Публикации

30/05/2024
Литературон журнал «Мах дуг»-ы премийы лауреаттæ

ПРОЗÆ 1-аг кары къорд – хистæртæ:   1-аг бынат – ГУСАЛТЫ Барис, Уæрæсейаг фысджыты цæдисы уæнг, зындгонд прозаик, тæлмацгæнæг. Уацмыс «Гренадæ»-йы тæххæй. 2-аг бынат – ДЖУССОЙТЫ Нинæ, журналсит, прозаик, тæлмацгæнæг, Хуссар Ирыстоны республикон газет «Хурзæрин»-ы уацхæссæг.  Уацмыс «Æрæджиауы фæсмон»-ы тыххæй 3-аг бынат – БИТАРТЫ Маринæ, республикон газет «Северная Осетия»-йы газеты сæйраг редактор. Йæ уацмыс «Фæлдурæджджын хъысмæт»-ы […]

28/05/2024
Фæтк æмæ æгъдау æвæрæг журнал

Иу райдзаст бон дын лæмбынæг кæсын, мæ мадыфыд йæ хæдтулгæимæ куыд арæхст- джынæй архайы, уымæ. Уалынмæ уынгæй райхъуыст нæ постхæссæджы ныхас: «Уырысхан, рафыстон дын журналтæ «Мах дуг», «Дарьял», дæ хæрæфырттæн – «Ногдзау», газеттæй – «Рæстдзинад» æмæ «Социалисти- ческая Осетия». Исты ма сæм бафтауын хъæуы, мыййаг?» Гъе афтæ фыццаг хатт фехъуыстон нæ абоны юбиляр – литературон […]

28/05/2024
Сфæлдыстадон фæндагтыл цырагъдар

«Мах дуг» у ирон дзырдаивадмæ дуар, ирон- дзинад бауарзыны сæйраг фæрæзтæй иу. Литературæ чи уарзы æмæ йын аккаг аргъ чи кæны, уый дзы кæддæриддæр ссардзæн цымыдисаг æрмæджытæ. Кæддæр, æмдзæвгæтæ фыссын куы райдыдтон, уæд мæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд, искуы сæ нæ уарзон журналы фæрстыл фендзынæн, уый. Хъысмæт мын ахæм фадат кæй балæвар кодта, уый […]

28/05/2024
Ирон адæмæн хæссы культурæйы рухс

«Мах дуг» йæ фыццаг бонæй абоны онг лæггад кæны ирон поэзи, ирон литературæйæн, иу ныхасæй та – ирон адæмæн. Абоны бон æй абарæн ис газет «Рæстдзинад», Ирон театр æмæ ансамбль «Алан»-имæ, уымæн æмæ уыдонау хæссы ирон адæмæн культурæйы рухс. «Мах дуг»-ы руаджы бирæ зындгонд фысджытæ «райгуырдысты», уымæн æмæ, сæ уацмыстæ журналы мыхуыргод кæй цыдысты, уый […]

28/05/2024
Литературон ахсджиаг хæзна

«Мах дуг» у ирон адæмæн сæ литературон ахсджиаг хæзна. Уый парахат кæны куыд классикты, афтæ, литературæйы гуыргъахъхъ фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдоны сфæлдыстад дæр. Мæнæн журналимæ ахастдзинæдтæ фæзынд 1974 азы. Мæ ахуыргæнæг Дзудтæгаты Эльмæ мæ сисфæлварæнты тыххæй базыдта æмæ дын мæ иу уалдзыгон бон арвыста Ходы Камалмæ. Скъоладзау чызг, куыддæртæй ссардтон журналы редакци. Тыргъыл […]

28/05/2024
Ирон æвзаджы арц æмæ уарт

Кæуылты ахадгæ рухстауæн куыст бакодта «Мах дуг» 90 азы дæргъы, цас хæрзты бацыд Ирыстонæн, ирон удæн! Журнал у ирон дзырды ныфс, ирон æфсарм, æгъдау, дзырдаивады арц æмæ уарт, нæ ирондзинады астæумагъз! Йемæ мæ фыццаг фембæлд тынг хорз хъуыды кæнын. Райдайын кълæсты ма ахуыр кодтон, афтæ-иу арæх кастæн мæ ныййарджытæн, нæ сыхы хистæртæн хъæрæй, мыхуыры цы […]

28/05/2024
Мæ ныфсыл ныфсæфтауæг

Адæймаджы цардвæндаг диссаг куыд нæу, фæлæ газет кæнæ журналы цард та ноджы цымыдисагдæр рауайы. Скъолайы райдайæн кълæсты райдыдтон «Рæстдзинад» кæсын. «Мах дуг» та мæ къухтæм фыццаг хатт хистæркъласон уæвгæйæ райстон. Уæдмæ мæ сисфæлварæнтæ мыхуыргонд цыдысты къласы æмæ скъолайы къулы газетты. Куыдфæстагмæ сдæн газет «Рæстдзинад»-ы æхсæнадон уацхæссæг, профессионалон фысджыты журналмæ æрмæг дæттынмæ та мæ ныфс нæ […]

28/05/2024
Рæдауæй ныл удварны хæзнатæ тауы

РЦИ-Аланийы Национ наукон чиныгдоны милуан æмæ æрдæджы бæрц фондæй 30 мин сты бæстæзонæн æвдисæнтæ. Æмæ уыдоны ‘хсæн сæрмагонд бынат ахсы журнал «Мах дуг». Ацы бæстæзонæн рауагъд адæм иннæтæй арæхдæр агурынц. Кæй Къостайы æмдзæвгæтæ зæрдæскъæфт кæнынц, кæй Брытъиаты Созырыхъойы аргъæуттæ, кæй та – Коцойты Арсены радзырдтæ æмæ Гæдиаты Секъайы таурæгътæ кæнæ Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæтæ. Гъемæ сын […]

28/05/2024
Бæтты абоны ивгъуыдимæ

Мæнæн мæ цард баст у ахуырадимæ, ног фæлтæрты хъомыладимæ. Ахуырад æмæ хъомылад та æнцой кæнынц адæмы зондахастыл, фыдæлты æгъдæуттыл, фыдæлты дзыхæйдзургæ сфæлдыстадыл. «Мах дуг» у ирон аив ныхасы артдзæст, фыдæлты бæркадджын къæбицæй абоны цардмæ хæзнатæ хæссæг. Æнгом бæтты абоны дуг ивгъуыдимæ, у фидæнмæ хид, «Æрфæны фæд», ирон дзырды хъæздыгдзинæдтæ тауы не ‘мдугонтыл. Уыцы хъæздыгдзинæдтæ сты […]

28/05/2024
Фæсивæды йæ алыварс æнгомгæнæг журнал

Журнал «Мах дуг»-æн ирон адæмы царды йæхи сæрмагонд бынат ис, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд, æвæццæгæн, рæдыд ныхас нæ уыдзæн. «Мах дуг»-æн йæ хистæр æфсымæр «Фидиуæг», Хуссар Ирыстоны журнал, уыд хорз фæндагамонæг æмæ хæлар зондамонæг. Ныр «Мах дуг» йæхæдæг дæр йæ кары бацыд, æмæ «Фиди- уæг»-имæ иумæ хистæрты ном кадимæ хæссынц Ирыстоны æрыгондæр журналты æмæ журналкæсджыты […]

28/05/2024
Йæ историон ахадындзинадæн арæнтæй

«Мах дуг»-ы историон ахадындзинад искæд æнæмæнг бæстон иртæст æрцæудзæн. Æмæ уæд иртасджытæ зæгъдзысты, йæ бавæрæн æрмæст национ литературæйы рæзтæй кæй нæ ахицæн, – аргъ кæнын ын æмбæлы æмткæй нæ культурæйы фæлгæты. Хатыр курын, журналыл дзургæйæ, мæхи кой кæй кæнын, уый тыххæй, фæлæ национ джиппы рауагъд хуымæтæг ирон адæймаджы цардыл ахадыны дæнцæг у. Фыццагдæр æрымысон, цæрæнбонтæм […]

28/05/2024
Ирон дзырды куырдалæгон – «Мах дуг»

Дзырд у царды æнусон бындур, йæ аразæг æмæ пырхгæнæг. Дзырды руаджы райгуырынц уарзондзинады æлутон æнкъарæнтæ, сомбоны фæрныг хъуыдытæ, абоны цин æмæ масты уылæнтæ, фыдæхдзинадыл тæрхон. Дзырды æнæ фæцудгæ тыхыл бирæ ныхас ис, суанг ма Библийы дæр: «Фыццаг уыд Дзырд. Дзырд уыд Хуыцаумæ, Дзырд у Хуыцау!» Уæдæ ирон дзырды зæрдæйы рæбын дæр æмбæхст сты æппæт Алантæ-Ирæтты […]

28/05/2024
Ирон уд æмæ фарны «Цæрæнуат»

Йæ рæстæджы хæрз æрыгонæй сисфæлварæн кодтон, æмæ ме ‘мдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ мыхуыргонд цыдысты Хуссар Ирыстоны литературон журнал «Фидиуæг»-ы. Фидæныл хъуыдытимæ ма мын публицистон уацты æмбырдгонд дæр рацыд, æмæ ууыл мæ «литературон басгæрстытæ» ахицæн сты – уыцы уæззау æмæ бæрнон куыстæн мын рæстæг нал фæцис. Фæлæ «Мах дуг» уарзын, æдзух æй кæсын, æмæ, йæ редколлегийы уæнг […]

28/05/2024
«Мах дуг» – нæ улæфт, нæ туг

Никуы райхъуыст æргомæй йæ ном, журналыл йæ тæккæ ноггуырдæй ацы ном мыггагмæ чи аныхæста, уымæн. Чиныгкæсджыты, чингуытæ фысджыты алы фæлтæр дæр æй цæмæй йæхи дуг-заман хона, йæ уацмыс дзы-иу фыццаг хатт кæмæн федта дунейы рухс, уымæн та-иу куыд басгуыха йе сфæлдыстадæн дзаг риуæй улæфт æмæ йæ зæрдæйы цыренгонд туг. Ахæм амонды хур дзы мæнæ мæхиуыл […]

28/05/2024
Нæхи «Мах дуг»

Йæ бонæй уа, абон зæрдиагæй кæуыл цин кæнæм, бирæ хъарм арфæтæ чи исы! Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Журнал кад æмæ радимæ 90 азы дæргъы ирон адæмы культурæйы сæрхъуызойы бынаты хъæддыхæй лæууы. Мингай кæсджытæ йæ нымайынц национ литературæйы фидар цæджындзыл. Кæд йæ кары бацыд, уæддæр æрыгонæй-æрыгондæр кæны. Йæ рухсдæттæг фæрстыл цы рæсугъд хъуыдытæ фыст цæуынц, уыдон […]

28/05/2024
Успехов и процветания!

Творческие связи между чеченской и осетинской литературами имеют давние традиции. Еще в 1980-е годы на страницах журнала «Орга» были опубликованы произведения писателей Северной Осетии. В начале нулевых благодаря редактору отдела прозы журнала «Мах дуг» Борису Гусалову и главному редактору журнала «Орга» Мусе Ахмадову был налажен культурный мост между редакциями журналов на национальных языках двух республик. […]

28/05/2024
«Мах дуг» и наша эпоха

«Мах дуг» – это не только зеркальное отображение современной осетинской литературы, но и ориентир, а также и эталон хорошего вкуса. Это происходит только благодаря слаженной работе редакторов журнала во главе с талантливой и обаятельной Оксаной Хетагуровой, которую озаряет свет и согревает тепло великого сына осетинского народа Коста. «И красота ветвей начинается с корней», – гласит […]

28/05/2024
Колыбель осетинской литературы

К 90-летию журнала «Мах дуг» Каждый литературный журнал – это социо- культурный феномен, хранитель литературных традиций и высоких эстетических стандартов, а журнал на национальном языке в нашу эпоху глобализационных рисков и утраты родных языков – это и национальное достояние. В нем – история мысли и духа народа, в нем соборность народа, в нем сходятся прошлое, […]

28/05/2024
Хуры скастау – йæ алы рацыд дæр

Зæххы цъарыл нывгонд дамгъæ куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ дуне афтæ фæивта, æмæ йæ нал ис йæ фыццаг хуызæй базонæн. Ныры техникæ афтæ сырæзт, æмæ адæм хæйрæджы цæстытæ дæр аразынц. Фæлæ æнæнымæц компьютертæ куы æрымысæм, уæддæр мыхуыр дзырдæн баивæн ницæмæй ис. Уый йæ кад ницы диссæгты цур сафы. Раст фондзыссæдз азы размæ хæстæг нæ куырыхон, нæ […]

28/05/2024
«МАХ ДУГ» –ы айдæн!

«Бæзджын» литературон журналты тыххæй рæстæгæй-рæстæгмæ «ссудзынц» быцæу ныхæстæ. Уыдонæн вæййы алыхуызон аххосæгтæ, фæлæ алы хатт дæр сæ тыхст вæййы мыхуыры фæрæзы куыст фæхуыздæр кæныныл. «Бæзджын» журналтæн рæстæгимæ дæр ис быцæу ахастытæ. Цæимæ баст у ахæм уавæр, уымæн дзуапп ссарын æнцон хъуыддаг нæу. Мæ абоны ныхасы сæр у нæ республикæйы рагондæр литературон журнал «Мах дуг». Кадджын […]

28/05/2024
 Фарнхæссæг

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» арфæ кæны литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуг»-ы кусджытæ æмæ йæ сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæйæн, бирæ азты дæргъы ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн æмæ парахат кæнынæн æвæджиауы рухстауæн куыст кæй кæнынц, аивадон дзырдмæ фæсивæды кæй æмхиц кæнынц, ирон адæмы истори æмæ традицион культурæ ахуыр кæнынæн сфæлдыстадон архайд кæй аразынц, уый тыххæй. […]

24/05/2024
Сомбоныл ивгъуыды хæзнатæ тауæг журнал

Нæ зынаргъ хæлæрттæ! 90 азы сæххæст литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуг»-ыл. Æнус чысыл хъуаг фæцыд Ирыстоны национ культурæйы хæзна арфæйаг фæндæгтыл. Нæ интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ йын бындур куы æвæрдтой, уæд сæ фæндыд, цæмæй дзыллæйы хона рухсмæ, фысджытæ, ахуыргæндтæ, æхсæнадон архайджытæ йæ фæрстыл дзурой, цы сæ тыхсын кæны, цæуыл бацин кæнынц, æппæт уыдæттыл. Ирон æвзагыл […]

16/05/2024
Лицом к молодым писателям

В мае текущего года выходит в свет юбилейный номер осетинского литературного и общественно-политического журнала «Мах дуг» («Наша эпоха») Ровно 90 лет назад, в 1934 г., во Владикавказе (тогда ещё – Орджоникидзе) появился первый номер одного из старейших печатных органов на осетинском языке. Главным редактором журнала стал известный осетинский писатель и публицист Сармат Косирати (1900–1937), который […]

16/05/2024
Генетический код этноса

Журнал «Мах дуг» как средство общения с потомками Каждый этнос мечтает о том, чтобы сохранить в веках свой язык и культуру. Другое дело, что социальные и политические условия не всегда способствует этому. Однако парадокс существования малых народов заключается в том, что чем сильнее негативное влияние социальных факторов, тем сильнее их стремление к самоутверждению. В тяжёлые […]