты æмæ Манизеры скульптурæтæ».
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ скульптор бацархайдта къорд æппæтцæдисон равдысты, фашисттимæ тохы рæстæг та йе ‘ргом фылдæр аздæхта ивгъуыд дугты хъайтартæм. Кусынмæ æрвыст æрцыд Уфамæ, æмæ бавнæлдта нæрæмон башкираг хъайтар Салават Юлаевы фæлгонц нывæндынмæ. Горæты Аивадон музейы йæ эскиз æвдыст æрцыд 1942 азы майы Башкирийы нывгæнджыты куыстыты равдыст «За Родину»-йы фæлгæты. 25 азæй йыл фылдæр фæкуыста Тауасийы-фырт, æмæ 1967 азы цыртдзæвæн сфидыдта Уфайы.
Йæ райгуырæн Ирыстонимæ йын кæддæриддæр бастдзинæдтæ кæй уыд, уымæн æвдисæн у, УСФСР-йы фидæны адæмон нывгæнæг Дзанæгаты Чермены курдиат кæй раиртæста æмæ йæ Мæскуымæ йæхицæн æххуысгæнæгæй кæй фæхуыдта, уыцы хъуыддаг дæр. Æрыгон скульптор бригадиры хуызы дзуапп лæвæрдта Салават Юлаевы бæхы фæлгонц аразыныл.
1952 – 1953 азты скульптор Тауаситы Сослæнбег архитектор Исмагил Гайнутдиновимæ иумæ скодтой Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы бронзæ бюст Дзæуджыхъæуы.
Уыцы хъуыддагæй дзæвгар раздæр, суанг 1939 азы, хаст æрцыд номдзыд ирон фыссæг Хетæгкаты Къостайæн Дзæуджыхъæуы цыртдзæвæн сæвæрыны уынаффæ. Хæсты фæстæ йæ æххæст кæнын райдыдтой, æмæ 1955 азы Ирон театры раз фæзы æвæрд æрцыд Тауаситы Сослæнбеджы куыст.
Алы азты зындгонд скульпторы куыстытæ æвдыстæуыд Мæскуыйы, Ленинграды, Ашхабады, Ташкенты, бирæ æндæр горæтты, ныридæгæн та сты раздæры Советон Цæдисы республикæты бирæ музейты.
«Стыр æмæ рухс курдиат» хоны йæ мысинæгты æнæхъæн дунейыл дæр зындгонд æмзæххоны Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг Дзбойты Михал: «Тауаситы Салават æмæ Юлаев Сослæнбег» куы зæгъон, уæд ницæмæй фæрæдидзынæн. Скульптор æмæ йæ уацмыс кæрæдзийæ атонын куы нал фæкомынц, уæд уый сфæлдыстадон амонд у. Салават Юлаевы фæлгонцы равдыстæуыд башкираг адæмы уд æмæ зæрдæ. Уый тыххæй нымайынц башкирæгтæ Тауасийы-фырты сæхионыл, хонынц æй «Башкирийы фырт». Цы кад ын кæнынц, цы бæрзонд æй æвæрынц, ууыл дзурæг у, Сослæнбеджы Салават республикæйы гербыл нывгонд кæй у, уый.
Скульптурон уацмыс арæзт у классикæйы æппæт домæнтæм гæсгæ. Уæлдæр аивадон ахуыргæнæндæтты скульпторы дæсныйады сусæгдзинæдтæ ацы куыстмæ гæсгæ кæй амонынц, уый хуымæтæджы нæу».
Лæгæй-лæгмæ фембæлды тыххæй та мысы: «Уый уыдис Мæскуыйы 1971 азы зымæджы. Соскъиты Владимиримæ уæд ахуыр кодтам Суриковы номыл Аивадон институты. Тауаситы Сослæнбегæн Салават Юлаевы цыртдзæвæны тыххæй Советон Цæдисы Паддзахадон преми саккаг кодтой, уый куы базыдтам, уæд нæ бафæндыд скульпторæн арфæ ракæнын. Бадзырдтам æм телефонæй æмæ баныхас кодтам, æрмадзмæ йæм кæй бацæудзыстæм.
«Къамисы уæнгтæй чидæртæ æнхъæл уыдысты, Юлаевыл кусгæйæ мæ сæ критикон-æфхæрæн ныхæстæй хъыгдаргæ кæнынц, зæгъгæ, фæлæ мын уымæй æххуыс фесты. Аивадон советы сæрдар та мын комкоммæ загъта, демæ, дам мæ авторæй куынæ ныффыссай, уæд дæ Салават æвæрд никæд æрцæудзæн. Мæхинымæр ахъуыды кодтон, уый фендзыстæм, зæгъгæ», – радзырдта нын йæ уацмысы тыххæй.
Ныхас рацыд Къостайы цыртдзæвæныл дæр. Æвæццæгæн, йæ хъустыл æрцыдысты, Къоста поэты нæ, фæлæ æфсæддон разамонæджы хуызæн у, зæгъгæ, уыцы ныхæстæ. «Мæ нывмæ гæсгæ архитектор скодта ахæм композици: Къоста лæууы Ныхасы астæу æмæ дзуры адæммæ, йæ фæдонтæм. Къоста канд поэт нæу, фæлæ у тохгæнæг, адæмы уды цардæгас фæлгонц. Уымæ гæсгæ йæ бæллицтæ нывæндæг поэтæй æвдисын нæ хъæуы», – загъта нæ фысым.
Æз бадтæн æмæ ныв кодтон нæ номдзыд æмзæххоны. Фæстæдæр сарæзтон композици «Скульптор Тауаситы Сослæнбег». Уыд Æппæтуæрæсеон равдысты Мæскуыйы, уым æй чидæр балхæдта, æмæ, кæм ис, уый бæрæг нæу».
Ахуыры рæстæг Дзбойы-фырты курсæн лекци кæсынмæ бацыд аивадиртасæг профессор Юрий Колпинский. Йемæ бахаста францаг журнал. Иу уацæй ахуыргонд ратæлмац кодта ахæм скъуыддзаг: «Памятник Петру I работы Фальконе в Санкт-Петербурге говорит о расцвете Европы, памятник же Салавату Юлаеву в Башкирии работы Тавасиева говорит о расцвете Азии». Уыцы ныхæстæ фыста францаг аивадиртасæг!
Тауаситы Сослæнбег йæ цардæй ахицæн 1974 азы, фæлæ йын аивады йæ тырысахæсджытæ фесты йæ чызг Галинæ æмæ йæ фырт Ростан – систы нывгæнджытæ. Уыцы фæндагыл ацыд Ростаны фырт Ростан дæр.