Подкасты
Алы ирон адӕймаджы дӕр фӕфӕнды Къостайы рухс номӕн исты лӕггӕдты бацӕуын, бабуц ӕй кӕнын, ирдӕй йын равдисын йе ‘сфӕлдыстад, ӕнкъарӕнджынӕй йын рахӕссын йӕ сагъӕстӕ. Журнал «Мах дуг»-ы кусджытӕ дӕр сфӕнд кодтой ӕмзиууонӕй Къостайы ӕмдзӕвгӕ «Тӕхуды» бакӕсын! Бафӕлвар ды дӕр!
Сымах бакастыстут Изӕтбеджы роман «Зынгхуыст бӕллицтӕ»- йы 3-аг хай нӕ журналы. Ныммыхуыр ӕй кодтам 8 номыры. Журналкӕсджытӕй йӕм иутӕ тынг ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, иннӕтӕ та тынг цымыдисӕй… Чи мӕсты кодта, чи та цин… ӕмӕ уым ӕппындӕр диссагӕй ницы ис. Уацмыс цал адӕймаджы бакӕсы, хъуыдытӕ дӕр уал вӕййынц. Ныр байхъусӕм авторӕн йæхимæ дæр.

Редакцийы уазæг РЦИ-Аланийы Театралон архайджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Пагæты Фæтимæ. Амонæг Тъехты Тамерланимæ æрныхас кодтой, æрæджы цы ног чиныг рацыд, «Ирон драматургийы антологи», ууыл.
Журнал «Мах дуг-ы уазæг ног сфæлдыстадон фæлтæрыминæвар ГОДЖЫЦАТЫ ГЕОРГИ.