Подкаст №3. Журнал «Мах дуг»-ы уазӕг у фыссӕг, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат ЦОМАРТАТЫ Изӕтбег
Сымах бакастыстут Изӕтбеджы роман «Зынгхуыст бӕллицтӕ»- йы 3-аг хай нӕ журналы. Ныммыхуыр ӕй кодтам 8 номыры. Журналкӕсджытӕй йӕм иутӕ тынг ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, иннӕтӕ та тынг цымыдисӕй… Чи мӕсты кодта, чи та цин… ӕмӕ уым ӕппындӕр диссагӕй ницы ис. Уацмыс цал адӕймаджы бакӕсы, хъуыдытӕ дӕр уал вӕййынц.
Ныр байхъусӕм авторӕн йæхимæ дæр.