Къостайы рухс номыл

Алы ирон адӕймаджы дӕр фӕфӕнды Къостайы рухс номӕн исты лӕггӕдты бацӕуын, бабуц ӕй кӕнын, ирдӕй йын равдисын йе ‘сфӕлдыстад, ӕнкъарӕнджынӕй йын рахӕссын йӕ сагъӕстӕ. Журнал «Мах дуг»-ы кусджытӕ дӕр сфӕнд кодтой ӕмзиууонӕй Къостайы ӕмдзӕвгӕ «Тӕхуды» бакӕсын! Бафӕлвар ды дӕр!